YouVersion Logo
Search Icon

Лука 12

12
1Уӕдмӕ уый бӕрц адӕм ӕрӕмбырд ис, ӕмӕ дзы азмӕлӕн дӕр нал уыди. Йесойӕн йӕ фыццаг ныхас уыди Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм: «Уӕхи хизут фарисейты ӕнхъизӕнӕй — цӕстмӕхъусдзинадӕй.#Мт 16:6; Мк 8:15.
2Афтӕ бамбӕхсӕн ницы ис, ӕмӕ ма раргом уа, ахӕм сусӕгдзинад нӕй, ӕмӕ ма рахъӕр уа.#Мт 10:26; Мк 4:22; Лк 8:17. 3Уымӕ гӕсгӕ, талынджы цы загътат, уый айхъуысдзӕни бонрухсы; сусӕгӕй искӕй хъусы цы бадзырдтат, уый хъӕрӕй фехъусын кӕндзысты уӕлхӕдзӕрттӕй. 4Мӕ хӕлӕрттӕ, буар амарынӕй уӕлдай сӕ бон кӕмӕн ницы у, уыдонӕй ма тӕрсут.#Мт 10:28. 5Тӕрсын уӕ кӕмӕй хъӕуы, уый уын Ӕз зӕгъдзынӕн: амарыны фӕстӕ зындоны ныппарын Кӕй бон у, Уымӕй тӕрсут. О, зӕгъын уын, Уымӕй тӕрсут. 6Фондз сырддонцъиуы дыууӕ ассарийыл нӕ уӕй кӕнынц, ӕви? Фӕлӕ дзы Хуыцауӕй иу дӕр рох нӕу.#Мт 10:29. 7Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах сырддонцъиутӕй бирӕ зынаргъдӕр стут.#Лк 21:18.
8Зӕгъын уын: Мӕныл кӕй ӕууӕнды, уый адӕмы раз ӕргомӕй чи дзура, уый Адӕймаджы Фырт дӕр йӕхионыл банымайдзӕни Хуыцауы зӕдты раз.#Мт 10:32. 9Адӕмы раз Мыл йӕхи чи атигъ кӕна, ууыл та Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕни Хуыцауы зӕдты раз.#Мк 8:38; Лк 9:26; 2 Тим 2:12. 10Адӕймаджы Фырты чи рафауа, уымӕн уыдзӕни хатыр, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды чи рафауа, уымӕн хатыр нӕ уыдзӕн.#Мт 12:31; Мк 3:28; 1 Ин 5:16. 11Синагогӕтӕм уӕ куы бакӕной ӕмӕ уӕ хицӕутты раз куы ӕрлӕууын кӕной, уӕд-иу ма мӕт кӕнут, цы зӕгъат, ууыл.#Мт 10:19; Мк 13:11. 12Уымӕн ӕмӕ уын Сыгъдӕг Уд уайсахат бацамондзӕн, цы зӕгъын хъӕуы, уый».
Ӕнӕзонд хъӕздыджы ӕмбисонд
13Уӕд Ӕм адӕмӕй иу чидӕр бахатыд: «Ахуыргӕнӕг, зӕгъ-ма ме ’фсымӕрӕн, ӕмӕ нын цы бынтӕ баззади, уыдонӕй мӕнӕн дӕр схай кӕна». 14Йесо йын дзуапп радта: «Чи Мӕ сӕвӕрдта сымахӕн тӕрхонгӕнӕгӕй кӕнӕ уӕ хъаст ӕвзарӕгӕй?»
15Загъта ма сын: «Уӕхи хъахъхъӕнут кӕрӕфдзинад уарзынӕй, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы цард йӕ бирӕ мулкӕй аразгӕ нӕу».#Мк 4:19; 1 Тим 6:9. 16Ӕмӕ сын ӕмбисонд ӕрхаста: «Иу хъӕздыг лӕгӕн йӕ хуымы бирӕ хор ӕрзади. 17Лӕг йӕхимидӕг катай кодта: ныр цы кӕнон, мӕ хор кӕм бафснайон, ахӕм бынат мын куы нӕй, уӕд, зӕгъгӕ. 18Ӕмӕ сфӕнд кодта: „Бавдӕлон ӕмӕ мӕ хордӕттӕ фехалон, уыдонӕй стырдӕртӕ саразон ӕмӕ мӕ хор ӕмӕ мӕ мулк иууылдӕр уым бафснайон. 19Уӕд зӕгъдзынӕн мӕхицӕн: мӕнӕйуый, бирӕ азты фаг дӕм ис мулк. Цӕр ныр ӕнцад-ӕнцойӕ, хӕр, нуаз ӕмӕ рай дӕ цардӕй“.#1 Кор 15:32. 20Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: „Ӕнӕзонд, ахсӕв дын дӕ уд айстӕуыдзӕн, ӕмӕ уӕд кӕмӕн баззайдзысты, дӕхицӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодтай, уыдон?“ 21Афтӕ рауайы, йӕхицӕн хӕзнатӕ чи ӕмбырд кӕны, Хуыцауы хъӕздыгдзинадӕй та ӕнӕхай чи у, уыдоны хъуыддаг».#Мт 6:20; 1 Тим 6:19.
Зӕххон ӕмӕ уӕларвон хӕзнатӕ
22Уый фӕстӕ Йесо загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: ма мӕт кӕнут нӕдӕр хойрагыл, нӕдӕр дарӕсыл.#Мт 6:25; 1 Пет 5:7. 23Цард хойрагӕй ахсджиагдӕр у, буар та — дарӕсӕй. 24Акӕсут-ма халӕттӕм: уыдон нӕдӕр тауынц, нӕдӕр кӕрдынц, нӕдӕр сын гонтӕ ӕмӕ хордӕттӕ ис, афтӕмӕй сӕ Хуыцау ӕфсады. Сымах та мӕргътӕй цас зынаргъдӕр стут! 25Цыфӕндыйӕ дӕр уӕ йӕ цардмӕ бирӕ нӕ, фӕлӕ иу сахат бафтауын дӕр кӕй бон бауыдзӕн#12:25 Кӕнӕ: «…йӕ асыл иу ӕлмӕрины бӕрц бафтауын дӕр йӕ бон кӕмӕн суыдзӕн?»? 26Уӕдӕ кӕд гыццыл исты скӕнын дӕр уӕ бон нӕу, уӕд иннӕ хъуыддӕгтыл цӕуыл мӕт кӕнут? 27Акӕсут-ма, дидинджытӕ куыд зайынц, уымӕ: нӕдӕр кусгӕ кӕнынц, нӕдӕр ӕлвисгӕ, фӕлӕ уын Ӕз зӕгъын: суанг Соломон дӕр йе стыр кадимӕ уыдонӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ фӕлыста йӕхи. 28Абон чи ис, райсом та пецы ӕппӕрст чи ӕрцӕудзӕни, уыцы быдираг кӕрдӕджы Хуыцау афтӕ кӕм фӕлынды, уым сымах та цас хуыздӕр сфӕлынддзӕн, лӕмӕгъуырнджытӕ! 29Уӕдӕ цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, ууыл ма мӕт кӕнут ӕмӕ ма тыхсут. 30Ӕппӕт уыдӕттӕ ацы дунейы агурынц муртаттӕгтӕ, сымахӕн та уӕ Фыд Йӕхӕдӕг зоны, цы уӕ хъӕуы, уый. 31Фыццаджыдӕр Ын агурут Йӕ Паддзахад, ӕмӕ уын уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.#Мт 6:33; Мк 10:30.
32Ма тӕрс, чысыл дзуг! Уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн Паддзахад раттын. 33Ауӕй кӕнут уӕ мулк ӕмӕ мӕгуыртӕн феххуыс кӕнут. Уӕхицӕн, хӕррӕгъ чи нӕ кӕны, ахӕм ӕвӕрӕндӕттӕ саразут; ӕрӕмбырд кӕнут ӕнӕихсигӕ хӕзнатӕ уӕлӕрвты — уырдӕм сӕм хуыснӕг нӕ баирвӕздзӕн ӕмӕ сӕ рӕмпӕг нӕ бахӕрдзӕн.#Мт 6:20. 34Уӕ хӕзна кӕм ис, уӕ зӕрдӕ дӕр уым уыдзӕн.
Иузӕрдион цагъартӕ ут
35Кӕддӕриддӕр ут цӕттӕ — уӕ рӕттӕ ӕрбалвасут ӕмӕ уӕ рухсгӕнӕнтӕ ссудзут.#1 Пет 1:13; Эф 3:16. 36Йӕ хицау чындзӕхсӕвӕй кӕд ӕрбацӕудзӕн, уымӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы адӕмы фӕзмут — хицау куыддӕр ӕрбахойа, афтӕ йын дуар фегом кӕндзысты. 37Тӕхудиаг сты, хӕдзары хицау куы ӕрбацӕуа, уӕд фынӕйӕ кӕй не ’рбаййафа, уыцы цагъартӕ. Ӕцӕг уын зӕгъын, уый йӕ рон ӕрбалвасдзӕни, фынджы уӕлхъус сӕ ӕрбадын кӕндзӕн ӕмӕ сын йӕхӕдӕг кӕстӕриуӕг кӕнын райдайдзӕн. 38Тӕхудиаг сты, кӕдфӕнды куы ӕрбацӕуа — ӕмбисӕхсӕв уа ӕви боныцъӕхтыл — сӕ хицау фынӕйӕ кӕй не ’рбаййафа, уыцы цагъартӕ. 39Сымах ӕй уӕхӕдӕг зонут: хуыснӕг кӕцы сахат ӕрбацӕудзӕн, уый хӕдзары хицау куы зыдтаид, уӕд йӕ хӕдзар фӕкъахын нӕ бауагътаид.#Мт 24:43; 2 Пет 3:10; 1 Фес 5:2; Ӕрг 16:15. 40Ӕмӕ сымах дӕр ут цӕттӕ, уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт фӕзындзӕни ӕнӕнхъӕлӕджы».
41Уӕд Ӕй Петр бафарста: «Хицау, ӕрмӕст махӕн дзурыс ацы фӕсномыг ныхас ӕви алкӕмӕн дӕр?» 42Бардарӕг дзуапп радта: «Чи у иузӕрдион ӕмӕ зондджын хӕдзаргӕс? Хӕринаг сын афоныл радӕттыны тыххӕй хӕдзары хицау йӕ цагъартӕн хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдзӕни?#Мт 24:45. 43Тӕхудиаг уыдзӕни уыцы цагъар, йӕ хицау йӕ фӕдзӕхст ӕххӕстгӕнгӕ кӕй ӕрбаййафа. 44Ӕцӕг уын зӕгъын, йе ’ппӕт исбон дӕр бакӕндзӕни йӕ бар. 45Фӕлӕ уыцы цагъар йӕхинымӕр афтӕ куы зӕгъа, цӕй, мӕ хицау нырма рӕхджы нӕ фӕзындзӕни, ӕмӕ уыйадыл лӕггадгӕнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты нӕмын куы райдайа, нуӕзтыл куы схӕца ӕмӕ расыгӕй куы цӕуа, 46уӕд уыцы цагъарӕн йӕ хицау, ӕнхъӕл кӕд нӕ уа, уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат фӕзындзӕн, тынг ӕй бафхӕрдзӕн ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ йе ’ууӕнчы аккаг нал скӕндзӕн. 47Йӕ хицауы фӕндон зындгонд кӕмӕн уыди, афтӕмӕй цӕттӕ чи нӕ разынд ӕмӕ йӕ чи нӕ сӕххӕст кодта, уыцы цагъар баййафдзӕни карз над.#Ин 15:22. 48Йӕ хицауы фӕндон чи нӕ зыдта, афтӕмӕй нады аккаг митӕ чи фӕкодта, уый та къаддӕр ӕфхӕрд баййафдзӕн. Хуыцау бирӕ кӕмӕн радта, уымӕй бирӕ ӕрдомдзӕн, йӕ бӕрны фылдӕр кӕмӕн бакодта, уымӕй фылдӕр ӕрцагурдзӕн.
49Ӕз зӕхмӕ арт ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн, ӕмӕ Мӕ куыд тынг фӕнды, цӕмӕй ныридӕгӕн ссудза! 50Хъуамӕ Мыл хъизӕмӕртты аргъуыдӕй саргъуыдӕуа, ӕмӕ куыд тынг удхар кӕнын, цалынмӕ уый не ’рцӕуа, уӕдмӕ!#Мт 20:22. 51Сымах афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Ӕз зӕхмӕ фидыд ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн? Зӕгъын уын: фидыд ӕрхӕссынмӕ нӕ, фӕлӕ адӕмы фӕхицӕн кӕнынмӕ.#Мт 10:34. 52Уымӕн ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ, иу хӕдзары фондз бинойнаджы ис, зӕгъгӕ, уӕд фӕхицӕнтӕ уыдзысты: ӕртӕйӕ — дыууӕйы ныхмӕ, дыууӕйӕ — ӕртӕйы ныхмӕ. 53Фыд уыдзӕни йӕ фырты ныхмӕ, фырт — йӕ фыды, мад — йӕ чызджы, чызг — йӕ мады, ӕфсин — йӕ чындзы, чындз — йе ’фсины ныхмӕ».
Рӕстӕг иртасыны тыххӕй
54Адӕмӕн та Йесо загъта: «Ныгуылӕнӕй мигъ ссӕугӕ куы фенут, уӕд фӕзӕгъут, къӕвда уыдзӕни, зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ вӕййы.#Мт 16:2. 55Хуссарӕй дымгӕ куы радымы, уӕд фӕзӕгъут, ӕнтӕф рӕстӕг уыдзӕни, зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ вӕййы. 56Дыдзӕсгӕмттӕ! Зӕххыл ӕмӕ арвыл цы уынут, уый иртасын куы зонут, уӕд ныры рӕстӕг раиртасын уӕ бон цӕуылнӕ у? 57Раст цы у, уый уӕхӕдӕг цӕуылнӕ зонут? 58Хъаст дыл чи кӕны, уыимӕ тӕрхондонмӕ фӕндагыл бафидау; науӕд дӕ тӕрхонгӕнӕгмӕ бакӕндзӕн, тӕрхонгӕнӕг дӕ ратдзӕн хъахъхъӕнӕгмӕ, ӕмӕ дӕ уый ахӕстоны сбадын кӕндзӕн.#Мт 5:25. 59Зӕгъын дын: бафидын дӕ цы хъӕуы, уый цалынмӕ фӕстаг мисхалы онг раттай, уӕдмӕ уырдыгӕй нӕ рацӕудзынӕ».

Currently Selected:

Лука 12: ИрББЛ2022

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in