Иоанн 17
17
Йесо кувы
1Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо скаст уӕларвмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, рӕстӕг ӕрхӕццӕ. Скадджын кӕн Дӕ Фырты, цӕмӕй Дӕ скадджын кӕна Дӕ Фырт дӕр.#Ин 12:23. 2Уымӕн ӕмӕ Йын Ды алы адӕймаджы дӕр бакодтай Йӕ бар, цӕмӕй дзы алкӕмӕн дӕр мыггагмӕйы цард ратта.
3Мыггагмӕйы цард та уый у, цӕмӕй Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де ’рвыст Йесо Чырыстийы зоной.#Ин 6:29; 1 Ин 3:23. 4Ды Мын Мӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодтай, уый Ӕз сӕххӕст кодтон ӕмӕ Дӕ Уымӕй скадджын кодтон зӕххыл. 5Ӕмӕ Мӕ ныр, Мӕ Фыд, Ды дӕр скадджын кӕн Дӕ разы, дуне сфӕлдисыны агъоммӕ Демӕ куы уыдтӕн, уӕд Мын цы кад уыдис, уымӕй.#Ӕрг 5:12.
Йесойы куывд, Йӕ Фыд Ын кӕй радта, уыдоны тыххӕй
6Ды Мын дунейӕ цы адӕмы радтай, уыдонӕн Ӕз раргом кодтон Дӕ ном. Уыдон Дӕу уыдысты, Ды сӕ радтай Мӕнӕн, ӕмӕ уыдон сӕххӕст кодтой Дӕ ныхас.#Ин 18:9. 7Ӕмӕ ныр бамбӕрстой, Ды Мын цыдӕриддӕр радтай, уый Дӕуӕй лӕвӕрд кӕй у. 8Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз фехъусын кодтон, Ды кӕй загътай, уыцы ныхӕстӕ, ӕмӕ ӕцӕгдӕр бамбӕрстой, Ӕз Дӕуӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ сӕ бауырныдта, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, уый.#Ин 16:27. 9Ӕз дунейы тыххӕй нӕ, фӕлӕ, Ды Мын кӕй радтай, уыдоны тыххӕй кувын, уымӕн ӕмӕ Дӕу сты. 10Мӕнмӕ цыдӕриддӕр ис, уый Дӕу у, Дӕумӕ цыдӕриддӕр ис, уый та Мӕн у. Ӕмӕ Ӕз уыдоны мидӕг равдыстон Мӕ кад.#Ин 16:15.
11Ӕз ныр дунейы нал дӕн, фӕлӕ уыдон дунейы сты, Ӕз та Дӕумӕ цӕуын. Мӕ Сыгъдӕг Фыд! Бахъахъхъӕн сӕ, Ды Мын кӕй радтай, Дӕ уыцы номы хъаруйӕ, Мах иу куыд стӕм, афтӕ уыдон дӕр иу куыд уой.#Ин 10:30; Эф 4:3. 12Ӕз цалынмӕ семӕ уыдтӕн, уӕдмӕ сӕ хъахъхъӕдтон, Ды Мын кӕй радтай, Дӕ уыцы номы хъаруйӕ. Ӕз сӕ бахъахъхъӕдтон, ӕмӕ дзы ничи фесӕфти, мӕлӕтӕн гуырды йеддӕмӕ, цӕмӕй сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый.#Ин 18:9. 13Ныр та Ӕз цӕуын Дӕумӕ ӕмӕ, цалынмӕ дунейы дӕн, уӕдмӕ йӕ уый тыххӕй зӕгъын, цӕмӕй Мӕ цинӕй хайджын уой ӕмӕ сӕ циндзинад уа ӕххӕст. 14Ӕз сын ӕрхастон Дӕ ныхас, ӕмӕ сӕ дуне йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ, Ӕз ацы дунейӕ куыд нӕ дӕн, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты.#Ин 8:23.
15Ды сӕ дунейӕ акӕнай, Ӕз Дӕ уый нӕ курын, фӕлӕ Дӕ курын, цӕмӕй сӕ хӕйрӕгӕй бахизай. 16Ӕз дунейӕ куыд нӕ дӕн, афтӕ уыдон дӕр дунейӕ не сты. 17Срухс сӕ кӕн Дӕ ӕцӕгадӕй — Дӕ ныхас у ӕцӕгад.#Ин 14:6. 18Ды Мӕн дунемӕ куыд рарвыстай, афтӕ сӕ Ӕз дӕр арвыстон дунемӕ. 19Ӕмӕ уыдоны сӕраппонд Ӕз Мӕхи нывонд кӕнын Дӕуӕн, цӕмӕй уыдон дӕр ӕцӕгады фӕрцы Дӕу бауой.#Дзут 9:14.
Йесойы куывд, Йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕрцы Йыл чи баууӕнда, уыдоны тыххӕй
20Ӕрмӕст уыдоны тыххӕй нӕ кувын, фӕлӕ ма, сӕ ныхасы фӕрцы Мӕныл чи баууӕнда, уыдоны тыххӕй дӕр. 21Уадз ӕмӕ се ’ппӕт дӕр уой иу. Ды, Мӕ Фыд, Мемӕ иу куыд дӕ, Ӕз та Демӕ иу куыд дӕн, афтӕ уыдон дӕр иу уӕнт Немӕ, ӕмӕ дуне баууӕнда, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, ууыл.#Ин 17:11. 22Ды Мын цы кад радтай, Ӕз уымӕй бахай кодтон уыдонӕн, цӕмӕй, Мах иу куыд стӕм, афтӕ уыдон дӕр иу уой.
23Ӕз уыдонимӕ иу дӕн, Ды та Мемӕ иу дӕ. Уадз ӕмӕ уыдон дӕр уой иу, цӕмӕй дуне базона, Ды Мӕ кӕй рарвыстай ӕмӕ, Мӕн куыд уарзыс, уыдоны дӕр афтӕ кӕй бауарзтай, уый.
24Мӕ Фыд, Мӕн фӕнды, цӕмӕй, Ды Мын кӕй радтай, уыдон Мемӕ уой, Ӕз кӕм дӕн, уым ӕмӕ уыной, Ды Мын кӕй радтай, уыцы кад, уымӕн ӕмӕ дуне сфӕлдисыны размӕ Ды Мӕн бауарзтай.#Ин 12:26. 25Мӕ раст Фыд! Дуне Дӕ нӕ базыдта, Ӕз та Дӕ зонын, ӕмӕ уыдон дӕр базыдтой, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, уый. 26Ӕз сын раргом кодтон Дӕ ном ӕмӕ сын ӕй дарддӕр дӕр ӕргом кӕндзынӕн, цӕмӕй Мӕ Ды цы уарзтӕй бауарзтай, уыдон дӕр уарзой ахӕм уарзтӕй, ӕмӕ Ӕз уон семӕ».#Ин 15:15.
Selectat acum:
Иоанн 17: ИрББЛ2022
Evidențiere
Partajează
Copiază
Dorești să ai evidențierile salvate pe toate dispozitivele? Înscrie-te sau conectează-te
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022