YouVersion Logo
Search Icon

Лука 13

13
Фӕсмоны тыххӕй
1Уыцы рӕстӕг Йесомӕ чидӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Йын радзырдтой, Пилат нывонд хӕссыны рӕстӕг кӕй ныццагъта, уыцы галилейӕгты тыххӕй: уыдонӕн сӕ туг сӕ нывӕндты тугимӕ схӕццӕ кодта, зӕгъгӕ. 2Йесо сын загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ уыцы галилейӕгтӕ иннӕ галилейӕгтӕй тӕригъӕдджындӕр уыдысты ӕмӕ уымӕн бабын сты? 3Зӕгъын уын, нӕ уыдысты! Фӕлӕ уӕ тӕригъӕдтыл куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд сымах уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут. 4Кӕнӕ афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ, Силоамы мӕсыг кӕуыл ныккалд ӕмӕ йӕ быны чи фӕмард, уыцы ӕстдӕс лӕджы Йерусалимы иннӕ цӕрджытӕй тынгдӕр фӕазымджын сты? 5Нӕ, зӕгъын уын! Фӕлӕ уӕ тӕригъӕдтыл куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут».
Ӕнӕдыргъ легъуи бӕласы ӕмбисонд
6Ӕмӕ сын ӕмбисонд ӕрхаста: «Иу лӕгӕн йӕ сӕндоны зади легъуи бӕлас. Иуахӕмы йӕм, дыргътӕ йыл фенон, зӕгъгӕ, бацыд, фӕлӕ йыл ницы ссардта. 7Уӕд загъта сӕндонгӕсӕн: „Ныр ӕртыккаг аз цӕуын ацы легъуи бӕласмӕ, исты дыргъ ыл ссарон, зӕгъгӕ, ӕмӕ йыл ницы уынын. Акал ӕй, дзӕгъӕлы ма зӕххыл бынат дӕр цы ахсы“.#Мт 21:19. 8Фӕлӕ йын уый загъта: „Ме ’лдар, ацы аз ма йӕ бауадз. Ӕз ын йӕ алфамбылай скъахдзынӕн, фаджыс ыл ныккӕндзынӕн, 9кӕд фидӕнмӕ дыргъ раттид; кӕд нӕ ратта, уӕд-иу ӕй акал“».
Йесо сабаты сылгоймаджы сдзӕбӕх кодта
10Сабаты Йесо синагогӕтӕй иуы ахуыр кодта адӕмы. 11Уым уыди, хъарусӕттӕг ӕнӕзӕгъинаг ӕстдӕс азы дӕргъы уӕгъд кӕй нӕ уагъта, ахӕм сылгоймаг. Уый афтӕ ныкъкъӕдзтӕ ис, ӕмӕ йӕхи сӕмраст кӕнын йӕ бон ӕппындӕр нӕ уыди. 12Йесо йӕ куы федта, уӕд ӕм фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Хорз ус, дӕ низӕй суӕгъд дӕ». 13Йӕ къухтӕ йыл ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ сылгоймаг уайтагъд сӕмраст ис ӕмӕ райдыдта Хуыцауы стауын.
14Уӕд синагогӕйы хицау смӕсты ис, Йесо сылгоймаджы сабаты кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Кусынӕн ис ӕхсӕз боны, гъемӕ-иу уӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ уыцы бонты цӕут, сабаты та — нӕ».
15Йесо йын дзуапп радта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, алчидӕр уӕ сабаты йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕджы кӕвдӕсӕй не суадзы ӕмӕ йӕ донмӕ нӕ аскъӕры? 16Уӕдӕ сайтан ӕстдӕс азы дӕргъы бастӕй кӕй фӕдардта, Авраамы уыцы чызджы йӕ бӕттӕнтӕй сабаты цӕуылнӕ ис суӕгъд кӕнӕн?» 17Йесо уый куы загъта, уӕд Йӕ ныхмӕлӕуджытӕ иууылдӕр фефсӕрмы сты, ӕппӕт адӕм та цин кодтой Йӕ диссаджы хъуыддӕгтыл.
Хъыцъыйы нӕмыг ӕмӕ ӕнхъизӕны ӕмбисӕндтӕ
18Уый фӕстӕ Йесо загъта: «Цӕй хуызӕн у Хуыцауы Паддзахад? Цӕимӕ йӕ абарон?#Мт 13:31; Мк 4:30. 19Уый у, адӕймаг йӕ цӕхӕрадоны кӕй байтыдта, уыцы хъыцъыйы нӕмыгау. Тау суагъта нӕмыг, сбӕлас ис, ӕмӕ йын уӕларвон мӕргътӕ йӕ къалиутыл ахстӕттӕ скодтой».
20Йесо та загъта: «Цӕимӕ абарон Хуыцауы Паддзахад?#Мт 13:33. 21Уый у, сылгоймаг ссады ӕртӕ сасирыл кӕй бафтыдта ӕмӕ хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, уыцы ӕнхъизӕнау».
Нарӕг дуар
22Йесо зылди сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл ӕмӕ ахуыр кодта адӕмы. Йӕ фӕндаг дардта Йерусалиммӕ.#Мт 9:35; Мк 6:6.
23Чидӕр Ӕй бафарста: «Хицау, чи фервӕздзӕн, уыдон, ӕцӕг, бирӕ не сты?» Йесо дзуапп радта: 24«Архайут нарӕг дуарыл бацӕуыныл. Уымӕн ӕмӕ, зӕгъын уын, бирӕтӕ бахизыныл архайдзысты, фӕлӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕни.#Мт 7:13. 25Хӕдзары Хицау куы сыста ӕмӕ дуӕрттӕ куы сӕхгӕна, уӕд сымах, ӕдде лӕугӕйӕ, дуар хойын райдайдзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: „Хицау, Хицау, байгом нын кӕн!“ Фӕлӕ уын Уый дзуапп ратдзӕни: „Чи стут ӕмӕ кӕцӕй стут, уый нӕ зонын“.#Мт 7:23; 25:10; Лк 6:46. 26Уӕд дзурдзыстут: „Мах Дӕ разы хордтам ӕмӕ нуӕзтам, адӕмы нӕ уынгты ахуыр кодтай“. 27Фӕлӕ уын Уый зӕгъдзӕни: „Зӕгъын уын: чи стут ӕмӕ кӕцӕй стут, уый нӕ зонын. Иууылдӕр уӕхи айсут Мӕ разӕй, тӕригъӕдджынтӕ!“#Мт 25:41; 1 Кор 8:3; 2 Тим 2:19. 28Ӕмӕ уырдыгӕй хъуысдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс, Авраамы, Исаакы, Йаковы, стӕй пехуымпарты се ’ппӕты дӕр Хуыцауы Паддзахады куы фенат, уӕхи та уын ӕддӕмӕ куы расурой, уӕд. 29Адӕм ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, цӕгат ӕмӕ хуссарӕй ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады фынгыл ӕрбаддзысты. 30Ӕмӕ абоны фӕстӕгтӕй бирӕтӕ суыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕй та — фӕстӕгтӕ».#Мт 19:30; Мк 10:31; Хъуыд 10:45; 28:28.
Йесо кӕуы Йерусалимы фидӕныл
31Уыцы рӕстӕг Ӕм фарисейтӕй чидӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Дӕхи ардыгӕй ӕндӕр ранмӕ айс, уымӕн ӕмӕ Дӕ Ирод амарынмӕ хъавы». 32Йесо сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уыцы рувасӕн зӕгъут: „Мӕнӕ ма абон ӕмӕ райсом сурын дӕлимонты, дзӕбӕх кӕнын рынчынты ӕмӕ иннӕбон фӕуыдзынӕн Мӕ куыст“. 33Ӕниу, абон, райсом ӕмӕ иннӕбон дӕр фӕндагыл хъуамӕ уон, уымӕн ӕмӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ пехуымпары Йерусалимы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр искуы амарой.
34Йерусалим, Йерусалим! Пехуымпарты марӕг ӕмӕ Хуыцауӕй ӕрвыстыты дуртӕй цӕгъдӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнынмӕ, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!#Мт 23:37. 35Ныр уын ӕнӕхицауӕй уагъдӕуы уӕ хӕдзар. Ӕмӕ уын дзурын: цалынмӕ афтӕ зӕгъат: „Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг!“, уӕдмӕ Мӕ нал фендзыстут».

Currently Selected:

Лука 13: ИрББЛ2022

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in