Лука 17
17
Ахуыргӕнинӕгты цард
1Йесо ма Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ноджыдӕр загъта: «Ис ӕмӕ кӕддӕриддӕр уыдзӕнис, адӕймаг тӕригъӕды кӕй тыххӕй бацӕуы, ахӕм мондаггӕнӕнтӕ, фӕлӕ сар йӕ сӕр кӕны, тӕригъӕд кӕй аххосӕй ӕрцӕуа, уымӕн.#Мт 18:6; Мк 9:42. 2Ацы кӕстӕртӕй иуы дӕр тӕригъӕдыл чи бафтауа, уымӕн фӕлтау ныридӕгӕн йӕ бӕрзӕйыл куыройы фыд куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызы куы баппариккой, уӕд ын хуыздӕр уаид.
3Кӕсут уӕхимӕ! Де ’фсымӕр дӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд ын бауайдзӕф кӕн ӕмӕ, кӕд ӕрфӕсмон кӕна, уӕд ын ныббар.#Мт 18:15; Йак 5:19. 4Бон авд хатты дӕ тӕригъӕды куы бацӕуа ӕмӕ дӕ бон авд хатты хатыр куы ракура ӕмӕ дын куы зӕгъа: „Фӕсмон кӕнын“, уӕд ын ныххатыр кӕн».
5Апостолтӕ Йесойӕ куырдтой: «Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл». 6Йесо сын загъта: «Хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад уӕм куы уаид ӕмӕ мӕнӕ ацы тута бӕласӕн афтӕ куы зӕгъиккат, зӕххӕй дӕ уидӕгтӕ срӕдув ӕмӕ дӕхи денджызы ныссадз, зӕгъгӕ, уӕд уӕ коммӕ бакӕсид.#Мт 17:20; 21:21; Мк 11:23.
Цагъары тыххӕй ӕмбисонд
7Зӕгъӕм, сымахӕй искӕмӕн, хуым чи кӕны кӕнӕ фос чи хизы, ахӕм цагъар ис. Ӕмӕ уый быдырӕй куы ӕрбацӕуа, уӕд ын, цымӕ, сымахӕй исчи афтӕ зӕгъдзӕни: „Рӕвдздӕр рауай ӕмӕ фынджы уӕлхъус ӕрбад“? 8Нӕ, фӕлтау ын зӕгъдзыстут: „Марадз, ӕхсӕвӕр мын ӕрцӕттӕ кӕн, дӕ рон ӕрбалвас ӕмӕ, цалынмӕ хӕрон ӕмӕ нуазон, уӕдмӕ мын лӕггад кӕн; стӕй уый фӕстӕ дӕхӕдӕг дӕр хӕр ӕмӕ нуаз“. 9Цы йын бафӕдзӕхстат, уый кӕй бакодта, уый тыххӕй уыцы цагъарӕн, мыййаг, арфӕтӕ кӕндзыстут? [Ӕнхъӕл нӕ дӕн.] 10Афтӕ сымах дӕр — цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстӕуыд, уый куы бакӕнат, уӕд-иу зӕгъут: „Мах ницӕйаг цагъартӕ стӕм — цы нын ӕмбӕлдис, уымӕй дарддӕр ницы сарӕзтам“».#1 Кор 9:16.
Йесо сдзӕбӕх кодта дӕс хъотырджыны
11Йерусалиммӕ цӕугӕйӕ, Йесойы фӕндаг уыди Самарийы ӕмӕ Галилейы ӕхсӕн арӕныл.#Ин 4:4. 12Ӕмӕ иу хъӕуы Йӕ размӕ фесты дӕс хъотырджыны. Дӕрддзӕф ӕрлӕууыдысты 13ӕмӕ йӕм уырдыгӕй хъӕр кодтой: «Хицау Йесо, батӕригъӕд нын кӕн!» 14Йесо сӕ куы федта, уӕд сын загъта: «Ацӕут, уӕхи фенын кӕнут сауджынтӕн». Ӕмӕ ма фӕндагыл уыдысты, афтӕ сӕнӕниз сты.#Мт 8:4; Мк 1:44; Лк 5:14. 15Сӕ иу, кӕй сдзӕбӕх ис, уый куы федта, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхти ӕмӕ хъӕлӕсы дзагӕй кад кодта Хуыцауӕн. 16Йесойы къӕхты раз зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ Йын арфӕ кодта. Уыцы лӕг уыди самариаг. 17Уӕд Йесо загъта: «Дӕс адӕймаджы не ссыгъдӕг сты, ӕви? Уӕд иннӕ фараст кӕм сты? 18Ацы ӕндӕрбӕстаг куы раздӕхти, уӕд уыдон цӕуылнӕ раздӕхтысты Хуыцауы скадджын кӕнынмӕ?» 19Ӕмӕ йын загъта: «Сыст ӕмӕ ацу, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта».
Хуыцауы Паддзахады ӕрцыды тыххӕй
20Иуахӕмы фарисейтӕ Йесойы бафарстой, Хуыцауы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Уый сын дзуапп радта: «Хуыцауы Паддзахады ӕрцыдӕн цӕстӕй фенӕн нӕ уыдзӕн. 21Афтӕ ничи зӕгъдзӕни: „Мӕнӕ ам ис“ кӕнӕ: „Уӕртӕ уым ис“. Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад уӕ зӕрдӕйы ис»#17:21 Ацы бынатӕн бамбарӕн ис афтӕ дӕр: Хуыцауы Паддзахад уе ’хсӕн ис..
22Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та загъта: «Скӕндзӕнис ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ уӕ бафӕнддзӕн Адӕймаджы Фырты Паддзахады бонтӕй уӕд та иу фенын, фӕлӕ йӕ нӕ фендзыстут. 23Уӕд уын зӕгъдзысты: „Мӕнӕ ам ис“ кӕнӕ: „Уӕртӕ уым ис“. Ма цӕут уырдӕм, ма згъорут сӕ фӕдыл.#Мт 24:23; Мк 13:21. 24Уымӕн ӕмӕ, арвӕрттывд арвы тыгъдад иу кӕронӕй иннӕмӕ куыд ныррухс кӕны, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр. 25Фӕлӕ уал раздӕр хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ, ӕмӕ Йыл ацы фӕлтӕр йӕхи атигъ кӕна.#Мт 16:21; 17:22; 20:18; Мк 8:31. 26Ӕмӕ, Нойы бонты куыд уыдис, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд дӕр.#Мт 24:37; 1 Пет 3:20. 27Адӕм хордтой, нуӕзтой, устытӕ хастой ӕмӕ цыдысты моймӕ, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бахызт ӕмӕ доныхъаймӕт се ’ппӕты дӕр нӕ фесӕфта, уӕдмӕ. 28Афтӕ уыди Лоты заманы дӕр: адӕм хордтой, нуӕзтой, ӕлхӕдтой, уӕй кодтой, сагътой, арӕзтой. 29Фӕлӕ Лот Содомӕй куы рацыди, уыцы бон арвӕй цӕхӕр сондонимӕ фемӕхсти ӕмӕ се ’ппӕты дӕр бабын кодта. 30Афтӕ уыдзӕни, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд дӕр. 31Уыцы бон уӕлхӕдзар чи уа, уый уырдыгӕй хӕдзармӕ ма ӕрхизӕд йӕ дзаумӕттӕ рахӕссынмӕ. Быдыры чи уа, уый дӕр ма раздӕхӕд#Мт 24:17; Мк 13:15.. 32Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы. 33Йӕ цард бахъахъхъӕнын чи фӕлвара, уый йӕ фесафдзӕни; йӕ цард чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн#Мт 10:39; Мк 8:35; Лк 9:24; Ин 12:25.. 34Зӕгъын уын: уыцы ӕхсӕв дыууӕйӕ уыдзысты иу хуыссӕны — сӕ иуы акӕндзысты, иннӕ та баззайдзӕни. 35Дыууӕ сылгоймаджы иумӕ хор сдзысты — сӕ иуы акӕндзысты, иннӕ та баззайдзӕни.#Мт 24:41. 36[Дыууӕйӕ уыдзысты быдыры — сӕ иуы акӕндзысты, иннӕ та баззайдзӕни]». 37Уӕд Ӕй бафарстой: «Уый кӕм уыдзӕни, Бардарӕг?» Йесо сын загъта: «Холы кӕм уа, уым ӕрӕмбырд уыдзысты холыхор сынтытӕ дӕр».#Мт 24:28.
Currently Selected:
Лука 17: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022