Лука 18
18
Идӕдз ус ӕмӕ мӕнгард тӕрхонгӕнӕджы ӕмбисонд
1Ӕдзух кувын кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ хъынцъым кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй сын Йесо ӕмбисонд ӕрхаста:#Ром 12:12; Эф 6:18; 1 Фес 5:17.
2«Иу сахары уыди, Хуыцауӕй чи нӕ тарст ӕмӕ адӕмӕй чи не ’фсӕрмы кодта, иу ахӕм тӕрхонгӕнӕг. 3Уыцы сахары ма цардис иу идӕдз сылгоймаг дӕр. Уый арӕх цыди тӕрхонгӕнӕгмӕ ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта: „Мӕ рӕстдзинад мын сбӕлвырд кӕн, равзар мын мӕ хъуыддаг“. 4Тӕрхонгӕнӕг ӕм цасдӕр рӕстӕг ницы йӕ хъус дардта, фӕлӕ ӕппынфӕстаг йӕхицӕн загъта: „Ӕз нӕдӕр Хуыцауӕй тӕрсын, нӕдӕр адӕмӕй ӕфсӕрмы кӕнын. 5Фӕлӕ мӕ иугӕр ацы идӕдз ус ӕнцад нал уадзы, уӕд ын баххуыс кӕнон, цӕмӕй мӕм мауал цӕуа ӕмӕ мӕ мауал фӕлмӕцын кӕна“». 6Ӕмӕ Бардарӕг бафарста: «Хъусут, уыцы мӕнгард тӕрхонгӕнӕг цы загъта, уымӕ? 7Ау, уӕдӕ уӕд Хуыцау, ӕхсӕвӕй-бонӕй Йын чи лӕгъстӕ кӕны, Йӕ уыцы ӕвзӕрстыты нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ӕви? Мыййаг, Йе ’ххуысимӕ бафӕстиат уыдзӕн?#Лк 11:9; Ӕрг 6:10. 8Зӕгъын уын, рӕхджы сын баххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд ма зӕххыл уырнындзинад ссардзӕни, цымӕ?»
Фарисей ӕмӕ хъалонисӕджы ӕмбисонд
9Йӕхи раст чи хуыдта ӕмӕ иннӕты та чи ницӕуыл нымадта, уыдонӕн та Йесо ӕрхаста ахӕм ӕмбисонд:#Лк 16:15. 10«Дыууӕ адӕймаджы бацыдысты Кувӕндонмӕ кувынмӕ: сӕ иу — фарисей, иннӕ — хъалонисӕг. 11Фарисей слӕууыд ӕмӕ йӕхинымӕр кувын райдыдта: „Хуыцау, бузныг дӕн Дӕуӕй, ӕз иннӕтау стигъӕг, ӕдзӕсгом ӕмӕ хъахбай кӕй нӕ дӕн, стӕй мӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн дӕр кӕй нӕ дӕн, уый тыххӕй.#Ӕрг 3:17. 12Ком дарын къуыри дыууӕ хатты; ме ’ппӕт ӕфтиаджы дӕсӕймаг хай дӕттын Дӕуӕн“. 13Хъалонисӕг та дӕрддзӕф лӕууыд ӕмӕ арвмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыди, ӕрмӕст йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, тӕригъӕдджын дӕн ӕз“. 14Зӕгъын уын, йӕ хӕдзармӕ хъалонисӕг Хуыцауӕй хатыргондӕй ацыд, фарисей та — нӕ. Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд чи кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».#Мт 23:12; Лк 14:11.
Йесойы арфӕ сабитӕн
15Йесомӕ кодтой сабиты дӕр, цӕмӕй сыл бандзӕва, фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд сӕ нӕ уагътой.#Мт 19:13; Мк 10:13. 16Йесо сабитӕм фӕдзырдта, Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та загъта: «Ӕрбауадзут Мӕм сӕ, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад, адоны хуызӕн чи у, уыдоны у. 17Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахадыл сывӕллонау чи нӕ баууӕнда, уый йӕм нӕ бацӕудзӕни».
Хъӕздыгдзинады тыххӕй
18Иу хицау Йесойы бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсыны тыххӕй цы саразон?»#Мт 19:16; Мк 10:17. 19Йесо йын дзуапп радта: «Цӕмӕн Мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у. 20Ды фӕдзӕхстытӕ зоныс: „Ма хӕт“, „Ма амар“, „Ма дав“, „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу“, „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“». 21Уый Йесойӕн загъта: «Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕз ме ’взонджы бонтӕй нырмӕ ӕххӕст кӕнын». 22Йесо уый куы фехъуыста, уӕд ын зӕгъы: «Иу хъуыддаг ма дын нӕ фаг кӕны: цыдӕриддӕр дӕм ис, уый ауӕй кӕн ӕмӕ де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уӕд уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».#1 Тим 6:18-19. 23Уый уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ӕрӕнкъард ис, уымӕн ӕмӕ тынг хъӕздыг уыди.
24Кӕй ӕрӕнкъард ис, уый Йесо куы федта, уӕд загъта: «Ӕвӕдза, бонджынтӕн куыд зын у Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын!#Мт 19:23; Мк 10:23; 1 Тим 6:9-10. 25Уымӕн ӕмӕ хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины быныл ахизын ӕнцондӕр у». 26Уыцы ныхӕстӕ чи фехъуыста, уыдон бафарстой: «Уӕдӕ чи фервӕздзӕн?» 27Йесо сын загъта: «Адӕмы бон цы нӕу, уый Хуыцауы бон у». 28Уӕд Ын Петр загъта: «Мӕнӕ мах ныууагътам ӕппӕт дӕр ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл».#Мт 19:27; Мк 10:28. 29Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахады тыххӕй йӕ хӕдзар, йӕ усы, йе ’фсымӕрты, йӕ ныййарджыты кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты чи ныууадза, уыдонӕй иу дӕр ахӕм нӕй, 30ӕмӕ ныртӕккӕ, ацы заманы, бирӕ фылдӕр чи не ссара, ӕрцӕуинаг дунейы та мыггагмӕйы цард чи нӕ райса».
Йесо ӕртыккаг хатт зӕгъы Йӕ мӕлӕты тыххӕй
31Йесо фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын загъта: «Ныр мах цӕуӕм Йерусалиммӕ, ӕмӕ, Адӕймаджы Фырты тыххӕй пехуымпартӕ цыдӕриддӕр ныффыстой, уый сӕххӕст уыдзӕн:#Мт 20:18; Мк 10:33. 32Ратдзысты Йӕ муртаттӕгты къухмӕ, ӕмӕ Дзы уыдон хынджылӕг кӕндзысты, бафхӕрдзысты Йӕ ӕмӕ Йыл тутӕ кӕндзысты, 33ехсӕй Йӕ фӕнӕмдзысты ӕмӕ Йӕ амардзысты, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни». 34Уыдон Ын Йӕ ныхӕстӕн ницы бамбӕрстой. Цӕуыл дзырдта, уыдӕттӕ сын ӕргом нӕ уыдысты ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой.
Куырм ракасти йӕ цӕстӕй
35Йесо Йерихонмӕ куы баввахс ис, уӕд уым фӕндаггӕрон бадти иу куырм мӕгуыргур.#Мт 20:29; Мк 10:46. 36Ӕмӕ адӕм йӕ цурты фӕцӕуынц, уый фехъусгӕйӕ, бафарста: «Цы хабар у?» 37Загътой йын: «Назаретаг Йесо ӕрбацӕуы». 38Уӕд уый ныхъхъӕр кодта: «Йесо, Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!» 39Разӕй чи цыди, уыдон ӕй басабыр кӕнын фӕлвӕрдтой, фӕлӕ уый ноджы тынгдӕр хъӕр кодта: «Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!»
40Йесо ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта, цӕмӕй Йӕм ӕй ӕрбакӕной. Куы Йӕм ӕрбацыд, уӕд ӕй Йесо бафарста: 41«Цы дӕ фӕнды? Цы дын саразон?» Уый Йын дзуапп радта: «Хицау, мӕн фӕнды цӕстӕй ракӕсын». 42Йесо йын загъта: «Ракӕс! Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». 43Уыцы сахат куырм лӕг цӕстӕй суыдта ӕмӕ, Хуыцауы стаугӕйӕ, Йесойы фӕдыл ацыди. Адӕм уый куы федтой, уӕд се ’ппӕт дӕр кад кодтой Хуыцауӕн.
Currently Selected:
Лука 18: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022