1
Райдиан 15:6
Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета
Аврам баууӕндыди Дунедарӕгыл, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ Уый банымадта рӕстгӕнӕгыл.
Yenzanisa
Ongorora {{vhesi}}
2
Райдиан 15:1
Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, Аврам! Ӕз дӕ хъахъхъӕнын уартау. Стыр уыдзӕни дӕ хӕрзиуӕг».
3
Райдиан 15:5
Цатырӕй рацӕуын кодта Аврамы ӕмӕ йын загъта: «Скӕс-ма арвмӕ ӕмӕ стъалытӕ банымай. Бантысдзӕни дын сӕ банымайын?» Загъта ма йын: «Гъе уый бӕрц уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ».
4
Райдиан 15:4
«Дӕ цагъармӕ не ’рхаудзысты дӕ бынтӕ, — загъта йын Дунедарӕг. — Дӕхицӕн уыдзӕни фырт».
5
Райдиан 15:13
Дунедарӕг Аврамӕн загъта: «Уый зон, ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггагӕй цӕрдзысты, цагъартӕ сӕ скӕндзысты, ӕмӕ сӕ цыппарсӕдӕ азы дӕргъы ссӕнддзысты.
6
Райдиан 15:2
Фӕлӕ Аврам загъта: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Цы кӕнын уыцы хӕрзиуӕгӕй, кӕд ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амӕлдзынӕн ӕмӕ мӕ бынтӕ дамаскаг Елиезерӕн баззайдзысты, уӕд?»
7
Райдиан 15:18
Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Ӕз ацы зӕхх дӕттын дӕ байзӕддӕгтӕн, Мысыры цӕугӕдонӕй Евфраты стыр доны онг.
8
Райдиан 15:16
Дӕ байзӕддӕгтӕн ӕрмӕст сӕ цыппӕрӕм фӕлтӕр ӕрбаздӕхдзысты ардӕм, уымӕн ӕмӕ аморӕгты тӕригъӕдтӕ фаг нӕма сбирӕ сты».
Pekutangira
Bhaibheri
Zvirongwa
Mavideo