Хуыцау загъта: «Сфӕлдисӕм адӕймаджы, Нӕхи хуызӕн, Нӕхи ӕнгӕс куыд уа, афтӕ. Уадз ӕмӕ ӕлдариуӕг кӕна денджызы кӕсӕгтӕн, уӕларвон мӕргътӕн; ӕппӕт зӕххыл — йӕ алы фос, йӕ алы хилӕгойӕн». Ӕмӕ Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы, Йӕхи хуызӕнӕй, сфӕлдыста йӕ Хуыцауы хуызӕнӕй, сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы.