Лука 22
22
Йесойы ныхмӕ сусӕгвӕнд
1Ӕрӕвахс ис Донгонд дзулты бӕрӕгбон, Куадзӕн кӕй хонынц, уый.#Мт 26:2; Мк 14:1. 2Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой, цӕсты сӕ чи нӕ бафтауа, ахӕм ӕфсон Йесойы амарынӕн, уымӕн ӕмӕ адӕмӕй тарстысты.
3Сайтан бацыди дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иуы, Искариот кӕй хуыдтой, уыцы Иудӕйы мидӕг.#Мт 26:14. 4Ӕмӕ Иудӕ ацыди Йесойы ауӕй кӕныны тыххӕй хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицӕуттимӕ баныхас кӕнынмӕ. 5Уыдон бацин кодтой ӕмӕ йын ӕхцайӕ ныфс бавӕрдтой. 6Уый сразы ис ӕмӕ агуырдта, Йесойы алыварс адӕм куыд нӕ уа, афтӕмӕй сын Ӕй сӕ къухтӕм раттыны фадат.
Куадзӕны ӕхсӕвӕр
7Ӕрхӕццӕ ис Донгонд дзулты бӕрӕгбон, куадзӕйнаг уӕрыкк ӕргӕвдыны бон.#Мт 26:17; Мк 14:12. 8Йесо арвыста Петр ӕмӕ Иоанны ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ нын Куадзӕны фынг ӕрӕвӕрут». 9Уыдон Ӕй бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, фынг кӕм ӕрӕвӕрӕм?» 10Уый сын загъта: «Сахармӕ куы бацӕуат, уӕд уыл иу лӕг доны дурынимӕ амбӕлдзӕн. Цы хӕдзармӕ бацӕуа, уырдӕм-иу йӕ фӕдыл бацӕут 11ӕмӕ-иу хӕдзары хицауӕн зӕгъут: „Ахуыргӕнӕг фӕрсы: Мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Куадзӕн кӕм хӕрдзынӕн, уыцы уат Мын кӕм ӕрцӕттӕ кодтай?“ 12Уый уын уӕллаг уӕладзыджы стыр ӕфснайд уатмӕ бацамондзӕн, ӕмӕ-иу уым ӕрӕвӕрут фынг». 13Уыдон ацыдысты ӕмӕ ӕппӕт дӕр, Йесо сын куыд загъта, афтӕмӕй баййӕфтой ӕмӕ ӕрӕвӕрдтой Куадзӕны фынг.
Куадзӕны фынг. Ног Фидыд
14Афон куы ӕрцыд, уӕд Йесо Йӕ апостолтимӕ фынджы уӕлхъус ӕрбадти.#Мт 26:20; Мк 14:18; Ин 13:12. 15Ӕмӕ сын загъта: «Тынг Мӕ фӕндыд Мӕ хъизӕмары размӕ ацы Куадзӕны ӕхсӕвӕр уемӕ бахӕрын. 16Зӕгъын уын: нал бахӕрдзынӕн Куадзӕн, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уӕдмӕ».#Хъуыд 10:41. 17Райста сӕны кӕхц, Хуыцауӕн арфӕ ракодта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕй ӕмӕ дзы алчидӕр ануазӕд. 18Зӕгъын уын, Ӕз сӕнӕфсиры сӕнӕй нал фӕхъӕстӕ уыдзынӕн, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уӕдмӕ».
19Уый фӕстӕ райста дзул, раарфӕ кодта Хуыцауӕн, ӕрсаста йӕ, алӕвӕрдта сӕм ӕй ӕмӕ загъта: «Ай Мӕ Буар у, ӕмӕ уӕ сӕраппонд лӕвӕрд цӕуы мӕлӕтмӕ. Афтӕ-иу кӕнут Мӕ ном арыны охыл».#Мт 26:26; Мк 14:22; 1 Кор 11:24. 20Ӕхсӕвӕры фӕстӕ сӕны кӕхц дӕр райста ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у Ног Фидыд — уый фидаргонд цӕуы, сымах сӕраппонд чи ныккӕлдзӕни, Мӕ уыцы Тугӕй. 21Фӕлӕ мӕнӕ Мӕ уӕйгӕнӕг Мемӕ иу фынгыл бады.#Мт 26:22-23. 22Уӕвгӕ, Адӕймаджы Фыртӕн ӕнӕ цӕугӕ нӕй, нысангонд Ын цы фӕндаг у, ууыл. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, гадзрахатӕй Йыл чи рацӕуа, уымӕн».#Хъуыд 2:23; 4:28.
23Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ райдыдтой кӕрӕдзийы фӕрсын, Йӕ уӕйгӕнӕг чи уыдзӕни, зӕгъгӕ.
Ахуыргӕнинӕгтӕн фӕдзӕхстытӕ. Йесойы рагзагъд Петры тыххӕй
24Ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхимидӕг фӕбыцӕу сты, се ’хсӕн уӕлдӕрыл нымад чи хъуамӕ уа, зӕгъгӕ. 25Йесо сын загъта: «Паддзӕхтӕ адӕмтӕн хицауиуӕг кӕнынц; адӕмтыл йӕ бар кӕмӕн цӕуы, уыдон сӕхи хонынц хӕрзгӕнджытӕ. 26Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд, фӕлӕ, уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд кӕстӕрау, барджындӕр чи у, уый та — лӕггадгӕнӕгау. 27Чи у уӕлдӕр — фынгыл бадӕг ӕви кӕстӕриуӕггӕнӕг? Фынгыл бадӕг уӕлдӕр нӕу, ӕви? Ӕз та уын дӕн кӕстӕриуӕггӕнӕгау.#Флп 2:7.
28Сымах Мӕ фӕлварӕнты Мемӕ уыдыстут. 29Мӕ Фыд Мын Паддзахад куыд радта, афтӕ уын ӕй Ӕз дӕр дӕттын, 30цӕмӕй Мӕ Паддзахады Мемӕ иу фынгыл хӕрат ӕмӕ нуазат. Ӕмӕ сымах паддзахы бадӕнты ӕрбаддзыстут Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ.#Мт 19:28; 1 Кор 6:2; Ӕрг 3:21; 20:4.
31Симон, Симон! Сайтан куырдта, цӕмӕй уӕ, мӕнӕу зыгуымӕй куыд фӕхицӕн кӕнынц, уыйау дымгӕмӕ ныддара!#1 Пет 5:8. 32Фӕлӕ Ӕз куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма слӕмӕгъ уа. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Мӕм куы раздӕхай, уӕд-иу сфидар кӕн де ’фсымӕрты уырнындзинад».#Мт 16:18; Ин 17:15. 33Петр Ын загъта: «Хицау, ӕз Демӕ ахӕстонмӕ цӕуынмӕ дӕр ӕмӕ мӕлӕтмӕ дӕр цӕттӕ дӕн». 34Фӕлӕ йын Йесо афтӕ: «Зӕгъын дын, Петр, ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты дӕхи атигъ кӕндзынӕ, ӕз Ӕй нӕ зонын, зӕгъгӕ».#Мт 26:34; Мк 14:30; Ин 13:38.
35Йесо сӕ бафарста: «Ӕз уӕ ӕнӕ ӕхцайы чыссӕйӕ, ӕнӕ хордзенӕй ӕмӕ ӕнӕ ивӕн дзабыртӕй фӕндагыл куы ӕрвыстон, уӕд истӕмӕй хъуаг ӕййӕфтат, мыййаг?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Ницӕмӕй».#Мт 10:9-10; Мк 6:8; Лк 9:3; 10:4. 36Уӕд сын загъта: «Ныр та уӕ ӕхцайы чыссӕ кӕмӕ ис, уый йӕ йемӕ айсӕд; хордзен кӕмӕ ис, уый дӕр ӕй айсӕд йемӕ. Ӕхца кӕмӕ нӕй, уый та йӕ пӕлӕз ауӕй кӕнӕд ӕмӕ кард балхӕнӕд. 37Зӕгъын уын, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый Мыл хъуамӕ ӕрцӕуа: „Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд“. Мӕн тыххӕй цы фыст ис, уый рӕхджы сӕххӕст уыдзӕни».#Мк 15:28. 38Уӕд Ын уыдон загътой: «Хицау, мӕнӕ ам ис дыууӕ карды». Уый сын загъта: «Фаг сты!»
Йесо кувы Елеоны хохыл
39Йесо рацыд ӕмӕ та иннӕ хӕттытау ныр дӕр араст ис Елеоны хохмӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты Йӕ фӕдыл.#Мт 26:36; Мк 14:32; Ин 18:1. 40Бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сын Йесо загъта: «Кувут, цӕмӕй фӕлварӕнӕн бафӕразат».#Мт 26:41; Мк 14:38.
41Йӕхӕдӕг, дур кӕйонг фехсӕн ис, уый бӕрц дӕрддзӕфӕн иуварс ацыди уыдонӕй, ӕрзоныг кодта ӕмӕ скуывта: 42«Мӕ Фыд, кӕд Дын фӕндон у, уӕд Мын ацы хъизӕмӕртты кӕхц ма бануазын кӕн. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».
43Уӕд Ӕм уӕларвӕй ӕрцыди зӕд ӕмӕ Йӕ удвидар кодта. 44Ӕмӕ, утӕхсӕн кӕнгӕйӕ, Йесо ноджы зӕрдиагдӕрӕй куывта; Йӕ хид туджы ӕртӕхтау зӕхмӕ тагъди. 45Куывд куы фӕци, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм бацыд ӕмӕ сӕ баййӕфта фынӕйӕ, уымӕн ӕмӕ фыр мӕтӕй сӕ тых басасти. 46Йесо сын загъта: «Цы фынӕй кӕнут? Сыстут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕнӕн бафӕразат».
Йесойы ӕрцахстой
47Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзындысты адӕм, сӕ разӕй — Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Уый бацыди Йесомӕ, цӕмӕй Йын аба кӕна.#Мт 26:47; Мк 14:43; Ин 18:3. 48Йесо йын загъта: «Иудӕ, Адӕймаджы Фыртыл байӕ цӕуыс гадзрахатӕй?» 49Хъуыддаг цӕмӕ цӕуы, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы бамбӕрстой, уӕд Ын загътой: «Хицау, кардӕй сӕ цӕвӕм?» 50Ӕмӕ сӕ иу кардӕй ныццавта алчеры цагъары ӕмӕ йын йӕ рахиз хъус ахауын кодта. 51Уӕд Йесо загъта: «Ӕгъгъӕд у, ӕрсабыр ут!» Бавнӕлдта цагъары хъусмӕ ӕмӕ йын ӕй сдзӕбӕх кодта. 52Ахсынмӕ Йӕм чи ӕрбацыд, уыцы хистӕр сауджынтӕн, Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицӕуттӕн ӕмӕ адӕмы хистӕртӕн та Йесо загъта: «Цыма абырӕг дӕн, уыйау Мӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы ӕрбацыдыстут. 53Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны уемӕ уыдтӕн, ӕмӕ Мыл уӕ къух дӕр нӕ андзӕвыди. Фӕлӕ ныр уӕ рӕстӕг у — талынг хицауиуӕг кӕны».
54Уыйадыл Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ Йӕ акодтой алчеры хӕдзармӕ.
Петр йӕхи атигъ кодта Йесойыл
Петр дӕрддзӕфгомау цыди сӕ фӕдыл.#Мт 26:57; Мк 14:53; Ин 18:24. 55Кӕрты астӕу арт куы скодтой ӕмӕ йӕ алыварс куы ӕрбадтысты, уӕд Петр дӕр сбадти семӕ. 56Лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕй йӕ иу арты рухсмӕ федта, ӕдзынӕг ӕм ныккасти ӕмӕ загъта: «Ай дӕр Йемӕ уыди». 57Фӕлӕ Петр нӕ басасти: «Хорз ус, ӕз Ӕй зонгӕ дӕр нӕ кӕнын». 58Чысыл фӕстӕдӕр та йӕ ӕндӕр чидӕр федта ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕр уыдонӕй дӕ». Ӕмӕ та Петр уымӕн дӕр загъта: «Нӕ дӕн». 59Рацыдаид сахаты бӕрц, ӕмӕ та йӕм иу лӕг бауырдыг ис: «Ай дӕр, ӕнӕмӕнг, Йемӕ уыди, уымӕн ӕмӕ галилейаг у». 60Фӕлӕ Петр уымӕн дӕр загъта: «Цытӕ дзурыс, уый не ’мбарын». Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ уасӕг ныууасыд. 61Уӕд Хицау Петрмӕ Йе ’ргом разылдта ӕмӕ йӕм бакаст. Ӕмӕ Петры зӕрдыл ӕрлӕууыди, Хицау ын цы загъта, уый: «Ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты дӕхи атигъ кӕндзынӕ».#Мт 26:34; Мк 14:30,72; Ин 13:38. 62Петр ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ судзаг цӕссыгтӕй ныккуыдта.
Йесо — Синедрионы раз
63Йесойы чи хъахъхъӕдта, уыцы адӕм Дзы хынджылӕг кодтой ӕмӕ Йӕ цавтой.#Мт 26:67; Мк 14:65. 64Йӕ цӕстытыл-иу Ын ныххӕцыдысты ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый базон». 65Ӕмӕ ма Йын ноджы дзырдтой бирӕ ӕндӕр ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ.
66Куы сбон ис, уӕд ӕрӕмбырд сты адӕмы хистӕртӕ, хистӕр сауджынтӕ, динамонджытӕ ӕмӕ Йӕ сӕ синедрионмӕ бакодтой.#Мт 27:2; Мк 15:1; Ин 18:28.
67Бафарстой Йӕ: «Зӕгъ-ма нын, Ды Чырысти дӕ?» Уый сын дзуапп радта: «Куы уын зӕгъон, уӕд дӕр уӕ нӕ бауырндзӕни; 68куы уӕ бафӕрсон, уӕд дӕр Мын дзуапп нӕ ратдзыстут. 69Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрбаддзӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцауы рахизфарс».#Мт 26:64; Мк 14:62; Ин 6:62.
70Уӕд Ӕй се ’ппӕт дӕр бафарстой: «Уӕдӕ Ды Хуыцауы Фырт дӕ?» Уый сын дзуапп радта: «Уӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъут, Ӕз Хуыцауы Фырт кӕй дӕн, уый».
71Уыдон загътой: «Цавӕр ӕвдисӕйнӕгтӕ ма нӕ хъӕуы? Йӕхи дзыхӕй йӕ куы фехъуыстам!»
Одоогоор Сонгогдсон:
Лука 22: ИрББЛ2022
Тодруулга
Хуваалцах
Хувилах
Тодруулсан зүйлсээ бүх төхөөрөмждөө хадгалмаар байна уу? Бүртгүүлэх эсвэл нэвтэрнэ үү
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022