1
Иоанн 15:5
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
Ӕз дӕн сӕнӕфсиры Тала, сымах та — къалиутӕ; Мемӕ чи ис ӕмӕ Ӕз кӕимӕ дӕн, уый ӕрхӕссы бирӕ пайда. Уымӕн ӕмӕ ӕнӕ Мӕн уӕ бон ницы аразын у.
Compară
Explorează Иоанн 15:5
2
Иоанн 15:4
Ут Мемӕ, ӕмӕ уӕд Ӕз дӕр уыдзынӕн уемӕ. Сӕнӕфсиры талайыл къалиу куынӕ уа, уӕд ыл сӕнӕфсир нӕ зайдзӕн. Афтӕ сымах дӕр пайда не ’рхӕсдзыстут, Мемӕ куынӕ уат, уӕд.
Explorează Иоанн 15:4
3
Иоанн 15:7
Сымах Мемӕ куы уат ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут.
Explorează Иоанн 15:7
4
Иоанн 15:16
Сымах Мӕ нӕ равзӕрстат, фӕлӕ уӕ Ӕз равзӕрстон ӕмӕ уын бахӕс кодтон, цӕмӕй цӕуат ӕмӕ дунейӕн пайда хӕссат, уӕ уыцы пайда мыггагмӕ куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.
Explorează Иоанн 15:16
5
Иоанн 15:13
Исчи йӕ цард йӕ хӕлӕртты сӕраппонд куы ратта, уӕд уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй.
Explorează Иоанн 15:13
6
Иоанн 15:2
Мӕ къалиутӕй сӕнӕфсир кӕуыл не ’рзайы, уый алыг кӕны. Сӕнӕфсир дзы кӕуыл ӕрзайы, уый та бахсӕды, фылдӕр ыл куыд ӕрзайа, афтӕ.
Explorează Иоанн 15:2
7
Иоанн 15:12
Мӕнӕ уын Мӕ фӕдзӕхст: Ӕз уӕ куыд бауарзтон, афтӕ уарзут кӕрӕдзийы.
Explorează Иоанн 15:12
8
Иоанн 15:8
Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы уат ӕмӕ бирӕ пайда куы ӕрхӕссат, уӕд уымӕй раргом уыдзӕн Мӕ Фыды кад.
Explorează Иоанн 15:8
9
Иоанн 15:1
Ӕз дӕн ӕцӕг сӕнӕфсиры Тала, Мӕ Фыд та — сӕнӕфсирмӕ Зилӕг.
Explorează Иоанн 15:1
10
Иоанн 15:6
Мемӕ чи нӕ уа, уый къалиуау ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн ӕмӕ бахус уыдзӕн. Ахӕм къалиутӕ та ӕрӕмбырд кӕнынц, баппарынц сӕ арты ӕмӕ сӕ басудзынц.
Explorează Иоанн 15:6
11
Иоанн 15:11
Ӕз уын адӕттӕ загътон, цӕмӕй Мӕ цинӕй хайджын уат ӕмӕ уӕ циндзинад уа ӕххӕст.
Explorează Иоанн 15:11
12
Иоанн 15:10
Ӕз Мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд сӕххӕст кодтон ӕмӕ Йӕ уарзтӕй хайджын куыд дӕн, афтӕ сымах дӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд хайджын уыдзыстут Мӕ уарзтӕй.
Explorează Иоанн 15:10
13
Иоанн 15:17
Мӕнӕ уын Мӕ фӕдзӕхст: уарзут кӕрӕдзийы.
Explorează Иоанн 15:17
14
Иоанн 15:19
Сымах ацы дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне йӕхионтау уарзид. Сымах ацы дунейӕ кӕй не стут, Ӕз уӕ кӕй равзӕрстон ӕмӕ уӕ дунейӕ кӕй фӕхицӕн кодтон, уый тыххӕй уӕ уыны ацы дуне йе сӕфт.
Explorează Иоанн 15:19
Acasă
Biblia
Planuri
Videoclipuri