Иоанн 16
16
1Ӕз уын адӕттӕ уымӕн загътон, цӕмӕй ма фӕтасат. 2Синагогӕтӕй тард ӕрцӕудзыстут. Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, сымах чи мара, уый афтӕ ӕнхъӕл уыдзӕн, цыма уымӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕны. 3Уыдон афтӕ, нӕдӕр Мӕ Фыды, нӕдӕр Мӕн кӕй нӕ базыдтой, уый тыххӕй кӕндзысты.#Ин 15:21. 4Фӕлӕ уын Ӕз адӕттӕ уымӕн дзурын, цӕмӕй, уыцы заман куы ралӕууа, уӕд уӕ зӕрдыл ӕрлӕууа, Ӕз уӕ рагацау кӕй фӕдзӕхстон, уый. Раздӕр уын ӕй нӕ дзырдтон, уымӕн ӕмӕ Мӕхӕдӕг уемӕ уыдтӕн.#Мт 9:15; Ин 14:29.
Ӕцӕгады Уд
5Ныр та цӕуын Мӕ Рарвитӕгмӕ, ӕмӕ Мӕ сымахӕй ничи фӕрсы, кӕдӕм цӕуыс, зӕгъгӕ,#Ин 7:33. 6уымӕн ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕм уӕ зӕрдӕтӕ хъынцъым кӕнынц. 7Фӕлӕ уын Ӕз, ӕцӕг цы у, уый зӕгъын: Мӕ ацыд сымахӕн хуыздӕр у. Уымӕн ӕмӕ, Ӕз куынӕ ацӕуон, уӕд уӕм Рӕвдауӕг не ’рцӕудзӕн. Куы ацӕуон, уӕд та уӕм Ӕй рарвитдзынӕн.#Ин 15:26. 8Ӕмӕ куы ’рцӕуа, уӕд раргом кӕндзӕни дунейы азым — тӕригъӕд, рӕстад ӕмӕ тӕрхон цы сты, уый раст кӕй не ’мбары.
9Тӕригъӕд уый мидӕг ис, ӕмӕ Мыл не ’ууӕндынц. 10Рӕстад уый мидӕг ис, ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ цӕуын ӕмӕ Мӕ нал фендзыстут. 11Тӕрхон уый мидӕг ис, ӕмӕ ацы дунейы ӕлдар тӕрхонгонд ӕрцыд.#Ин 12:31; 14:30; Кол 2:15.
12Сымахӕн ма мӕм бирӕ зӕгъинӕгтӕ ис, фӕлӕ сӕ нырма уӕ бон бамбарын нӕ бауыдзӕн. 13Ӕцӕгады Уд куы ’рцӕуа, уӕд уын ӕцӕгад раргом кӕндзӕн ӕххӕстӕй. Уымӕн ӕмӕ Йӕхи номӕй нӕ дзурдзӕн, фӕлӕ, цы фехъуса, уый дзурдзӕни ӕмӕ уын, фидӕны цы уыдзӕн, уый фехъусын кӕндзӕн.#Мт 10:19.
14Уый Мын скад скӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уын фехъусын кӕндзӕн, Мӕнӕй цы фехъуса, уый. 15Фыдмӕ цыдӕриддӕр ис, уый Мӕн у, ӕмӕ уын Ӕз уый тыххӕй загътон, Сыгъдӕг Уд уын, Мӕнӕй цы фехъуса, уый фехъусын кӕндзӕн, зӕгъгӕ.#Ин 17:10.
Хъыг раивдзӕни цинӕй
16Рӕхджы Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ чысыл фӕстӕдӕр ногӕй фендзыстут».
17Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ кӕрӕдзи, дисгӕнгӕ, фарстой: «Уый нын цытӕ дзуры, рӕхджы, дам, Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ чысыл фӕстӕдӕр ногӕй фендзыстут, стӕй, Ӕз Мӕ Фыдмӕ цӕуын, зӕгъгӕ?» 18Ноджы ма дзырдтой: «Цавӕр „рӕхджыйы“ кой кӕны? Цы нын зӕгъы, уый не ’мбарӕм».
19Йесо бамбӕрста, цӕмӕй Йӕ бафӕрсынмӕ хъавынц, уый ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уын афтӕ кӕй загътон: „Рӕхджы Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ рӕхджы ногӕй фендзыстут“, кӕрӕдзийы уый тыххӕй фӕрсут? 20Ӕцӕг цы у, Ӕз уын уый зӕгъын: сымах кӕудзыстут ӕмӕ дзыназдзыстут, дуне та цин кӕндзӕн. Сымах хъыг кӕндзыстут, фӕлӕ уӕ хъыг раивдзӕни цинӕй. 21Аргӕ-арын сылгоймаг хъизӕмар фӕкӕны, фӕлӕ, куы ныййары, уӕд дзы фыр цинӕй йӕ удхар ферох вӕййы, уымӕн ӕмӕ дунемӕ адӕймаг фӕзынд. 22Афтӕ сымах дӕр: ныртӕккӕ хъыг кӕнут, фӕлӕ уӕ Ӕз ногӕй фендзынӕн, ӕмӕ уӕд уӕ зӕрдӕтӕ байдзаг уыдзысты цинӕй, ӕмӕ уын уӕ цин ничиуал байсдзӕн.#Лк 24:41,52; Ин 20:20; 1 Пет 1:8. 23Уӕд Мӕ ницӕмӕйуал фӕрсдзыстут.
Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.#Мт 7:7; Мк 11:24; Лк 11:9; Ин 14:13; 15:7; Йак 1:6. 24Ныронг ницы куырдтат Мӕ номӕй. Ныр курут ӕмӕ райсдзыстут, ӕмӕ уӕ циндзинад уыдзӕни ӕххӕст.
Йесо дунейыл фӕуӕлахиз
25Ӕз уын ныронг ӕмбисӕндтӕй дзырдтон. Фӕлӕ афон куы ’рцӕуа, уӕд уын Ӕз фӕсномыгӕй нал дзурдзынӕн, фӕлӕ уын ӕргомӕй Фыды тыххӕй зӕгъдзынӕн. 26Уыцы бон Уымӕй, Мӕ ном ссаргӕйӕ, курдзыстут, ӕмӕ уын Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, сымах тыххӕй Мӕ Фыдӕн лӕгъстӕ нӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.#Ром 8:34. 27Уымӕн ӕмӕ уӕ Мӕ Фыд Йӕхӕдӕг уарзы, Мӕн кӕй бауарзтат ӕмӕ, Ӕз Хуыцауӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ууыл кӕй баууӕндыдыстут, уый тыххӕй.#Ин 17:25. 28Ӕз Мӕ Фыдӕй рацӕугӕ дӕн ӕмӕ ӕрцыдтӕн ацы дунемӕ; ныр ӕй уадзын ӕмӕ цӕуын Мӕ Фыдмӕ».
29Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Ныртӕккӕ Ды немӕ дзурыс ӕргомӕй, ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй. 30Ныр уынӕм: Ды ӕппӕт дӕр зоныс. Ды развӕлгъау фӕзоныс, цӕмӕй Дӕ фӕрсдзысты, уый. Ӕмӕ нӕ уымӕй уырны: Ды Хуыцауӕй ӕрцыдтӕ».
31Йесо сын дзуапп радта: «Ныр баууӕндыдыстут? 32Мӕнӕ рӕстӕг ӕрцӕуы, ӕниу, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ сымах уӕ хӕдзӕрттӕм фӕлидздзыстут ӕмӕ Мӕ иунӕгӕй ныууадздзыстут. Фӕлӕ Ӕз иунӕг нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ ис.#Мт 26:31; Мк 14:27. 33Уыдӕттӕ уын Ӕз уый тыххӕй загътон, цӕмӕй Мемӕ уат ӕмӕ Мӕ фарнӕй схайджын уат. Ацы дунейы хъизӕмӕрттӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ-иу фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл».#1 Ин 4:4; 5:4; 1 Кор 15:57.
Selectat acum:
Иоанн 16: ИрББЛ2022
Evidențiere
Partajează
Copiază
Dorești să ai evidențierile salvate pe toate dispozitivele? Înscrie-te sau conectează-te
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022