YouVersion
Pictograma căutare

Иоанн 18

18
Йесойы ӕрцахстой
1Йесо куы скуывта, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ араст сты Кедроны тӕрфы иннӕ фарсмӕ, ӕмӕ уым дыргъдонмӕ бацыдысты.#Мт 26:36. 2Ацы бынат зыдта Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ дӕр — Йесо ӕмӕ-иу Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уым арӕх ӕрӕмбырд сты. 3Иудӕ йемӕ ракодта ӕфсӕддонты, стӕй, алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ кӕй рарвыстой, кувӕндоны уыцы лӕггадгӕнджыты, ӕмӕ уыдон ӕрбацыдысты уырдӕм хӕцӕнгӕрзтӕ, цырӕгътӕ ӕмӕ рухсгӕнӕнтимӕ.#Мт 26:47; Мк 14:43; Лк 22:47; Хъуыд 1:16.
4Цыдӕриддӕр Ыл ӕрцӕудзӕн, уый зонгӕйӕ, Йесо сӕ размӕ рацыд ӕмӕ бафарста: «Кӕй агурут?» 5Уыдон Ын дзуапп радтой: «Назаретаг Йесойы». Йесо сын загъта: «Уый Ӕз дӕн». Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ дӕр семӕ уыд.
6Йесо сын афтӕ куы загъта: «Уый Ӕз дӕн», уӕд фӕстӕдӕр алӕууыдысты ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты. 7Уый та сӕ ногӕй бафарста: «Кӕй агурут?» Дзуапп та Йын радтой: «Назаретаг Йесойы». 8Йесо сын загъта: «Ӕмӕ уын ныридӕгӕн куы загътон, уый Ӕз дӕн, зӕгъгӕ. Уӕдӕ, кӕд Мӕн агурут, уӕд адоны ауадзут ӕмӕ ацӕуой».
9Йесо сын афтӕ уый тыххӕй загъта, цӕмӕй сӕххӕст уа Йӕ ныхас: «Ды Мын кӕй радтай, уыдонӕй Ӕз никӕй фесӕфтон».#Ин 17:6,12.
10Симон Петрмӕ уыди кард, фелвӕста йӕ, алчеры цагъары дзы ныццавта ӕмӕ йын йӕ рахиз хъус ахауын кодта. Уыцы цагъарӕн йӕ ном уыди Малх.#Мт 26:51. 11Фӕлӕ Йесо загъта Петрӕн: «Нывӕр дӕ кард кӕрддзӕмы. Ау, Мӕ Фыд Мын цы хъизӕмӕртты кӕхц ӕрцӕттӕ кодта, уый хъуамӕ ма бануазон?»
Йесойы акодтой алчермӕ
12Уӕд ӕфсӕддонтӕ сӕ хицауимӕ ӕмӕ иудейӕгтӕй ӕрвыст хъахъхъӕнджытӕ Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ Йӕ сбастой. 13Фыццаг уал Ӕй акодтой Аннамӕ — Каиафӕйы каисмӕ. Каиафӕ та уыцы аз уыдис алчер.#Мт 26:57; Мк 14:53; Лк 22:54. 14Уый уыди, иудейӕгтӕн афтӕ чи бауынаффӕ кодта, адӕмы сӕрвӕлтау иу адӕймаг куы амӕла, уӕд хуыздӕр у, зӕгъгӕ, уыцы Каиафӕ.#Ин 11:50.
Петр йӕхи атигъ кодта Йесойыл
15Симон Петр ӕмӕ ма ноджы иу ахуыргӕнинаг ацыдысты Йесойы фӕдыл. Уыцы ахуыргӕнинаг зонгӕ уыд алчеримӕ ӕмӕ Йесоимӕ бацыд алчеры кӕртмӕ. 16Петр та лӕууыди дуары ӕдде. Алчеримӕ зонгӕ чи уыд, уыцы ахуыргӕнинаг рацыд, загъта дуаргӕс сылгоймагӕн ӕмӕ Петры мидӕмӕ бакодта.
17Дуаргӕс сылгоймаг Петры бафарста: «Ды дӕр, мыййаг, уыцы Адӕймаджы ахуыргӕнинӕгтӕй нӕ дӕ?» Петр загъта: «Нӕ дӕн».#Мт 26:69; Мк 14:66; Лк 22:56. 18Уазал кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ цагъартӕ ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ арт скодтой, йӕ алыварс слӕууыдысты ӕмӕ сӕхи тавтой. Петр дӕр лӕууыд семӕ ӕмӕ йӕхи тавта.
Алчеры фӕрстытӕ Йесомӕ
19Ныр алчер та Йесойы фарста Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕ ахуырады тыххӕй. 20Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз ӕргомӕй дзырдтон дунейӕн. Ӕз кӕддӕриддӕр адӕмы ахуыр кодтон синагогӕты ӕмӕ Кувӕндоны, иудейӕгтӕ иууылдӕр кӕм ӕмбырд кӕнынц, уым. Сусӕгӕй та ницы дзырдтон. 21Цӕмӕн мӕ фӕрсыс? Чи Мӕм хъуыста, уыдоны бафӕрс, цы сын дзырдтон, уымӕй. Уыдон ӕй зонынц, Ӕз цы дзырдтон, уый».
22Йесо афтӕ куы загъта, уӕд Ын хъахъхъӕнджытӕй иу — хӕстӕг Ӕм чи лӕууыди, уый — Йӕ цӕсгом ныццавта ӕмӕ загъта: «Алчерӕн ахӕм дзуапп дӕттыс?» 23Йесо йын дзуапп радта: «Кӕд исты фӕрӕдыдтӕн, уӕд ӕй зӕгъ. Кӕд раст загътон, уӕд та Мӕ цӕмӕн цӕвыс?»
24Анна Йесойы бастӕй арвыста алчер Каиафӕмӕ.#Мт 26:57; Мк 14:53; Лк 22:54.
Петр ногӕй йӕхи атигъ кодта Йесойыл
25Ныр Симон Петр та лӕууыд ӕмӕ йӕхи тавта артмӕ. Фарстой йӕ: «Ды дӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй нӕ дӕ?» Уый Йыл йӕхи атигъ кодта ӕмӕ загъта: «Нӕ дӕн». 26Алчеры цагъартӕй иу, — Петр йӕ хъус кӕмӕн ахауын кодта, уымӕн йӕ хӕстӕг, — Петрӕн загъта: «Дыргъдоны Йемӕ дӕу нӕ федтон, ӕви?» 27Петр та Йыл нӕ басасти. Тӕккӕ уыцы уысм уасӕг ныууасыд.
Пилаты тӕрхон
28Йесойы сӕумӕйӕ Каиафӕйӕ акодтой бӕстӕйы хицауы галуанмӕ. Иудейӕгтӕ сӕхӕдӕг мидӕмӕ нӕ бацыдысты, цӕмӕй сӕхи ма фӕчъизи кӕной ӕмӕ сын Куадзӕны фынгӕй хӕрын ӕмбӕла.#Мт 27:2; Мк 15:1; Лк 22:66. 29Пилат сӕм рацыд ӕмӕ загъта: «Цӕмӕй азымджын кӕнут ацы Адӕймаджы?» 30Уыдон ын дзуапп радтой: «Уый фыдгӕнӕг куы нӕ уаид, уӕд дын Ӕй дӕ къухмӕ нӕ раттаиккам». 31Пилат сын загъта: «Акӕнут Ӕй ӕмӕ Йын уӕхи ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уӕхӕдӕг рахӕссут тӕрхон». Иудейӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн нӕй искӕмӕн тӕрхон рахӕссыны бар».
32Уыцы ныхас рауади, цӕмӕй сӕххӕст уа, Йесо фӕсномыгӕй Йӕ мӕлӕты тыххӕй рагацау цы загъта, уый.#Мт 20:19.
33Уӕд Пилат ногӕй бацыди галуанмӕ, фӕсидти Йесомӕ ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ды иудейаг Паддзах дӕ?»#Мт 27:11; Мк 15:2; Лк 23:3. 34Йесо дзуапп радта: «Дӕхи хъуыды зӕгъыс, ӕви дын иннӕтӕ загътой Мӕн тыххӕй?» 35Пилат загъта: «Ӕмӕ ӕз иудейаг дӕн? Дӕу Мӕ къухмӕ Дӕ адӕм ӕмӕ алчертӕ радтой. Уагӕры цы ракодтай?» 36Йесо йын дзуапп радта: «Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд Мӕ фӕсдзӕуинтӕ тох кодтаиккой, цӕмӕй Ӕз иудейӕгты къухмӕ ма бахауон. Фӕлӕ Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу». 37Пилат Ын загъта: «Уӕдӕ Ды Паддзах дӕ?» Йесо дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс, Ӕз Паддзах кӕй дӕн, уый. Ӕз уый тыххӕй райгуырдтӕн ӕмӕ дунемӕ уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дзурон ӕцӕгады тыххӕй. Ӕцӕгадӕй чидӕриддӕр у, уый Мӕм хъусы».#1 Тим 6:13.
Марыны тӕрхон
38Пилат Ӕй бафарста: «Цы у ӕцӕгад?» Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Пилат ногӕй рацыд иудейӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕз Ӕм ницы азым арын. 39Сымахмӕ ис ӕгъдау, цӕмӕй уын Куадзӕны иу ахст адӕймаджы ахӕстонӕй ссӕрибар кӕнон. Фӕнды уӕ, ӕмӕ уын иудейаг Паддзахы рауадзон?»#Мт 27:15; Мк 15:6; Лк 23:17. 40Фӕлӕ уыдон ныхъхъӕр кодтой: «Уый — нӕ! Вараввӕйы рауадз!» Уыцы Вараввӕ та абырӕг уыди.#Хъуыд 3:14.

Evidențiere

Partajează

Copiază

None

Dorești să ai evidențierile salvate pe toate dispozitivele? Înscrie-te sau conectează-te