YouVersion लोगो
खोज आइकन

Иоанн 6

6
Фондз мин лӕджы бафсадыны хабар
1Уый фӕстӕ Йесо ахызти Галилейы, ома Тивериадӕйы, денджызы иннӕ фарсмӕ. 2Йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм, уымӕн ӕмӕ уыдтой, рынчынты дзӕбӕх кӕнгӕйӕ цы диссӕгтӕ арӕзта, уый.
3Йесо ссыди хохмӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уым бадти. 4Ӕрхӕстӕг ис Куадзӕн, иудейаг бӕрӕгбон.
5Йесо акаст ӕмӕ, бирӕ адӕм ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд Филиппӕн загъта: «Сӕ бафсадыны фаг кӕрдзын кӕм балхӕнӕм?»#Мт 14:16; Мк 6:35; Лк 9:12. 6Афтӕ дзырдта Филиппы бафӕлварыны тыххӕй. Йӕхӕдӕг та ныридӕгӕн зыдта, цы бакӕндзӕни, уый. 7Филипп Ын дзуапп радта: «Цӕмӕй сӕ фӕйнӕ къӕбӕры фӕуа, уый тыххӕй дыууӕсӕдӕ динары аргъ дӕр кӕрдзын не сфаг уыдзӕн».
8Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу, Симон Петры ӕфсымӕр Андрей, загъта: 9«Ам иу лӕппумӕ ис фондз хъӕбӕрхоры кӕрдзыны ӕмӕ дыууӕ гыццыл кӕсаджы. Фӕлӕ уый цы фаг у уый бӕрц адӕмӕн?»
10Ӕмӕ сын уӕд Йесо афтӕ зӕгъы: «Ӕрбадын сӕ кӕнут». Уыцы ран уыди бирӕ кӕрдӕг. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр ӕрбадтысты; ӕрмӕст нӕлгоймӕгтӕ уыдысты фондз мины бӕрц.
11Йесо райста кӕрдзынтӕ, Хуыцауӕн арфӕ ракодта ӕмӕ сӕ адӕмыл райуӕрста. Кӕсаг дӕр сын радта, кӕй цас хъуыди, уый бӕрц#6:11 Фӕстӕдӕры къухфыстыты ацы бынат у афтӕ: Йесо райста кӕрдзынтӕ, арфӕ ракодта ӕмӕ сӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, уыдон та сӕ байуӕрстой адӕмыл; кӕсаг дӕр сын радтой, кӕй цас хъуыди, уый бӕрц.. 12Адӕм куы бафсӕстысты, уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цы къӕбӕртӕ ма дзы баззад, уыдон ӕрӕмбырд кӕнут, куыд ницы дзы фесӕфа, афтӕ». 13Ӕрӕмбырд сӕ кодтой ӕмӕ, фондз хъӕбӕрхоры кӕрдзынӕй цы баззад, уыдонӕй байдзаг кодтой дыууадӕс чыргъӕды — хӕрды уӕлдӕйттӕ.
14Йесо цы диссаг сарӕзта, уый адӕм куы федтой, уӕд загътой: «Ай, ӕцӕгӕйдӕр, дунемӕ ӕрцӕуинаг Чи у, уыцы Пехуымпар у».#Мт 11:3.
15Йесо базыдта, адӕм Ӕм ӕрбацӕуинаг кӕй сты, уый — паддзахӕй Йӕ сӕвӕрынмӕ, ӕмӕ иунӕгӕй фӕстӕмӕ хохмӕ ссыди.
Йесо денджызыл къахӕй цӕуы
16Куы баизӕр ис, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ныццыдысты денджызмӕ, 17сбадтысты бӕлӕгъы ӕмӕ араст сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Капернауммӕ. Баталынг ис, фӕлӕ Йесо семӕ нӕма уыд.#Мт 14:22; Мк 6:47. 18Тыхдымгӕ сыстади, ӕмӕ денджыз абухын райдыдта. 19Фондз ӕмӕ ссӕдз — дӕс ӕмӕ ссӕдз стадийы#6:19 Фондз ӕмӕ ссӕдз-дӕс ӕмӕ ссӕдз стадийы — 5—6 километры бӕрц. бӕрц куы адард сты, уӕд Ӕй суыдтой: Йесо, денджызыл къахӕй цӕугӕйӕ, бӕлӕгъмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта, ӕмӕ фӕтарстысты. 20Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Уый Ӕз дӕн, ма тӕрсут». 21Фӕндыди сӕ, цӕмӕй Йӕ бӕлӕгъы сбадын кӕной, фӕлӕ бӕлӕгъ тӕккӕ уыцы уысм бахӕццӕ ис, сӕ фӕндаг кӕдӕм уыди, уыцы былгӕронмӕ.
Йесо — ӕнусон царды дзул
22Денджызы иннӕ былыл чи баззади, уыцы адӕмӕн дыккаг бон сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, знон былгӕрон иунӕг бӕлӕгъ йеддӕмӕ кӕй нӕ уыди, уый. Уыдон зыдтой: Йесо ахуыргӕнинӕгтимӕ уыцы бӕлӕгъы не сбадти — иунӕгӕй аленк кодтой. 23Уалынмӕ Тивериадӕйӕ ӕрбацыдысты ӕндӕр бӕлӕгътӕ ӕмӕ, Бардарӕджы арфӕйы куывды фӕстӕ адӕм кӕрдзын кӕм хордтой, уыцы бынатмӕ хӕстӕг ӕрлӕууыдысты. 24Нӕдӕр Йесо, нӕдӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уым не сты, адӕм уый куы федтой, уӕд сбадтысты бӕлӕгъты ӕмӕ Йесойы агурӕг бахӕццӕ сты Капернауммӕ. 25Ӕмӕ Йӕ денджызы фаллаг фарс куы ссардтой, уӕд Ӕй бафарстой: «Равви, кӕд ӕрбацыдтӕ ардӕм?» 26Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: диссӕгтӕ кӕй федтат, уый тыххӕй Мӕ нӕ агурут, фӕлӕ, кӕрдзын кӕй бахордтат ӕмӕ кӕй бафсӕстыстут, уый тыххӕй. 27Сӕфгӕ цы хойраг кӕны, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уый уын ратдзӕнис Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд Хуыцау радта».#Мт 3:17; Ин 1:32; 10:36.
28Уӕд Ӕй бафарстой: «Нӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауӕн фӕндон куыд уой, уый тыххӕй нын цы гӕнгӕ у?» 29Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцау Кӕй рарвыста, Ууыл ӕууӕндын — уый у Хуыцауӕн фӕндон хъуыддаг».#Ин 17:3; 1 Ин 3:23.
30Уӕд Ын загътой: «Цавӕр диссаг нын равдисдзынӕ, цӕмӕй Дыл, уый фенгӕйӕ, баууӕндӕм? Цы саразын у Дӕ бон? 31Зӕгъӕм, нӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг быдыры маннӕ хордтой, фыст куыд у, афтӕ: „Уӕларвӕй сын дзул радта хӕрынӕн“».#1 Кор 10:3. 32Йесо сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕларвӕй уын дзул Моисей нӕ радта, фӕлӕ уын Мӕ Фыд дӕтты ӕцӕг дзул уӕларвӕй. 33Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы дзул, уӕларвӕй чи ӕрцӕуы ӕмӕ дунейӕн цард чи дӕтты, уый у». 34Уӕд Ын загътой: «Хицау, алкӕддӕр нын дӕтт уыцы дзул».
35Йесо сын загъта: «Ӕз дӕн царды дзул. Мӕнмӕ ӕрцӕуӕг никуы сыстонг уыдзӕн ӕмӕ Мӕныл ӕууӕндӕг мыггагмӕ дӕр нал сдойны уыдзӕн.#Ин 4:14; 7:37. 36Фӕлӕ ма уын амӕй размӕ дӕр куы загътон: федтат Мӕ, фӕлӕ Мыл уӕддӕр не ’ууӕндут. 37Мӕ Фыд Мын кӕй дӕтты, уыдон Мӕм ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ, Мӕнмӕ чи ӕрбацӕуа, ууыл Ӕз Мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн. 38Уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ, фӕлӕ, Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ.#Мт 26:39; Ин 8:29. 39Мӕ Рарвитӕджы та фӕнды, цӕмӕй Мын кӕй радта, уыдонӕй Ӕз иуы дӕр ма фесафон, фӕлӕ се ’ппӕты дӕр райгас кӕнон Фӕстаг бон.#Ин 10:28. 40Уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыды, цӕмӕй Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ Йыл ӕууӕнды, уымӕн уа мыггагмӕйы цард; ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн».
41Уӕд Ыл иудейӕгтӕ, «Ӕз уӕларвӕй ӕрцӕуӕг дзул дӕн» кӕй загъта, уый тыххӕй хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой. 42Уыдон дзырдтой: «Ай Йосифы фырт Йесо нӕу, ӕви? Йӕ фыд ӕмӕ Йын Йӕ мады нӕ зонӕм? Уӕд афтӕ куыд зӕгъы: „Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн“?»#Мт 13:55. 43Йесо сын загъта: «Мӕсты ма кӕнут. 44Мӕнмӕ ӕрбацӕуын никӕй бон у, Мӕ рарвитӕг Фыд Мӕм ӕй куынӕ ӕрбакӕна, уӕд. Ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн. 45Пехуымпартӕм фыст ис: „Ӕмӕ Хуыцау се ’ппӕты дӕр сахуыр кӕндзӕн“. Фыдмӕ чи хъусы ӕмӕ Фыд кӕй сахуыр кӕны, уый ӕрбацӕуы Мӕнмӕ. 46Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ Фыды исчи федта. Хуыцауӕй Чи у, Фыды ӕрмӕстдӕр Уый федта.#Мт 11:27. 47Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕныл чи ӕууӕнды, уымӕн ис мыггагмӕйы цард.
48Ӕз дӕн царды дзул. 49Уӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг быдыры маннӕ хордтой ӕмӕ уӕддӕр амардысты.#Ин 6:31. 50Уӕларвӕй ӕрцӕуӕг дзул та ахӕм у, ӕмӕ дзы чи хӕра, уымӕн мӕлӕт нӕ уыдзӕн. 51Ӕз дӕн царддӕттӕг дзул — уӕларвӕй ӕрцӕуӕг. Чи йӕ хӕра, уый цӕрдзӕни мыггагмӕ. Ӕз уын цы дзул ратдзынӕн, уый у, дунейы царды сӕраппонд нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзынӕн, Мӕ уыцы Буар».
52Уӕд иудейӕгтӕ быцӕу кӕнын райдыдтой: «Ай нын Йӕ Буар куыд ратдзӕни хӕрынмӕ?» 53Йесо сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырты Буар куынӕ хӕрат ӕмӕ Йын Йӕ Тугӕй куынӕ нуазат, уӕд цард нӕ фендзыстут.#Мт 26:26. 54Мӕ Буар чи хӕры ӕмӕ Мӕ Туг чи нуазы, уымӕн ис мыггагмӕйы цард, ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн. 55Уымӕн ӕмӕ Мӕ Буар у ӕцӕг хойраг, Мӕ Туг та — ӕцӕг нозт. 56Мӕ Буар чи хӕры ӕмӕ Мӕ Туг чи нуазы, уый баиу ис Мемӕ, ӕмӕ Ӕз баиу дӕн йемӕ. 57Мӕн Мӕ цардӕгас Фыд куыд рарвыста ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыды фӕрцы куыд цӕрын, афтӕ, Ӕз хойраг кӕмӕн дӕн, уый дӕр цӕрдзӕни Мӕ фӕрцы. 58Ахӕм у уӕларвӕй ӕрцӕуӕг дзул. Уӕ фыдӕлтӕ хордтой маннӕ ӕмӕ уӕддӕр амардысты; ацы дзул та ахӕм нӕу — чи дзы хӕра, уый цӕрдзӕни мыггагмӕ».
59Йесо уыдӕттӕ дзырдта, Капернаумы синагогӕйы куы амыдта, уӕд.
Ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ ныууагътой Йесойы
60Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ, уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, дзырдтой: «Цы ӕнахуыр ныхӕстӕ кӕны! Уыдӕттӕм хъусын кӕй бон у?» 61Йесо зыдта, ахуыргӕнинӕгтӕ, Йӕ ныхӕстӕм хъусгӕйӕ, сӕхинымӕр хъуыр-хъуыр кӕй кӕнынц, уый ӕмӕ сӕ бафарста: «Уый уӕ къуылымпы кӕны? 62Ӕмӕ Адӕймаджы Фырты, раздӕр кӕм уыди, уырдӕм ссӕугӕ куы фенат, уӕд та?#Мт 26:64; Ин 3:13; Эф 4:8. 63Хуыцауы Уд царддӕттӕг у, адӕймаг та ӕдых у. Ӕз уын цы ныхӕстӕ дзурын, уыдоны царддӕттӕг Уды хъару ис.#Ром 8:2; 2 Кор 3:6. 64Фӕлӕ уӕддӕр сымахӕй чидӕртӕ не ’ууӕндынц». Йесо райдианӕй зыдта, Чи Йыл не ’ууӕнды, уыдоны, стӕй Йыл гадзрахатӕй чи рацӕудзӕни, уый дӕр.#Мк 2:8; Ин 2:24. 65Ӕмӕ дарддӕр кодта Йӕ ныхас: «Ӕз уын уый тыххӕй загътон, Мӕнмӕ ӕрбацӕуын никӕй бон у, Мӕ Фыдӕй йын лӕвӕрд куынӕ уа, уӕд, зӕгъгӕ».#Ин 3:27.
66Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йӕ бирӕтӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ныууагътой ӕмӕ Йемӕ нал цыдысты. 67Уӕд Йесо бафарста дыууадӕсы: «Кӕд, мыййаг, сымах дӕр Мӕн ныууадзын фӕнды?» 68Симон Петр Ын дзуапп радта: «Хицау, кӕмӕ хъуамӕ фӕцӕуӕм? Дӕумӕ куы сты мыггагмӕйы царддӕттӕг ныхӕстӕ. 69Мах бауырныдта ӕмӕ базыдтам, Ды Хуыцауы Сыгъдӕг кӕй дӕ, уый#6:69 Фӕстӕдӕры къухфыстыты ацы бынат у афтӕ: Мах бауырныдта ӕмӕ базыдтам, Ды Чырысти кӕй дӕ, уый, цардӕгас Хуыцауы Фырт.».#Мт 16:16; Мк 8:29; Лк 9:20. 70Йесо сын загъта: «Уӕ дыууадӕсы дӕр Ӕз нӕ равзӕрстон, ӕви? Фӕлӕ уӕ иу хӕйрӕг у».#Лк 6:13. 71Йесо афтӕ Иудӕйӕ, Симон Искариоты фыртӕй, загъта. Уымӕн ӕмӕ Йыл Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, фӕстӕдӕр гадзрахатӕй рацыди.

अहिले सेलेक्ट गरिएको:

Иоанн 6: ИрББЛ2022

हाइलाइट

शेयर गर्नुहोस्

कपी गर्नुहोस्

None

तपाईंका हाइलाइटहरू तपाईंका सबै यन्त्रहरूमा सुरक्षित गर्न चाहनुहुन्छ? साइन अप वा साइन इन गर्नुहोस्