YouVersion Logo
Search Icon

Апостолты хъуыддӕгтӕ 18

18
Павел Коринфы
1Уый фӕстӕ Павел ныууагъта Афинтӕ ӕмӕ араст ис Коринфмӕ. 2Уым сӕмбӕлди, йӕ ном Акилӕ кӕмӕн уыд, ахӕм цавӕрдӕр понтаг иудейагыл йӕ ус Прискиллӕимӕ. Уыдон ӕрӕджы ӕрцыдысты Италийӕ, уымӕн ӕмӕ, кесӕр Клавдийы бардзырдмӕ гӕсгӕ, ӕппӕт иудейӕгтӕ дӕр хъуамӕ Ромӕй ацыдаиккой. Павел ӕрбацыди уыдонмӕ,#Ром 16:3; 2 Тим 4:19. 3баззад сӕм ӕмӕ куыста семӕ, уымӕн ӕмӕ сӕм Павелимӕ иу дӕсныйад уыди — цатыртӕ аразын.#Хъуыд 20:34; 1 Кор 4:12; 1 Фес 2:9; 2 Фес 3:8. 4Алы сабат та ныхас кодта синагогӕйы, йӕхи хъардта иудейӕгты ӕмӕ муртаттӕгты баууӕндын кӕныныл.
5Силӕ ӕмӕ Тимофей Македонийӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Павел йӕ рӕстӕг иууылдӕр бахардз кодта Хуыцауы ныхас амоныныл — иудейӕгты ӕууӕндын кодта, Йесо Хуыцауы Байсӕрст кӕй у, ууыл.#Хъуыд 17:14. 6Фӕлӕ уыдон йӕ ныхмӕ кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ кӕй фаудтой, уымӕ гӕсгӕ Павел ацагъта йӕ дарӕсы рыг ӕмӕ сын загъта: «Уе сӕфт уӕхи тыххӕй ӕрцӕудзӕн, ӕз сыгъдӕг дӕн ӕмӕ ныр муртаттӕгтӕм цӕуын».#Мт 10:14; Хъуыд 13:46,51; 20:26.
7Павел араст уырдыгӕй ӕмӕ ӕрцыди, Хуыцауы чи нымадта, иу ахӕм лӕджы хӕдзармӕ, йӕ ном — Титий Иуст; йӕ хӕдзар уыди синагогӕйы фарсмӕ. 8Синагогӕйы хицау Крисп йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ баууӕндыд Йесойыл. Коринфӕгтӕй Павелмӕ чи байхъуыста, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ аргъуыд райстой.#1 Кор 1:14.
9Иу хатт ӕхсӕвы Павелмӕ фӕзынд Бардарӕг ӕмӕ йын загъта: «Тӕрсгӕ ма кӕн, фӕлӕ дзур ӕнӕрынцайгӕйӕ.#Хъуыд 23:11. 10Ӕз демӕ дӕн, ӕмӕ дӕм фыдбылыз саразынмӕ никӕй къух баххӕсдзӕн, уымӕн ӕмӕ Мын ацы сахары бирӕ адӕм ис».#Мт 28:20. 11Ӕмӕ дзы Павел баззад афӕдз ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы, адӕмы ахуыр кодта Хуыцауы Дзырдыл.
12Фӕлӕ Ахайӕн йӕ хицау Галлион куы уыди, уӕд иудейӕгтӕ ӕмвӕндӕй балӕбурдтой Павелмӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой тӕрхондонмӕ, 13ацы лӕг Хуыцаумӕ кувыныл Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ ахуыр кӕны, зӕгъгӕ.
14Павел йӕ дзых дӕр нӕма байгом кодта, афтӕ Галлион иудейӕгтӕн загъта: «Иудейӕгтӕ, исты фыдбылыз кӕнӕ фыдракӕнд куы ӕрцыдаид, уӕд мын ӕфсон уыдаид сымахмӕ байхъусынӕн. 15Фӕлӕ кӕд ныхӕстыл, нӕмттыл ӕмӕ уе ’Гъдауыл у уӕ быцӕу, уӕд уӕ бар уӕхи. Ахӕм хъуыддӕгты уын ӕз тӕрхонгӕнӕг нӕ уыдзынӕн».#Хъуыд 23:29.
16Уыйадыл сӕ тӕрхондонӕй ратардта. 17Уӕд иууылдӕр синагогӕйы хицау Сосфеныл сӕхи ныццавтой ӕмӕ йӕ тӕрхондоны раз нӕмын райдыдтой. Фӕлӕ Галлион уый хъуыды дӕр не ’ркодта.#1 Кор 1:1.
Павел ӕрбаздӕхт Антиохимӕ
18Павел Коринфы дзӕвгар бафӕстиат, стӕй хӕрзбон загъта ӕфсымӕртӕн ӕмӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕимӕ науы ацыди Сиримӕ. Хуыцауӕн дзырд кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ балцы размӕ Кенхрейы алвыдта йӕ сӕр.#Хъуыд 21:24. 19Бахӕццӕ сты Эфесмӕ. Уым ныууагъта Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы, йӕхӕдӕг та синагогӕмӕ бацыд ӕмӕ иудейӕгтимӕ ныхас кӕнын райдыдта. 20Уыдон ӕм ӕрхатыдысты, цӕмӕй сӕм иу цасдӕр афӕстиат уа, фӕлӕ Павел не сразы. 21Цӕуыны размӕ сын загъта: «[Цы бӕрӕгбон ӕрхӕццӕ кӕны, уый ӕз ӕнӕмӕнг Йерусалимы хъуамӕ арвитон.] Хуыцауы фӕндӕй та уӕм ӕрыздӕхдзынӕн».
Ӕмӕ науы ацыдис Эфесӕй.#Йак 4:15; 1 Кор 4:19. 22Кесарийы рахызти науӕй ӕмӕ ӕрцыд Йерусалиммӕ. Уым аргъуаны фембӕлд уырнджытимӕ ӕмӕ араст Антиохимӕ. 23Иу цасдӕр дзы куы фӕци, уӕд араст ӕмӕ ӕрзылди Галати ӕмӕ Фригийы бӕстӕтыл, йӕ фӕндагыл фидар кодта ӕппӕт ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад.
Аполлос амоны Эфесы
24Иу цавӕрдӕр александриаг иудейаг, йӕ ном — Аполлос, ӕрцыд Эфесмӕ. Аполлос уыди дзырдарӕхст лӕг, хорз зыдта Сыгъдӕг Фыст.#1 Кор 1:12; 16:12. 25Бардарӕджы фӕндаг цы у, уый йын бацамындӕуыд, ӕмӕ Йесойы тыххӕй дзырдта ӕмӕ ахуыр кодта тынг зӕрдиагӕй, стӕй раст, кӕд ӕрмӕст Иоанны аргъуыд зыдта, уӕддӕр.#Хъуыд 19:3; Ром 12:11. 26Аполлос ныфсджынӕй дзурын райдыдта синагогӕйы. Акилӕ ӕмӕ йӕм Прискиллӕ куы байхъуыстой, уӕд ӕй ахуыдтой сӕхимӕ ӕмӕ йын бӕлвырддӕр бацамыдтой Хуыцауы фӕндаг. 27Ахаймӕ цӕуыны фӕнд ӕм куы фӕзынд, уӕд ын ӕфсымӕртӕ баххуыс кодтой, стӕй ныффыстой ахуыргӕнинӕгтӕм, цӕмӕй йыл баузӕлой. Уырдӕм куы ӕрцыд, уӕд тынг ахъаз фӕци, Хуыцауы хорзӕхы руаджы чи баууӕндыд, уыдонӕн. 28Ӕппӕт адӕмы раз-иу йӕ тыхджын ныхасӕй басаста иудейӕгты — Сыгъдӕг Фысты фӕрцы ӕмбарын кодта, Йесо Чырысти кӕй у, уый.

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in