Иоанн 15
15
Чырысти — сӕнӕфсиры Тала
1Ӕз дӕн ӕцӕг сӕнӕфсиры Тала, Мӕ Фыд та — сӕнӕфсирмӕ Зилӕг. 2Мӕ къалиутӕй сӕнӕфсир кӕуыл не ’рзайы, уый алыг кӕны. Сӕнӕфсир дзы кӕуыл ӕрзайы, уый та бахсӕды, фылдӕр ыл куыд ӕрзайа, афтӕ.#Мт 15:13; Гал 5:22. 3Сымах ныридӕгӕн бахсӕстӕуыд, Ӕз уын кӕй загътон, уыцы Дзырдӕй.#Ин 13:10; 1 Ин 2:7. 4Ут Мемӕ, ӕмӕ уӕд Ӕз дӕр уыдзынӕн уемӕ. Сӕнӕфсиры талайыл къалиу куынӕ уа, уӕд ыл сӕнӕфсир нӕ зайдзӕн. Афтӕ сымах дӕр пайда не ’рхӕсдзыстут, Мемӕ куынӕ уат, уӕд.
5Ӕз дӕн сӕнӕфсиры Тала, сымах та — къалиутӕ; Мемӕ чи ис ӕмӕ Ӕз кӕимӕ дӕн, уый ӕрхӕссы бирӕ пайда. Уымӕн ӕмӕ ӕнӕ Мӕн уӕ бон ницы аразын у.#Хъуыд 4:12. 6Мемӕ чи нӕ уа, уый къалиуау ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн ӕмӕ бахус уыдзӕн. Ахӕм къалиутӕ та ӕрӕмбырд кӕнынц, баппарынц сӕ арты ӕмӕ сӕ басудзынц.#Мт 3:10; 7:19. 7Сымах Мемӕ куы уат ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут.#Ин 14:13; 16:23; 1 Ин 3:22. 8Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы уат ӕмӕ бирӕ пайда куы ӕрхӕссат, уӕд уымӕй раргом уыдзӕн Мӕ Фыды кад.
9Мӕ Фыд Мӕн куыд уарзы, Ӕз дӕр сымах афтӕ бауарзтон. Уӕдӕ хайджын ут Мӕ уарзтӕй. 10Ӕз Мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд сӕххӕст кодтон ӕмӕ Йӕ уарзтӕй хайджын куыд дӕн, афтӕ сымах дӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд хайджын уыдзыстут Мӕ уарзтӕй. 11Ӕз уын адӕттӕ загътон, цӕмӕй Мӕ цинӕй хайджын уат ӕмӕ уӕ циндзинад уа ӕххӕст.
12Мӕнӕ уын Мӕ фӕдзӕхст: Ӕз уӕ куыд бауарзтон, афтӕ уарзут кӕрӕдзийы.#Ин 13:34; 1 Ин 3:11; 4:21; Эф 5:2; 1 Фес 4:9. 13Исчи йӕ цард йӕ хӕлӕртты сӕраппонд куы ратта, уӕд уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй. 14Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд стут Мӕ хӕлӕрттӕ. 15Ӕз уӕ ныридӕгӕн цагъартӕ нал хонын, уымӕн ӕмӕ цагъар, йӕ хицау цы кусы, уый нӕ фӕзоны. Фӕлӕ уӕ Ӕз схуыдтон Мӕ хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ уын раргом кодтон, Мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый.#Эф 1:9; 3:5. 16Сымах Мӕ нӕ равзӕрстат, фӕлӕ уӕ Ӕз равзӕрстон ӕмӕ уын бахӕс кодтон, цӕмӕй цӕуат ӕмӕ дунейӕн пайда хӕссат, уӕ уыцы пайда мыггагмӕ куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.#Мк 16:15. 17Мӕнӕ уын Мӕ фӕдзӕхст: уарзут кӕрӕдзийы.
Дунейы ӕнӕуынондзинад Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм
18Ацы дуне уӕ йе сӕфт куы уына, уӕд-иу ӕй зонут — сымахӕй раздӕр Мӕнӕй уыдта йе сӕфт.#1 Ин 3:13. 19Сымах ацы дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне йӕхионтау уарзид. Сымах ацы дунейӕ кӕй не стут, Ӕз уӕ кӕй равзӕрстон ӕмӕ уӕ дунейӕ кӕй фӕхицӕн кодтон, уый тыххӕй уӕ уыны ацы дуне йе сӕфт.
20Ӕз уын кӕй загътон, уыцы ныхас уӕ зӕрдыл дарут: „Цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу“. Кӕд Мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты. Кӕд Мӕ ныхасмӕ хъуыстой, уӕд уӕ ныхасмӕ дӕр хъусдзысты.#Мт 10:24; 24:9; Мк 13:9; Лк 21:12; Ин 13:16. 21Афтӕ уын кӕндзысты Мӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕ Рарвитӕджы нӕ зонынц.#Ин 16:3.
22Ӕз куы не ’рцыдаин ӕмӕ сын куынӕ дзырдтаин, уӕд тӕригъӕды тыххӕй азымджын нӕ уаиккой. Ныр та сӕ тӕригъӕд ницӕмӕйуал сраст кӕндзысты. 23Мӕнӕй йе сӕфт чи уыны, уый Мӕ Фыдӕй дӕр йе сӕфт уыны. 24Ӕз се ’хсӕн, ӕндӕр искӕмӕн йӕ бон саразын кӕй нӕ уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ куынӕ скодтаин, уӕд тӕригъӕды тыххӕй азымджын нӕ уаиккой. Ныр та сӕ федтой, уӕддӕр Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ Фыдӕй се сӕфт уынынц. 25Фӕлӕ афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уа, се ’Гъдауы цы фыст ис, уый: „Дзӕгъӕлы Мӕ уынынц се сӕфт“.
26Ӕз уӕм Мӕ Фыдӕй рарвитдзынӕн Рӕвдауӕджы — Ӕцӕгады Уды. Уыцы Уд Мӕ Фыдӕй цӕуы, ӕмӕ уӕм куы ’рцӕуа, уӕд ӕвдисӕн лӕудзӕни Мӕн тыххӕй.#Лк 24:49; Ин 14:26. 27Сымах дӕр Мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ, уымӕн ӕмӕ фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ Мемӕ стут.#Хъуыд 1:8; 2:32; 1 Пет 5:1.
Selectat acum:
Иоанн 15: ИрББЛ2022
Evidențiere
Partajează
Copiază
Dorești să ai evidențierile salvate pe toate dispozitivele? Înscrie-te sau conectează-te
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022