Лука 14
14
Доннизӕй рынчын сдзӕбӕх
1Иу сабаты Йесо сихор хӕрынмӕ фарисейты хистӕртӕй иуы хӕдзармӕ бацыд, ӕмӕ Йӕм фарисейтӕ сӕ цӕст дардтой. 2Уым Йӕ бакомкоммӕ бадти, доннизӕй рынчын чи уыди, ахӕм лӕг. 3Йесо бафарста динамонджытӕ ӕмӕ фарисейты: «Сабаты рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмбӕлы ӕви нӕ?» 4Уыдон ныхъхъус сты. Уӕд бавнӕлдта рынчынмӕ, сдзӕбӕх ӕй кодта ӕмӕ йӕ арвыста. 5Уыдонӕн та загъта: «Искӕмӕн уӕ сабаты йӕ хӕрӕг кӕнӕ йӕ гал цъайы куы ныххауа, уӕд ӕй уыцы сахат не сласдзӕн, ӕви?» 6Ӕмӕ Йын дзуапп раттын сӕ бон нӕ уыди.
Кадджын бынӕттӕ фынджы уӕлхъус
7Йесо бафиппайдта, хуынд адӕмӕй алчидӕр уӕле сбадыныл куыд архайдта, уый ӕмӕ сын радзырдта ӕмбисонд: 8«Исчи дӕ чындзӕхсӕвмӕ куы фӕхона, уӕд уӕле ма сбад, цӕмӕй, хуындтыты ӕхсӕн дӕуӕй кадджындӕр куы разына, 9уӕд, уӕ дыууӕйы дӕр чи фӕхуыдта, уый дӕм ма бацӕуа ӕмӕ дын ма зӕгъа: „Дӕ бынат уымӕн ратт“. Ӕмӕ уӕд къӕмдзӕстыгӕй фынджы кӕрон сбаддзынӕ. 10Фӕлӕ, хуынды уӕвгӕйӕ, фынгыл ӕппӕты дӕле сбад, цӕмӕй дӕм фысым бацӕуа ӕмӕ дын зӕгъа: „Мӕ хӕлар, уӕлдӕр сбад“. Ӕмӕ уӕд иннӕ уазджыты цӕсты уыдзынӕ кадджын. 11Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд бынаты чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи ныллӕг чи кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».#Мт 23:12; Лк 18:14.
12Фысымӕн та Йесо загъта: «Сихор кӕнӕ ӕхсӕвӕры фынгмӕ дӕ хӕлӕрттӕ, де ’фсымӕртӕ, дӕ хӕстӕджытӕ кӕнӕ хъӕздыг сыхӕгты ма фӕхон, уымӕн ӕмӕ дӕ иу бон уыдон дӕр фӕхондзысты ӕмӕ дын уымӕй дӕ хорздзинад бафиддзысты. 13Фӕлӕ куывд куы кӕнай, уӕд ӕрхон мӕгуырты, цӕнкуылты, къуылыхты ӕмӕ куырмыты. 14Тӕхудиаг уыдзынӕ, сӕ бон дын ӕй бафидын кӕй нӕу, уымӕй. Уымӕн ӕмӕ дын уый тыххӕй рӕстудты райгасы бон хӕрзиуӕг рардӕуыдзӕн».
Стыр куывды ӕмбисонд
15Уый фехъусгӕйӕ, уазджытӕй иу Йесойӕн загъта: «Тӕхудиаг у, Хуыцауы Паддзахады фынгыл минас чи кӕна, уый!» 16Йесо та йын дзуапп радта: «Иу лӕг стыр куывд скодта ӕмӕ бирӕты фӕхуыдта.#Мт 22:2; Ӕрг 19:9. 17Фынг куы сцӕттӕ ис, уӕд хуынд адӕммӕ йӕ лӕггадгӕнӕджы арвыста, цӕмӕй сын зӕгъа: „Табуафси, саккаг кӕнут, алцыдӕр цӕттӕ у“. 18Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр, цыма ӕмдзырд бакодтой, уыйау ӕфсӕнттӕ кӕнынмӕ фесты. Сӕ иу загъта: „Зӕхх балхӕдтон ӕмӕ йӕм хъуамӕ уынӕг ацӕуон. Хатырӕй мын уӕд“. 19Дыккаг загъта: „Фондз цӕды галтӕ балхӕдтон ӕмӕ сӕ фӕлварынмӕ цӕуын. Хатырӕй мын уӕд“. 20Ӕртыккаг загъта: „Ус ӕрхастон, ӕмӕ мын уымӕ гӕсгӕ нӕй цӕуӕн“. 21Лӕггадгӕнӕг ӕрбаздӕхт ӕмӕ уыдӕттӕ иууылдӕр йӕ хицауӕн радзырдта. Хицау смӕсты ис ӕмӕ йын загъта: „Рӕвдз ауай сахары уынгтӕ ӕмӕ фисынтӕм ӕмӕ мӕгуырты, цӕнкуылты, куырмыты ӕмӕ къуылыхты ӕрбахон“.#Мт 5:3; 1 Кор 1:27-28. 22Лӕггадгӕнӕг загъта: „Ме ’лдар, цы мын загътай, уый бакодтон, фӕлӕ ма дзы ноджыдӕр бынӕттӕ ис“. 23Хицау та йын афтӕ: „Ауай стыр фӕндӕгтӕ ӕмӕ къахвӕндӕгтӕм ӕмӕ, кӕуыл фембӕлай, уыдонӕй алкӕй дӕр сразы кӕн, цӕмӕй ӕрцӕуой ӕмӕ мӕ хӕдзар адӕмӕй байдзаг уа. 24Зӕгъын уын, раздӕр кӕй хуыдтон, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕхъӕстӕ уыдзӕн мӕ куывды фынгӕй. [Уымӕн ӕмӕ хуындтытӕ бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ — чысыл.]“»#Мт 22:8.
Домӕнтӕ ахуыргӕнинӕгтӕм
25Йесоимӕ цыди бирӕ адӕм. Уый сӕм разылдис ӕмӕ сын загъта: 26«Чи Мӕм ӕрбацӕуа, уый йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ зӕнӕджы, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, уӕлдайдӕр та йӕ цард Мӕнӕй фылдӕр куы уарза, уӕд Мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.#Мт 10:37. 27Йӕ дзуар чи нӕ хӕссы ӕмӕ афтӕмӕй Мӕ фӕдыл чи нӕ цӕуы, уый Мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.#Мт 10:38; 16:24; Мк 8:34; Лк 9:23; 2 Тим 3:12. 28Исчи уӕ мӕсыг амайын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕнис ӕмӕ, йӕ саразынӕн ӕй цытӕ хъӕуы, уыдӕттӕ нӕ банымайдзӕн, цӕмӕй, цас хардз ӕй хъӕуы, уый бӕрц ӕм ис ӕви нӕ, уый базона? 29Науӕд ын бындур куы ӕрӕвӕра, фӕлӕ йӕ кӕронмӕ самайын куынӕ бафӕраза, уӕд уый чи фена, уыдон ыл иууылдӕр худдзысты 30ӕмӕ дзурдзысты: „Ацы лӕг амайын райдыдта, фӕлӕ йын кӕронмӕ йӕ самайын нӕ бантысти“. 31Кӕнӕ иу паддзах иннӕйы ныхмӕ хӕстмӕ рацӕуын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕни, мыййаг, ӕмӕ, ссӕдз минимӕ йӕ размӕ чи рацӕуы, уый ныхмӕ дӕс минимӕ фӕлӕууын йӕ бон бауыдзӕн ӕви нӕ, уый тыххӕй рагацау нӕ бауынаффӕ кӕндзӕн? 32Ӕмӕ йӕм йӕ ныфс куынӕ хӕсса, уӕд, цалынмӕ ма дард у, уӕдмӕ йӕм бафидауыны охыл минӕвӕрттӕ арвитдзӕни. 33Уӕдӕ Мын сымахӕй дӕр ахуыргӕнинагӕн ничи бӕззы, цыдӕриддӕр ӕм ис, уыдӕттӕ куынӕ ныууадза, уӕд.
34Цӕхх хорз у, фӕлӕ цӕххӕн йӕ ад куы фесӕфа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ?#Мт 5:13; Мк 9:50. 35Ӕгӕрыстӕмӕй мӕрмӕ бахӕссынӕн дӕр нал фӕбӕззы, ӕмӕ йӕ акалынц. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»
Currently Selected:
Лука 14: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022