1
Лука 6:38
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
Дӕттут ӕмӕ райсдзыстут — уӕ фӕччийы уын ӕркалдӕуыдзӕн раст, хӕрзнад ӕмӕ йедзаг барӕнӕй — цы барӕнӕй барут, уыцы барӕнӕй сбарстӕуыдзӕн сымахӕн дӕр».
Vergelyk
Verken Лука 6:38
2
Лука 6:45
Хорз адӕймаг йӕ зӕрдӕйы хӕзнадонӕй ӕддӕмӕ хорзӕй исты рахӕссы, фыдзӕрдӕ адӕймаг та фыдӕхы къӕбицӕй — фыдӕх. Уымӕн ӕмӕ, зӕрдӕйы цы ис, дзыхӕй дӕр уый цӕуы.
Verken Лука 6:45
3
Лука 6:35
Фӕлӕ уарзут уе знӕгты, хорз кӕнут ӕмӕ ӕфстау дӕттут, фӕстӕмӕ исты кӕй райсдзыстут, уымӕ ӕнхъӕлмӕ нӕ кӕсгӕйӕ. Уӕд уын уыдзӕни стыр хӕрзиуӕг, ӕмӕ уыдзыстут Иууылбӕрзонды хъӕбултӕ — Уый ӕбузныгтӕм дӕр ӕмӕ фыдзӕрдӕтӕм дӕр хорз цӕстӕй кӕсы.
Verken Лука 6:35
4
Лука 6:36
Уӕдӕ хӕрзгӕнӕг ут, уӕ Фыд хӕрзгӕнӕг куыд у, афтӕ.
Verken Лука 6:36
5
Лука 6:37
Тӕрхонгӕнӕг макӕмӕн ут, ӕмӕ уын Хуыцау дӕр не стӕрхон кӕндзӕн. Макӕй фаут, ӕмӕ уӕ Хуыцау дӕр нӕ рафаудзӕн. Хатыр кӕнут, ӕмӕ уын Уый дӕр ныххатыр кӕндзӕн.
Verken Лука 6:37
6
Лука 6:27-28
Фӕлӕ Ӕз сымахӕн, Мӕнмӕ хъусджытӕ, зӕгъын: уарзут уе знӕгты, хорз кӕнут, сымахӕй йе сӕфт чи уыны, уыдонӕн, уе ’лгъитджытӕн хорзӕх курут Хуыцауӕй, уе ’фхӕрджыты тыххӕй кувут.
Verken Лука 6:27-28
7
Лука 6:31
Адӕмӕй цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, уый-иу сын уӕхӕдӕг дӕр кӕнут.
Verken Лука 6:31
8
Лука 6:29-30
Де ’хсӕрфарс дын чи ныццӕва, уымӕ бадар иннӕ дӕр. Ӕмӕ дын исчи дӕ пӕлӕз куы иса, уӕд ын ратт дӕ хӕдон дӕр. Чи дӕ кура, уымӕн ратт ӕмӕ, цы дӕ айсой, уый фӕстӕмӕ мауал агур.
Verken Лука 6:29-30
9
Лука 6:43
Хорз бӕлас ӕвзӕр дыргъ нӕ дӕтты, стӕй хорз дыргъ дӕр низджын бӕласыл нӕ зайы.
Verken Лука 6:43
10
Лука 6:44
Алы бӕлас дӕр йӕ дыргъӕй бӕрӕг вӕййы: какон сындзӕй легъуи не ’ртондзынӕ, сындзкъутӕрӕй та — сӕнӕфсир.
Verken Лука 6:44
Tuisblad
Bybel
Leesplanne
Video's