Лука 21
21
Идӕдз усы мысайнаг
1Уӕд Йесо йӕ алыварс акаст ӕмӕ федта, Хуыцауы номыл лӕвӕрттӕ Кувӕндоны хӕзнадоны чи ӕвӕрдта, уыцы хъӕздгуыты.#Мк 12:41. 2Федта дзы, дыууӕ лептӕйы чи нывӕрдта, уыцы мӕгуыр идӕдз усы дӕр. 3Йесо загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын, уӕртӕ уыцы мӕгуыр идӕдз ус се ’ппӕтӕй фылдӕр нывӕрдта хӕзнадоны.#2 Кор 8:12. 4Иннӕтӕ иууылдӕр сӕ исбоны уӕлдӕйттӕ нывӕрдтой, уыцы мӕгуыр сылгоймаг та — цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уый, йӕ хойраджы аргъ».
Дунейы хъизӕмӕрттӕ
5Иуӕй-иутӕ, кувӕндон цы зынаргъ дуртӕй амад у ӕмӕ йӕ цы хъӕздыг мысайнӕгтӕй сфӕлыстой, зӕгъгӕ, куы дзырдтой, уӕд сын Йесо загъта:#Мт 24:1; Мк 13:1. 6«Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг ӕмӕ, ам, цы уынут, уыдонӕй дур дурыл нал баззайдзӕн, иууылдӕр ныппырх уыдзысты».#Лк 19:44.
7Уӕд Ӕй бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ, ӕмӕ се ’рцыды афон цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?» 8Йесо сын загъта: «Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа, уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ ӕрцӕудзысты Мӕ номӕй ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн“ ӕмӕ „Афон ӕрцыд“. Ма-иу ацӕут сӕ фӕдыл.#Мт 24:4; Мк 13:5; 1 Ин 4:1; Эф 5:6; 2 Фес 2:3. 9Хӕстытӕ ӕмӕ змӕстыты кой куы фехъусат, уӕд-иу ма фӕтӕрсут — раздӕр уал хъуамӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕуой, фӕлӕ уый кӕрон нӕма уыдзӕн».
10Загъта ма сын: «Иу адӕм сыстдзӕн иннӕйы ныхмӕ, паддзахад — паддзахады ныхмӕ. 11Уыдзӕни стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, ранӕй-рӕтты — стонг ӕмӕ фыдрынтӕ. Зӕххыл цӕудзӕн ӕвирхъау цаутӕ, стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ раргом уыдзӕн уӕларвӕй.
Ахуыргӕнинӕгты фыдӕвзарӕнтӕ
12Фӕлӕ уӕ ӕппӕт уыдӕтты размӕ райдайдзысты ахсын ӕмӕ ӕфхӕрын, синагогӕты уын тӕрхон хӕсдзысты ӕмӕ уӕ ахӕстӕттӕм кӕндзысты. Мӕ номы тыххӕй-иу сымах паддзӕхты ӕмӕ бӕстыхицӕутты раз ӕрлӕууын кӕндзысты.#Мт 10:17; 24:9; Мк 13:9; Ин 15:20. 13Уӕд уын уыдзӕни Мӕн тыххӕй дзурыны фадат. 14Цы дзуапп ратдзыстут, ууыл уӕ рагацау тыхсын кӕй нӕ хъӕуы, уый уӕ зӕрдыл дарут.#Лк 12:11. 15Уымӕн ӕмӕ уын Ӕз ахӕм ӕвзаг ӕмӕ куырыхон зонд ратдзынӕн, уе знӕгтӕ ӕмбырдӕй уӕ ныхмӕ фӕлӕууын дӕр ӕмӕ уӕм сдзурын дӕр куыд нӕ бафӕразой.#Хъуыд 6:10. 16Ӕмӕ уыл суанг уӕ ныййарджытӕ, уе ’фсымӕртӕ, уӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ уӕ хӕлӕрттӕ дӕр гадзрахатӕй рацӕудзысты, кӕйдӕрты уӕ мӕлӕтмӕ дӕр ратдзысты. 17Мӕн тыххӕй алкӕмӕн дӕр ӕнӕуынон суыдзыстут, 18фӕлӕ уӕ сӕрӕй иу ӕрду дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн. 19Уӕ фӕразондзинады фӕрцы-иу фервӕзын кӕнут уӕ удтӕ.#Мт 10:22.
Рагуац Йерусалимы сӕфты тыххӕй
20Йерусалимыл ӕфсӕдтӕ ӕртыхстысты, уый куы фенат, уӕд-иу ӕй зонут, рӕхджы гӕныстон кӕй уыдзӕни, уый.#Мт 24:15; Мк 13:14. 21Ӕмӕ Иудейы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм. Йерусалимы чи уа, уыдон дӕр уырдыгӕй лидзӕнт, йӕ алфамбылай чи уа, уыдон та йӕм ма бацӕуӕнт. 22Уымӕн ӕмӕ уыцы бонтӕ сты мастисӕн бонтӕ, цӕмӕй йӕ райдайӕнӕй йӕ кӕронмӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый. 23Уӕд додойаг уыдзысты сывӕрджын ӕмӕ дзидзидарӕг сылгоймӕгтӕ! Стыр бӕллӕх ӕрцӕудзӕн ацы зӕххыл. Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн ацы адӕмы. 24Кардылӕфтыд фӕуыдзысты ӕмӕ фӕцагъды уыдзысты, алы бӕстӕтӕм сӕ уацары фӕкӕндзысты. Муртаттӕгтӕ Йерусалимы сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ сӕ рӕстӕг фӕуа, уӕдмӕ.
Адӕймаджы Фырты ӕрцыд
25Хур, мӕй ӕмӕ стъалытыл ӕнахуыр диссӕгтӕ уындзысты, зӕххыл та адӕм сау катайы бафтдзысты, абухгӕ денджызы уынӕрӕй сӕргой фӕуыдзысты.#Мт 24:29; Мк 13:24. 26Адӕм ӕрцӕуинаг бӕллӕхты тасӕй зӕрдӕдзӕф кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ нынкъуысдзысты уӕларвон тыхтӕ. 27Ӕмӕ уӕд „Адӕймаджы Фырты хъомыс ӕмӕ стыр кадимӕ фендзысты ӕврагъыл ӕрцӕйцӕугӕ“.#Мк 13:26. 28Уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын куы райдайой, уӕд-иу ӕмраст слӕуут ӕмӕ-иу уӕ сӕртыл хӕрдмӕ схӕцут, уымӕн ӕмӕ уӕ фервӕзыны афон ӕрӕввахс ис».#Ром 8:23.
29Ӕмӕ сын Йесо ӕмбисонд ӕрхаста: «Акӕсут-ма легъуи бӕласмӕ ӕмӕ иннӕ бӕлӕстӕм. 30Сыфтӕр рафтаугӕ сӕ куы фенут, уӕд ӕй фӕзонут, сӕрд хӕстӕг кӕй у, уый. 31Уӕдӕ сымах дӕр ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕстгӕнгӕ куы фенат, уӕд-иу зонут, Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрӕввахс ис, уый. 32Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр нӕма аивгъуыйдзӕн, афтӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕудзысты. 33Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы.#Мт 24:35.
Иудадзыг цӕттӕ уӕвынмӕ сидт
34Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды мӕтӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕвиппайды ма ӕрӕййафа.#1 Пет 4:7; Ром 13:13; 1 Фес 5:6. 35Уымӕн ӕмӕ уый къӕппӕгау ӕрцахсдзӕнис ӕппӕт зӕххон цӕрджыты. 36Уӕдӕ иудадзыг уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут, цӕмӕй уӕ бон бауа ӕппӕт ӕрцӕуинаг бӕллӕхты сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын».#Мт 24:42; 25:13; Мк 13:33.
37Боныгон Йесо адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны, изӕрӕй та-иу ацыд ӕмӕ-иу Йе ’хсӕв арвыста, Елеон цы хох хуынди, ууыл.#Ин 8:2. 38Ӕмӕ-иу адӕм иууылдӕр сӕумӕйӕ цыдысты Кувӕндонмӕ Йӕ ныхӕстӕм Ын байхъусынмӕ.
Одоогоор Сонгогдсон:
Лука 21: ИрББЛ2022
Тодруулга
Хуваалцах
Хувилах
Тодруулсан зүйлсээ бүх төхөөрөмждөө хадгалмаар байна уу? Бүртгүүлэх эсвэл нэвтэрнэ үү
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022