Лука 16
16
Мӕнгард уынаффӕгӕнӕджы ӕмбисонд
1Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Иу хъӕздыг лӕг йӕ исбонӕн уынаффӕгӕнӕг дардта, ӕмӕ йӕм фӕхабар чындӕуыд, дӕ мулк дын хӕлӕттаг кӕны, зӕгъгӕ. 2Уый йӕм фӕсидт ӕмӕ йын загъта: „Уый дӕ цытӕ хъусын? Дӕ бӕрны цы уыди, уымӕн хыгъд скӕн ӕмӕ мӕм ӕй ратт, нырӕй фӕстӕмӕ мӕ исбонӕн уынаффӕ кӕнынӕй сӕрибар дӕ“. 3Уынаффӕгӕнӕг йӕхинымӕр загъта: „Ныр цы кӕнон? Мӕ бынатӕй мӕ исы мӕ хицау. Зӕхх къахын мӕ бон нӕу, мӕгуыргур цӕуын та мӕм худинаг кӕсы. 4Фӕлӕ, уынаффӕгӕнӕджы бынатӕй куы фӕхауон, уӕд мӕ цӕмӕй исчи йӕ хӕдзары суазӕг кӕна, уымӕн ӕз хос зонын“.
5Уыйадыл бавдӕлд ӕмӕ йӕ хицауы хӕсджынтӕй алкӕмӕ дӕр хицӕнӕй фӕдзырдта. Фыццаджы бафарста: „Мӕ хицауӕй цас дарыс?“ 6Уый йын дзуапп радта: „Фондзыссӕдз дурыны оливӕйы сой“. Уӕд ын загъта: „Айс дӕ гӕххӕтт, сбад ӕмӕ рӕвдздӕр ныффысс: дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз“. 7Уый фӕстӕ бафарста иннӕйы: „Ды та цас дарыс?“ Уый йын дзуапп радта: „Сӕдӕ барӕны мӕнӕу“. Уӕд уымӕн та загъта: „Айс дӕ гӕххӕтт ӕмӕ ныффысс: цыппарыссӕдз“. 8Ӕмӕ хицау раппӕлыд йӕ мӕнгард хӕдзаргӕсӕй, афтӕ кӕй сарӕхсти, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы хъӕбултӕ, сӕхи хуызӕн чи у, уыдонимӕ исты хъуыддӕгтӕ куы фӕаразынц, уӕд рухсы хъӕбултӕй ӕрхъуыдыджындӕр вӕййынц.
Хуыцауӕн ӕви мулкӕн лӕггад кӕнын
9Ӕмӕ уын Ӕз дӕр зӕгъын: скӕнут уӕхицӕн хӕлӕрттӕ ӕнӕраст мулчы фӕрцы, цӕмӕй, куы смӕгуыр уат, уӕд уӕ уыдон суазӕг кӕной се ’нусон цӕрӕнбынӕтты.#Мт 6:19; 19:21. 10Чысыл хъуыддаджы ӕууӕнк кӕуыл ис, уый стыр хъуыддаджы дӕр ӕууӕнкджын у, чысыл хъуыддаджы мӕнгард чи у, уый стыр хъуыддаджы дӕр мӕнгард у.#Мт 25:21. 11Уӕдӕ кӕд ӕнӕраст мулкыл иузӕрдион нӕ разындыстут, уӕд уын ӕцӕг мулк уӕ бӕрны чи бакӕндзӕн? 12Ӕмӕ кӕд искӕй мулкыл нӕ бацауӕрстат, уӕд уын уӕхи мулк та уӕ бар куыд бакӕндзысты? 13Никӕй бон у дыууӕ хицауӕн кусын — сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕни, кӕнӕ сӕ иуыл иузӕрдион уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕ бауыдзӕни Хуыцауӕн дӕр ӕмӕ ӕхцайӕн дӕр лӕггад кӕнын».#Мт 6:24.
14Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуыстой ӕхцауарзаг фарисейтӕ ӕмӕ Йыл худтысты. 15Йесо сын загъта: «Адӕмы раз уӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдисут, фӕлӕ уын Хуыцау уӕ зӕрдӕтӕ зоны. Уымӕн ӕмӕ, адӕммӕ кадджын цы у, уый Хуыцауы цӕсты ӕлгъаг у.
Моисейы Ӕгъдау ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад
16Моисейы Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпартӕ Иоанны размӕ уыдысты. Ацы рӕстӕджы та хъуыстгонд цӕуы Хуыцауы Паддзахады уац, ӕмӕ алчидӕр йе ’ппӕт хъарутӕй уырдӕм бахауыныл архайы.#Мт 11:12. 17Фӕлӕ Ӕгъдауӕй иу хахх фӕхъӕуыны бӕсты арв ӕмӕ зӕхх ӕнцондӕрӕй фесӕфдзысты.
18Йӕ усы чи ауадза ӕмӕ ӕндӕр ус чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны. Йӕ мойӕ чи ахицӕн ис, уыцы усы чи ракура, уый дӕр хӕтгӕ кӕны.#Мт 19:9.
Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазыры ӕмбисонд
19Уыдис иу хъӕздыг лӕг, уый дардта зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд дарӕс, хъал цард кодта. 20Уыдис ноджы иу мӕгуыргур, йӕ ном — Лазыр. Йӕ буар ӕгасӕй дӕр хӕфдзӕстытӕ фестад. Хъӕздыджы кулдуары рӕбын хуыссыд 21ӕмӕ бӕллыди, уыцы лӕджы фынгӕй цы муртӕ хауди, уыдонӕй йӕхи бафсадынмӕ. Куыйтӕ-иу бауадысты ӕмӕ йын йӕ хӕфдзӕстытӕ стӕрдтой.
22Амард мӕгуыр лӕг, ӕмӕ йӕ зӕдтӕ Авраамы хъӕбысмӕ схастой. Амард хъӕздыг лӕг дӕр, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой. 23Зындоны хъизӕмар кӕнгӕйӕ, уый йӕ цӕстытыл схӕцыд ӕмӕ дардмӕ суыдта Авраамы, йӕ фарсмӕ та — Лазыры. 24Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: „Мӕ фыдӕл Авраам! Фӕтӕригъӕд мын кӕн ӕмӕ мӕм Лазыры рарвит: йе ’нгуылдз доны атула ӕмӕ мын дзы ме ’взаг асатӕг кӕна, уымӕн ӕмӕ ӕз ацы арты хъизӕмарӕй мӕлын“. 25Фӕлӕ йын Авраам загъта: „Мӕ хъӕбул, ды дӕ удӕгасӕй царды хорзӕхтӕ кӕй райстай, Лазыр та хъизӕмар кӕй бавзӕрста, уый дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн. Ныр уый ам рӕвдыд у, ды та удхар кӕныс. 26Уый ӕдде ма не ’хсӕн ис стыр сӕрсӕфӕн, цӕмӕй, ардыгӕй уырдӕм ацӕуынвӕнд чи кӕны, уыдонӕн ма бантыса, афтӕ уырдыгӕй дӕр ардӕм ӕрбацӕуӕн нӕй“. 27Уӕд хъӕздыг лӕг загъта: „Уӕд та дын лӕгъстӕ кӕнын, мӕ фыдӕл, Лазыры арвит мӕ фыды хӕдзармӕ. 28Фондз ӕфсымӕры мын ис; уадз ӕмӕ сын зӕгъа, цӕмӕй уыдон дӕр ацы удхары бынатмӕ ма ӕрбахауой“. 29Фӕлӕ йын Авраам загъта: „Ис сын Моисей ӕмӕ пехуымпартӕ, уыдонмӕ хъусӕнт“. 30Уый та йын загъта: „Нӕ, мӕ фыдӕл Авраам! Мӕрдтӕй сӕм исчи куы ’рцӕуа, уӕд ӕрфӕсмон кӕндзысты“. 31Авраам ын дзуапп радта: „Моисей ӕмӕ пехуымпартӕм кӕм нӕ хъусынц, уым, мӕрдтӕй исчи райгас уа, ууыл дӕр нӕ баууӕнддзысты“».
Currently Selected:
Лука 16: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022