1
Лука 3:21-22
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
Иоанн, иннӕ адӕмыл куы аргъуыдта, уӕд Йесойыл дӕр саргъуыдта. Аргъуыд исгӕйӕ, Йесо куывта, афтӕмӕй арвы дуар фегом ис, Сыгъдӕг Уд Ӕм бӕлоны хуызы ӕрцыд ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ды Мӕ уарзон Фырт дӕ, Ӕз Дӕуыл аудын».
Ṣe Àfiwé
Ṣàwárí Лука 3:21-22
2
Лука 3:16
Иоанн се ’ппӕтӕн дӕр дзуапп лӕвӕрдта: «Ӕз уыл аргъауын донӕй, фӕлӕ ӕрбацӕуы мӕнӕй Тыхджындӕр, ӕз Уымӕн Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй.
Ṣàwárí Лука 3:16
3
Лука 3:8
Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй! Махӕн нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд. Зӕгъын уын: Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын.
Ṣàwárí Лука 3:8
4
Лука 3:9
Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы: йӕ дыргъ цы бӕласӕн нӕ фӕбӕззы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц».
Ṣàwárí Лука 3:9
5
Лука 3:4-6
Пехуымпар Исайайы чиныджы афтӕ фыст ис: «Ӕдзӕрӕг быдыры хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: „Ӕрцӕттӕ кӕнут Бардарӕгӕн фӕндаг, сӕмраст Ын кӕнут Йӕ цӕуӕнтӕ. Алы дӕлвӕз дӕр уӕлӕмӕ схӕцӕд йӕхиуыл, алы хох ӕмӕ алы къуыбыр дӕр ӕрныллӕг уӕд, гакъӕттӕ сӕмраст уӕнт ӕмӕ гуыргъахъхъ фӕндӕгтӕ сӕмлӕгъз уӕнт. Уӕд алы адӕймаг дӕр фендзӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд ирвӕзындзинад“».
Ṣàwárí Лука 3:4-6
Ilé
Bíbélì
Àwon ètò
Àwon Fídíò