YouVersion Logo
Search Icon

Апостолты хъуыддӕгтӕ 19

19
Павел Эфесы
1Аполлос Коринфы куы уыд, уыцы рӕстӕг Павел ахызти хӕхбӕстӕтыл ӕмӕ ӕрцыд Эфесмӕ. Уым фембӕлд цалдӕр ахуыргӕнинагыл#Хъуыд 18:21. 2ӕмӕ сӕ бафарста: «Куы баууӕндыдыстут, уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын стут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Сыгъдӕг Уды кой мах хъусгӕ дӕр нӕ фӕкодтам».#Ин 7:39. 3Уӕд сӕ бафарста: «Уӕдӕ уыл цавӕр аргъуыдӕй саргъуыдӕуыд?» Уыдон дзуапп радтой: «Иоанны аргъуыдӕй». 4Павел загъта: «Иоанн аргъуыдта, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кодта, уыдоныл. Уый дзырдта адӕмӕн, цӕмӕй баууӕндой, йӕ фӕстӕ Чи ӕрцӕуы, Ууыл, ома Йесойыл».#Мт 3:11; Мк 1:8; Лк 3:16; Ин 1:26; Хъуыд 1:5.
5Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд аргъуыд райстой Бардарӕг Йесойы номыл. 6Павел сыл йӕ къухтӕ куы авӕрдта, уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын сты, райдыдтой ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕнын.#Хъуыд 8:17. 7Уыдысты иу-дыууадӕс лӕджы бӕрц.
8Павел ацыд синагогӕмӕ ӕмӕ ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕдӕрсгӕ пехуымпариуӕг кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ адӕмы ӕууӕндын кодта. 9Фӕлӕ иуӕй-иутӕ хъӕддыхӕй ныхмӕ куы лӕууыдысты, куы не ’ууӕндыдысты ӕмӕ адӕмы раз ӕргом куы фаудтой Бардарӕджы фӕндаг, уӕд сӕ Павел ныууагъта, рахицӕн кодта ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ ӕрвылбон семӕ ныхас кодта Тиранны скъолайы. 10Афтӕ ахаста дыууӕ азы, ӕмӕ Азийы ӕппӕт цӕрджытӕ — иудейӕгтӕ дӕр ӕмӕ муртаттӕгтӕ дӕр — фехъуыстой Бардарӕджы ныхас.#2 Тим 1:15.
Скевӕйы фырттӕ
11Хуыцау Павелы уылты арӕзта ӕнахуыр диссӕгтӕ.#Мк 16:20; Ин 14:12. 12Рынчынтыл-иу ӕрӕвӕрдтой Павелы къухмӕрзӕнтӕ ӕмӕ раздарӕнтӕ, ӕмӕ-иу адзӕбӕх сты сӕ низтӕй, ӕнӕзӕгъинӕгтӕ-иу рацыдысты сӕ хуылфӕй. 13Иудейаг хӕтӕг кӕлӕнгӕнджытӕй дӕр иуӕй-иутӕ ацархайдтой Бардарӕг Йесойы номӕй пайда кӕныныл — дӕлимонты-иу куы сырдтой, уӕд дзырдтой: «Бардзырд уын дӕттӕм, Павел Кӕй тыххӕй дзуры, уыцы Йесойы номӕй». 14Афтӕ кодтой цавӕрдӕр иудейаг алчер Скевӕйы авд фырты дӕр. 15Фӕлӕ сын ӕнӕзӕгъинаг загъта: «Йесойы зонын, Павел дӕр мын зындгонд у, сымах та чи стут?»#Мк 1:24,34. 16Уӕд сыл, ӕнӕзӕгъинаг кӕй мидӕг уыд, уыцы адӕймаг йӕхи ныццавта ӕмӕ сын ахӕм над скодта, ӕмӕ уыцы хӕдзарӕй лидзӕг фесты бӕгънӕгӕй ӕмӕ цӕфтӕй. 17Уыцы хабар айхъуыст Эфесы ӕппӕт цӕрджытыл — иудейӕгтыл дӕр ӕмӕ муртаттӕгтыл дӕр, се ’ппӕты дӕр тас бацыд, ӕмӕ Бардарӕг Йесойы ном кадджынӕй-кадджындӕр кодта. 18Чи баууӕндыд, уыдонӕй-иу бирӕтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ ӕргом кодтой се ’взӕр митӕ.#Мт 3:6. 19Кӕлӕнгӕнджытӕй бирӕтӕ иу ранмӕ ӕрбахастой сӕ чингуытӕ ӕмӕ сӕ басыгътой ӕппӕт адӕмы раз. Чингуыты аргъ куы банымадтой, уӕд рауад дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз мин драхмӕйы. 20Афтӕ Бардарӕджы ныхас парахатдӕр ӕмӕ ахадгӕдӕр кодта.#Хъуыд 6:7; 12:24.
Змӕст Эфесы
21Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ Павелы бафӕндыд Македони ӕмӕ Ахайыл Йерусалиммӕ ацӕуын. Павел загъта: «Йерусалимы фӕстӕ хъуамӕ бабӕрӕг кӕнон Ром дӕр».#Хъуыд 28:14; Ром 1:11. 22Йӕ ӕххуысгӕнджытӕй дыууӕйы, Тимофей ӕмӕ Эрасты, арвыста Македонимӕ, йӕхӕдӕг та рӕстӕгмӕ баззад Азийы.
23Уыцы рӕстӕг стыр змӕст ӕрцыди Бардарӕджы Фӕндаджы ныхмӕ. 24Иу зӕрингуырд, йӕ ном — Димитрий, ӕвзистӕй кодта сылгоймаг-хуыцау Артемидӕйы кувӕндӕттӕ ӕмӕ уымӕй ӕрмдӕснытӕн лӕвӕрдта стыр ӕфтиаг райсыны фадат. 25Димитрий уыдоны дӕр ӕмӕ ма ӕндӕр ӕрмдӕсныты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын загъта: «Хорз адӕм, сымах зонут, нӕ фӕрныг цард ацы куыстӕй аразгӕ кӕй у. 26Афтӕмӕй та уынут ӕмӕ хъусут, ӕрмӕст Эфесы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Азийы дӕр уыцы Павел кӕй асайдта бирӕ адӕмы — баууӕндын сӕ кодта, адӕймаджы къухтӕ кӕй сарӕзтой, уыдон хуыцӕуттӕ не сты, зӕгъгӕ. 27Махӕн дзы уымӕй тӕссаг у, ӕмӕ сӕгад уыдзӕн канд нӕ дӕсныйад нӕ, фӕлӕ ӕппындӕр цӕсты нал ахаддзӕн стыр сылгоймаг-хуыцау Артемидӕйы кувӕндон дӕр; ӕмӕ йӕ ном нал нӕрдзӕн, ӕппӕт Аси ӕмӕ ӕппӕт дуне кӕмӕн кувынц, уыцы сылгоймаг-хуыцауӕн». 28Уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ маст рафыхт ӕмӕ хъӕр систой: «Кадджын уӕд Стыр Эфесаг Артемидӕ!»
29Ӕгас сахар ӕддӕг-мидӕг ауади. Адӕм ӕрцахстой Павелы македойнаг ӕмбӕлццӕттӕ Гайос ӕмӕ Аристархы ӕмӕ ӕмгуылфӕй атындзыдтой театрмӕ.#Хъуыд 16:19; 20:4; Кол 4:10. 30Павелы фӕндыд адӕммӕ рацӕуын, фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бауагътой. 31Асиаг хицӕуттӕй иуӕй-иутӕ — йӕ хӕлӕрттӕ — арвыстой Павелмӕ ӕмӕ дзы куырдтой, театрмӕ ма рацу, зӕгъгӕ. 32Ныр адӕмӕй иутӕ иу хъӕр кодтой, иннӕтӕ та — иннӕ. Кӕрӕдзийы нал ӕмбӕрстой, сӕ фылдӕр нӕ зыдтой, цӕй фӕдыл ӕрӕмбырд сты, уый. 33Иудейӕгтӕ размӕ рацӕуын кодтой Александры. Уый йӕ къухӕй ацамыдта, цӕмӕй адӕм басабыр уой, ӕмӕ хъавыди дзыллӕйы раз йӕхиуӕтты сраст кӕнынмӕ.#1 Тим 1:20; 2 Тим 4:14. 34Фӕлӕ, иудейаг кӕй у, уый куы базыдтой, уӕд дыууӕ сахаты бӕрц ӕмхъӕр кодтой: «Стыр у Эфесаг Артемидӕ!»
35Сахары хицӕуттӕй иу ӕрсабыр кодта адӕмы ӕмӕ загъта: «Эфесӕгтӕ, чи уӕ нӕ зоны, Эфесы сахар стыр Артемидӕйы кувӕндонӕн ӕмӕ, уӕларвӕй чи ӕрхауд, йӕ уыцы фӕлгонцӕн лӕггадгӕнӕг кӕй у, уый? 36Ӕмӕ кӕд уый дызӕрдыггаг нӕу, уӕд хъуамӕ уат сабыр ӕмӕ сӕртӕг митӕй уӕхи бахизат. 37Сымах та ӕрбакодтат, кувӕндон дӕр чи нӕ фӕкъахта ӕмӕ нын нӕ сылгоймаг-хуыцауы дӕр чи нӕ фаудта, уыцы лӕгты. 38Кӕд Димитрий ӕмӕ иннӕ ӕрмдӕснытӕ искӕмӕй хъаст кӕнынц, уӕд ис тӕрхондӕттӕ, ис хицӕуттӕ — уырдӕм бахъаст кӕнӕнт. 39Кӕд уын уый фаг нӕу, уӕд, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, фарстӕн алыггӕнӕн ис адӕмон ӕмбырды. 40Махӕн тӕссаг у, абон цы змӕст ӕрцыд, уый тыххӕй нӕ куы фӕзылын кӕной, уымӕй. Ацы змӕстӕн ӕфсон нӕй, ӕмӕ нӕхи сраст кӕнын нӕ бон нӕ бауыдзӕн».
Уыцы ныхӕсты фӕстӕ ауагъта адӕмы.

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in