YouVersion लोगो
खोज आइकन

Иоанн 8

8
Тӕригъӕдджын сылгоймаг
1Йесо та Елеоны хохмӕ ссыди. 2Фӕлӕ райсомӕй раджы ногӕй Кувӕндонмӕ ӕрыздӕхт, ӕмӕ адӕм иууылдӕр цыдысты Уымӕ. Уый ӕрбадт ӕмӕ сын амонын райдыдта. 3Уӕд динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрбакодтой, хӕзгулимӕ кӕй баййӕфтӕуыд, ахӕм сылгоймаджы. Ӕрлӕууын ӕй кодтой адӕмы раз 4ӕмӕ Йесомӕ дзурынц: «Ахуыргӕнӕг, ацы сылгоймаджы баййӕфтой хӕзгулимӕ. 5Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ахӕмты дурты бын фӕкӕнын хъӕуы. Ды та цы зӕгъдзынӕ?» 6Афтӕ Йӕ барӕй фарстой, цӕмӕй исты зӕгъа ӕмӕ Йӕ фӕзылынджын кӕной. Фӕлӕ Йесо ӕргуыбыр кодта ӕмӕ Йе ’нгуылдзӕй зӕххыл цыдӕртӕ фыста. 7Куы нал ӕмӕ Йӕ куынӕуал уагътой, уӕд сӕм скаст ӕмӕ сын загъта: «Ӕнӕтӕригъӕд уӕ чи у, уый йыл дур фыццаг фехсӕд». 8Ӕмӕ та ногӕй ӕргуыбыр кодта зӕхмӕ ӕмӕ дарддӕр цыдӕртӕ фыста.
9Уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд сын се ’фсарм тӕрхон кӕнын райдыдта ӕмӕ куыд хистӕрӕй иу иннӕйы фӕдыл уырдыгӕй сӕхи айстой. Фӕстагмӕ ма дзы баззадысты ӕрмӕстдӕр Йесо ӕмӕ уыцы сылгоймаг. 10Уӕд Йесо Йӕ сӕрыл схӕцыд ӕмӕ сылгоймаджы бафарста: «Хорз ус, уыцы адӕм цы фесты? Тӕрхон дын сӕ ничи рахаста?» 11Уый дзуапп радта: «Ничи, ме ’лдар!» Йесо йын загъта: «Ӕз дӕр дын нӕ тӕрхон кӕнын. Ацу ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ тӕригъӕд мауал ракӕн».
Йесо — дунейӕн рухс
12Йесо дарддӕр адӕмӕн дзырдта: «Ӕз дунейӕн рухс дӕн. Мӕ фӕдыл чи рацӕуа, уый талынджы нӕ цӕудзӕни, фӕлӕ схайджын уыдзӕн царды рухсӕй».#Ин 1:5; 9:5; 1 Ин 1:5. 13Уӕд Ын фарисейтӕ загътой: «Дӕхи тыххӕй Дӕхӕдӕг дзурыс, ӕмӕ Дӕ ныхас ӕцӕг нӕу». 14Йесо сын дзуапп радта: «Кӕд Ӕз Мӕхи тыххӕй Мӕхӕдӕг дзурын, уӕддӕр Мӕ ныхас ӕцӕг у, уымӕн ӕмӕ Ӕз, кӕцӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ кӕдӕм цӕуын, уый зонын. Сымах та йӕ нӕ зонут, кӕцӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ кӕдӕм цӕуын, уый. 15Сымах тӕрхон кӕнут адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, Ӕз та тӕрхон никӕмӕн кӕнын. 16Стӕй Ӕз тӕрхон куы кӕнон, уӕддӕр Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз иунӕг нӕ дӕн — Мӕ рарвитӕг Фыд Мемӕ ис. 17Уе ’Гъдауы дӕр афтӕ фыст ис, дыууӕ адӕймаджы ӕвдисӕнад раст у, зӕгъгӕ.#Мт 18:16; Дзут 10:28. 18Ӕз Мӕхи тыххӕй ӕвдисӕн лӕууын, ӕмӕ Мӕн тыххӕй ӕвдисӕн лӕууы Мӕ рарвитӕг Фыд дӕр». 19Уӕд Ӕй бафарстой: «Кӕм ис Дӕ Фыд?» Йесо сын дзуапп радта: «Сымах нӕдӕр Мӕн зонут, нӕдӕр Мӕ Фыды. Мӕн куы зониккат, уӕд Мӕ Фыды дӕр зониккат».
20Йесо ацы ныхӕстӕ загъта, Кувӕндоны хӕзнадоны цур куы амыдта, уӕд. Фӕлӕ Йӕ ничи ӕрцахста, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.
21Ӕмӕ та сын Йесо ногӕй загъта: «Ӕз цӕугӕ кӕнын. Агурдзыстут ма Мӕ, фӕлӕ уӕ тӕригъӕды амӕлдзыстут. Ӕз кӕдӕм цӕуын, сымахӕн уырдӕм бацӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн».#Ин 13:33. 22Уӕд иудейӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Йӕхи марынмӕ хъавы, ӕви? Афтӕ куы зӕгъы: „Ӕз кӕдӕм цӕуын, сымахӕн уырдӕм бацӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн“?» 23Йесо сын загъта: «Сымах ацы зӕххӕй стут, Ӕз та — уӕларвӕй. Сымах стут ацы дунейӕ, Ӕз та ацы дунейӕ нӕ дӕн.#Ин 3:31; Кол 3:1. 24Ӕз уын уымӕ гӕсгӕ загътон, сымах уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ ӔЗ ДӔН#8:24 ӔЗ ДӔН (стӕй 8:28, 58; 13:19), дзуттагау «Эхйе» — Хуыцауы ном, раргом ис Моисейӕн (Рац 3:13-14). Уый амоны, иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ кӕй нӕй ӕндӕр Хуыцау; Уымӕн нӕй райдайӕн ӕмӕ кӕрон, Йе ’рдзыхъӕд нӕ ивы, алкӕмӕн дӕр у царддӕттӕг. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ дзырд «Эхйе»-йӕ рацыди Хуыцауы ном, дзуттагау «ЙХВХ» кӕй фыстой, уый (дзургӕ та йӕ, ӕвӕццӕгӕн, кодтой «Йахве»; фӕстӕдӕр ӕй Европӕйы ахуыргӕндтӕ рӕдыдӕй дзурын райдыдтой «Йегъовӕ»)., ӕмӕ ууыл куынӕ баууӕндат, уӕд уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут». 25Уӕд Ӕй бафарстой: «Ды чи дӕ?» Йесо сын загъта: «Ӕз Чи дӕн, уый тыххӕй уын райдианӕй дзурын. 26Мӕ бон у сымах тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зӕгъын ӕмӕ уын стӕрхон кӕнын. Фӕлӕ Мӕ Рарвитӕг ӕцӕгдзинад дзуры, ӕмӕ Ӕз, Уымӕй цы фехъуыстон, ӕрмӕстдӕр уый дзурын дунейӕн».
27Йӕ Фыды тыххӕй сын кӕй дзуры, уый нӕ бамбӕрстой. 28Уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты уӕлӕмӕ куы сисат, уӕд базондзыстут: уый Ӕз дӕн ӕмӕ Мӕхи номӕй ницы кӕнын, фӕлӕ зӕгъын, Мӕ Фыд Мын цы бацамыдта, уый.#Ин 7:16; 12:32. 29Мӕ Рарвитӕг Мемӕ ис, иунӕгӕй Мӕ нӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ Йын фӕндон цы у, Ӕз кӕддӕриддӕр уый кӕнын».
30Йесо уыдӕттӕ куы дзырдта, уӕд Ыл бирӕтӕ баууӕндыдысты.
Ӕцӕг сӕрибар
31Иудейӕгтӕй Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн Йесо загъта: «Мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ куы цӕрат, уӕд ӕцӕгӕйдӕр Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут 32ӕмӕ базондзыстут ӕцӕгад, ӕмӕ уӕ ӕцӕгад ссӕрибар кӕндзӕн».#Ром 6:14. 33Загътой йын: «Мах Авраамы байзӕддӕгтӕ стӕм ӕмӕ никуы никӕй цагъартӕ уыдыстӕм. Уӕд нын Ды афтӕ куыд зӕгъыс: „Ссӕрибар уыдзыстут“?» 34Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: тӕригъӕды чи цӕуы, уый тӕригъӕды цагъар у. 35Цагъар та йӕ хицауы хӕдзары мыггагмӕ нӕ цӕры, фырт дзы цӕры мыггагмӕ. 36Уӕдӕ уӕ Фырт куы ссӕрибар кӕна, уӕд ӕцӕг сӕрибар уыдзыстут. 37Авраамы байзӕддӕгтӕ кӕй стут, Ӕз уый зонын, фӕлӕ Мӕ уӕддӕр хъавут амарынмӕ, уымӕн ӕмӕ уӕм Мӕ ныхас нӕ хъары. 38Ӕз уын, Мӕ Фыдмӕ цы федтон, уый тыххӕй дзурын, сымах та кӕнут, уӕ фыдӕй цы фехъуыстат, уый».
39Уыдон ын дзуапп радтой: «Нӕ фыд Авраам у». Йесо сын загъта: «Сымах Авраамы цот куы уаиккат, уӕд Авраамы хъуыддӕгтӕ кӕниккат.#Ром 4:16. 40Сымах та Мӕн — Хуыцауӕй ӕцӕгдзинад Чи фехъуыста ӕмӕ уын ӕй Чи загъта, уыцы Адӕймаджы — амарынмӕ хъавут! Авраам афтӕ нӕ кодта. 41Фӕлӕ сымах уӕ фыды хъуыддӕгтӕ кӕнут».
Уыдон Ын загътой: «Мах дзӕгъӕлзад не стӕм. Иу Фыд нын ис — Хуыцау». 42Йесо сын загъта: «Хуыцау уӕ Фыд куы уаид, уӕд Мӕ уарзиккат, уымӕн ӕмӕ Ӕз рацыдтӕн Хуыцауӕй ӕмӕ уӕм ӕрцыдтӕн. Ӕз Мӕхи номӕй не ’рцыдтӕн, фӕлӕ Мӕ Уый рарвыста. 43Цы дзурын, уый цӕуылнӕ ӕмбарут? Уымӕн ӕмӕ сымах Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ фӕразут.
44Уӕ фыд хӕйрӕг у, ӕмӕ, уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕнын уӕ фӕнды. Уый райдианӕй уыди лӕгмар, ӕмӕ йын ӕцӕгадимӕ иумӕйагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ йӕм нӕй ӕцӕгад. Уый мӕнг куы фӕзӕгъы, уӕд йӕ кӕнон кӕны, уымӕн ӕмӕ у мӕнгард ӕмӕ мӕнгдзинады фыд.#1 Ин 3:8. 45Мӕныл та не ’ууӕндут, ӕцӕг цы у, уый уын кӕй зӕгъын, уый тыххӕй. 46Сымахӕй Мын Мӕ цӕстмӕ тӕригъӕд чи бадардзӕн? Фӕлӕ кӕд Ӕз ӕцӕг зӕгъын, уӕд Мыл цӕуылнӕ ӕууӕндут? 47Хуыцауӕй чи у, уый Хуыцауы ныхӕстӕм хъусы, фӕлӕ сымах Хуыцауӕй не стут ӕмӕ Йын Йӕ ныхӕстӕм нӕ хъусут».#Ин 10:27; 1 Ин 4:6.
Йесо ӕмӕ Авраам
48Иудейӕгтӕ Йын загътой: «Уӕдӕ Дӕ мах самариаг ӕмӕ хӕйрӕджыты сайд дзӕгъӕлы хонӕм?» 49Йесо сын дзуапп радта: «Мӕнмӕ хӕйрӕг ницы бар дары. Ӕз Мӕ Фыды нымайын, сымах та Мӕ ӕгад кӕнут. 50Уӕвгӕ, Ӕз Мӕхицӕн кад нӕ агурын, фӕлӕ Мын кад Чи агуры, Уый у Тӕрхонгӕнӕг. 51Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ныхас Мын чи сӕххӕст кӕна, уый мӕлӕт никуы фендзӕн#8:51 Ацы ран Йесо кӕны монон мӕлӕты кой.».
52Иудейӕгтӕ Йын загътой: «Ныр мах бӕлвырд зонӕм, Ды хӕйрӕджы ахӕсты кӕй дӕ, уый. Суанг ма Авраам ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр куы амардысты, уӕд Ды афтӕ куыд зӕгъыс, Мӕ ныхас Мын чи сӕххӕст кӕна, уый мӕлӕт никуы фендзӕн, зӕгъгӕ? 53Ау, нӕ фыдӕл Авраам дӕр ма куы амард, уӕд Ды уымӕй уӕлдӕр дӕ? Пехуымпартӕ дӕр куы амардысты, уӕд Ды Дӕхи кӕуыл нымайыс?» 54Йесо сын дзуапп радта: «Кӕд Мӕхӕдӕг Мӕхицӕн дӕн кадгӕнӕг, уӕд Мӕ кад ницы у. Фӕлӕ сымах уӕ Хуыцау Кӕй хонут, Уый Мӕнӕн у Мӕ Фыд ӕмӕ Мӕ Кадгӕнӕг. 55Сымах Ӕй нӕ базыдтат, Ӕз та Йӕ зонын. Ӕмӕ Йӕ нӕ зонын, зӕгъгӕ, куы зӕгъон, уӕд сымахау фӕлитой уыдзынӕн. Фӕлӕ Йӕ Ӕз зонын ӕмӕ Йын Йӕ ныхас ӕххӕст кӕнын. 56Уӕ фыдӕл Авраам цин кодта, Ме ’рцыды бон Мын кӕй фендзӕнис, ууыл. Федта йӕ, ӕмӕ уыди амондджын».
57Уӕд Ӕй иудейӕгтӕ бафарстой: «Дӕуыл дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы дӕр куы нӕма цӕуы, уӕд Авраамы федтай?» 58Йесо сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Авраамы райгуырды размӕ дӕр ӔЗ УЫДТӔН ӕмӕ ДӔН». 59Уӕд уыдон дуртӕ фелвӕстой, цӕмӕй Йыл сӕ фехсой, фӕлӕ Йесо фӕаууон ис ӕмӕ рацыди Кувӕндонӕй.

अहिले सेलेक्ट गरिएको:

Иоанн 8: ИрББЛ2022

हाइलाइट

शेयर गर्नुहोस्

कपी गर्नुहोस्

None

तपाईंका हाइलाइटहरू तपाईंका सबै यन्त्रहरूमा सुरक्षित गर्न चाहनुहुन्छ? साइन अप वा साइन इन गर्नुहोस्