Иоанн 21
21
Йесо раргом ис Йӕ авд ахуыргӕнинагмӕ
1Уый фӕстӕ та Йесо ногӕй фӕзынди Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм. Уый уыди Тивериадӕйы денджызы был. Хабар уыди афтӕ.#Мт 28:7.
2Симон Петр, фӕсномыгӕй Фаззон кӕй хуыдтой, уыцы Фома, галилейаг Канӕйӕ чи уыди, уыцы Нафанаил, Зеведейы фырттӕ ӕмӕ ма ноджы Йесойы дыууӕ ӕндӕр ахуыргӕнинаджы уыдысты иумӕ.#Лк 24:16. 3Уӕд сӕм Симон Петр дзуры: «Ӕз кӕсаг ахсынмӕ цӕуын». Уыдон ын загътой: «Мах дӕр демӕ цӕуӕм». Ацыдысты ӕмӕ бӕлӕгъы сбадтысты, фӕлӕ уыцы ӕхсӕв ницы ӕрцахстой.
4Боныцъӕхтыл Йесо лӕууыди денджызы былгӕрон, фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы нӕ базыдтой. 5Йесо сӕ бафарста: «Исты ӕрцахстат, мӕ хӕлӕрттӕ?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Ницы». 6Уый сын загъта: «Хыз баппарут бӕлӕгъӕн йӕ рахизфарс ӕмӕ ӕрцахсдзыстут». Уыдон хыз баппӕрстой, ӕмӕ сын уый бӕрц кӕсӕгтӕ ӕрцахста, ӕмӕ йӕ сӕ бон раласын нӕ уыд.
7Йесойы уарзон ахуыргӕнинаг загъта Петрӕн: «Ай Бардарӕг у». Симон Петр, Бардарӕг у, зӕгъгӕ, куы фехъуыста, уӕд йӕ пӕлӕз ронӕй ӕрбалвӕста (ӕндӕр ыл ницы уыд) ӕмӕ йӕхи денджызмӕ фехста. 8Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та кӕсӕгтӕй йедзаг хыз сӕ фӕдыл ластой, афтӕмӕй бӕлӕгъы ӕрбаздӕхтысты; былмӕ сӕ бирӕ нӕ хъуыди — дыууӕсӕдӕ ӕлмӕрины#21:8 200 ӕлмӕрины — 100 метры бӕрц. бӕрц.
9Былмӕ куы рахызтысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ арт цӕхӕрӕй судзы, зынджыты уӕлӕ — кӕсаг, йӕ фарсмӕ та — дзул. 10Йесо сын загъта: «Уӕ ногахст кӕсӕгтӕй дӕр ма иу цалдӕр рахӕссут». 11Симон Петр бӕлӕгъмӕ бахызти ӕмӕ хыз былмӕ раласта. Хыз йедзаг уыди стыр кӕсӕгтӕй — ӕдӕппӕтӕй уыдысты сӕдӕ фӕндзай ӕртӕ, фӕлӕ уый бӕрц кӕсӕгты уӕзӕй хыз нӕ аскъуыд. 12Йесо сын загъта: «Рацӕут ӕмӕ аходӕн бахӕрут». Ахуыргӕнинӕгтӕй Йӕм йӕ ныфс, Чи дӕ, зӕгъгӕ, бафӕрсынмӕ ничи бахаста. Уыдон базыдтой, Бардарӕг кӕй у, уый. 13Йесо бацыди, райста дзул ӕмӕ сӕм ӕй радта, стӕй кӕсаг дӕр.#Хъуыд 10:41.
14Мӕрдтӕй райгасы фӕстӕ Йесо ныр ӕртыккаг хатт фӕзынди Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм.
Йесойы фӕдзӕхст Петрӕн
15Аходӕн куы бахордтой, уӕд Йесо Симон Петры фӕрсы: «Иоанны фырт Симон, адон Мӕ цас уарзынц, ды Мӕ уымӕй фылдӕр уарзыс?» Петр Ын дзуапп радта: «О Бардарӕг! Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо Йын загъта: «Хиз Мӕ уӕрыччыты». 16Дыккаг хатт дӕр та йӕ бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Петр Ын дзуапп радта: «О Бардарӕг! Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Фыййау у Мӕ фыстӕн».#Хъуыд 20:28; 1 Пет 5:2. 17Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт, уарзыс Мӕ, зӕгъгӕ, кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ис ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Бардарӕг, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мын Мӕ фысты.
18Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ды ӕрыгон куы уыдтӕ, уӕд-иу дӕ рон дӕ астӕуыл дӕхӕдӕг ӕрбабастай ӕмӕ дӕ кӕдӕм фӕндыди, уырдӕм-иу ацыдтӕ. Фӕлӕ куы базӕронд уай, уӕд дӕ къухтӕ размӕ радардзынӕ, ӕндӕр исчи дын дӕ астӕуыл дӕ рон ӕрбабӕтдзӕн ӕмӕ дӕ акӕндзӕни, кӕдӕм дӕ нӕ фӕнда, уырдӕм».#2 Пет 1:14.
19Уыцы ныхӕстӕй Йесо фӕсномыгӕй бамбарын кодта, Петр Хуыцауы цавӕр мӕлӕтӕй скадджын кӕндзӕни, уый. Ӕмӕ йын уый фӕстӕ загъта: «Мӕ фӕдыл цу».
Йесо ӕмӕ Йӕ уарзон ахуыргӕнинаг
20Петр фӕстӕмӕ фӕкасти ӕмӕ Йесойы уарзон ахуыргӕнинаджы федта сӕ фӕдыл цӕугӕ. Уый уыди уыцы ахуыргӕнинаг, ӕхсӕвӕры рӕстӕг Йесомӕ йӕхи чи бакъул кодта ӕмӕ Йӕ афтӕ чи бафарста: «Хицау, гадзрахатӕй Дыл чи рацӕудзӕн?»#Ин 13:23. 21Петр ӕй куы федта, уӕд Йесойы бафарста: «Хицау, ӕмӕ уый та цы фӕуыдзӕн?» 22Йесо йын загъта: «Кӕд ӕмӕ Мӕн афтӕ фӕнды, цӕмӕй уый Ме ’рцыдмӕ удӕгас уа, уӕд та? Ды цу Мӕ фӕдыл». 23Ӕмӕ айхъуысти ӕфсымӕртыл, уыцы ахуыргӕнинаг нӕ амӕлдзӕни, зӕгъгӕ. Йесо та, нӕ амӕлдзӕни, зӕгъгӕ, нӕ загъта, фӕлӕ: «Кӕд Мӕн афтӕ фӕнды, ӕмӕ Ме ’рцыдмӕ удӕгас уа, уӕд та?»
Фӕсныхас
24Уыцы ахуыргӕнинаг ӕвдисӕн у ӕппӕт уыдӕттӕн, ӕмӕ сӕ фысгӕ дӕр уый ныккодта. Ӕмӕ мах зонӕм, йӕ ныхас ӕцӕг кӕй у, уый.#Ин 19:35.
25Йесо ма ноджы бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, фӕлӕ се ’ппӕты тыххӕй бӕстон ныффысс, зӕгъгӕ, уӕд уыцы чингуытӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, ӕгас дунейы дӕр нӕ бацӕуиккой.#Ин 20:30.
موجودہ انتخاب:
Иоанн 21: ИрББЛ2022
سرخی
شئیر
کاپی
کیا آپ جاہتے ہیں کہ آپ کی سرکیاں آپ کی devices پر محفوظ ہوں؟ Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022