Иоанн 13
13
Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ цӕхсадта
1Ӕрӕввахс ис Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Йӕ Фыдмӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта ацы дунейы Йӕхионты ӕмӕ Йӕ уарзт равдыста ӕххӕстӕй.#Мт 26:2; Мк 14:1. 2Уыцы рӕстӕг хӕйрӕг Иудӕйы, Симон Искариоты фырты, Йесойы ауӕй кӕныныл сардыдта.
3Ӕхсӕвӕры рӕстӕг Йесо, Йӕ Фыд Ын ӕппӕт дӕр Йӕ къухмӕ кӕй радта, Хуыцауӕй кӕй ӕрцыд ӕмӕ ныр Хуыцаумӕ кӕй цӕуы, уый зонгӕйӕ, 4фынгӕй сыстади, раласта Йе ’ддаг дарӕс, райста хисӕрфӕн ӕмӕ йӕ ӕрбабаста Йӕ астӕуыл.#Лк 17:8; 22:27. 5Уый фӕстӕ дурыны дон ныккодта ӕмӕ райдыдта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ къӕхтӕ ӕхсын ӕмӕ сӕ Йӕ астӕуыл баст хисӕрфӕнӕй сӕрфын.
6Симон Петрмӕ куы бацыди, уӕд Ын уый загъта: «Хицау! Ды мын мӕ къӕхтӕ куыд хъуамӕ цӕхсай?» 7Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз цы кӕнын, уый ды ныртӕккӕ нӕма ӕмбарыс, фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр бамбардзынӕ». 8Петр Ын загъта: «Никуы мын цӕхсдзынӕ мӕ къӕхтӕ!» Йесо йын дзуапп радта: «Куынӕ дын сӕ цӕхсон, уӕд дын Мемӕ иумӕйагӕй ницы ис». 9Уӕд Ын Симон Петр загъта: «Хицау, канд мӕ къӕхтӕ нӕ, фӕлӕ мын мӕ къухтӕ ӕмӕ мӕ сӕр дӕр цӕхс». 10Йесо йын загъта: «Ӕхсадӕн ӕрмӕст йӕ къӕхтӕ цӕхсын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ӕгасӕй дӕр сыгъдӕг у. Сымах дӕр сыгъдӕг стут, ӕрмӕст уе ’ппӕт нӕ».#Ин 15:3. 11Йесо зыдта Йӕ уӕйгӕнӕджы ӕмӕ уымӕн загъта, уе ’ппӕт сыгъдӕг не стут, зӕгъгӕ.
12Сӕ къӕхтӕ сын куы цӕхсадта, уӕд Йӕ дарӕс скодта, ногӕй Йӕхи ӕруагъта ӕмӕ загъта: «Цы уын бакодтон, уый ӕмбарут? 13Сымах Мӕн Ахуыргӕнӕг ӕмӕ Хицау кӕй хонут, уымӕй раст зӕгъут, уымӕн ӕмӕ Ӕз Ахуыргӕнӕг ӕмӕ Хицау дӕн.#1 Кор 8:6; 12:3; Флп 2:11. 14Уӕдӕ уын кӕд Ӕз, Хицау ӕмӕ Ахуыргӕнӕг, уӕ къӕхтӕ цӕхсадтон, уӕд сымах дӕр хъуамӕ ӕхсат уӕ кӕрӕдзийы къӕхтӕ. 15Ӕз уын равдыстон, сымах дӕр куыд хъуамӕ кӕнат, уый. 16Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу, стӕй минӕвар дӕр йӕ рарвитӕгӕй уӕлдӕр нӕу.#Мт 10:24; Лк 6:40; Ин 15:10. 17Кӕд уый зонут, уӕд тӕхудиаг уыдзыстут, сымах дӕр афтӕ куы кӕнат, уӕд.
18Уе ’ппӕты тыххӕй нӕ зӕгъын. Ӕз, кӕй равзӕрстон, уыдоны зонын. Фӕлӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый: „Мемӕ къӕбӕр чи хордта, уый рацыди Мӕ ныхмӕ“.#Хъуыд 1:16. 19Уый тыххӕй уын Ӕз зӕгъын рагацау, цалынмӕ нӕма ӕрцыд, уӕдмӕ, цӕмӕй сымах, куы ’рцӕуа, уӕд баууӕндат: УЫЙ ӔЗ ДӔН.#Ин 14:29. 20Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Ӕз кӕй арвитын, уый чи суазӕг кӕны, уый Мӕн суазӕг кӕны, Мӕн чи суазӕг кӕны, уый та — Мӕ Рарвитӕджы».#Мт 10:40; Лк 10:16.
Йесойы рагзагъд Йӕ уӕйгӕнӕджы тыххӕй
21Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо Йӕхимидӕг тынг ӕрбатыхст ӕмӕ загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг, уӕ иу Мыл гадзрахатӕй рацӕудзӕни».#Мт 26:21; Мк 14:18; Лк 22:21. 22Уыцы ныхӕстӕм ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзимӕ ракӕс-бакӕсыл фесты — Йесо кӕй тыххӕй зӕгъы, уый не ’мбӕрстой.
23Йесойӕн Йӕ уарзон ахуыргӕнинаг бадти Йӕ фарсмӕ, 24ӕмӕ йӕм Симон Петр ацамыдта, кӕй тыххӕй дзуры, уымӕй ма Йӕ бафӕрс, зӕгъгӕ. 25Ахуыргӕнинаг йӕхи Йесомӕ бакъул кодта ӕмӕ Йӕ бафарста: «Хицау, кӕй кой кӕныс, уый чи у?» 26Йесо йын дзуапп радта: «Мӕ къӕбӕр цӕхдоны куы атулон, уӕд ӕй кӕмӕ раттон, уый». Къӕбӕр цӕхдоны атылдта ӕмӕ йӕ радта Иудӕмӕ, Симон Искариоты фыртмӕ.
27Уыцы тӕккӕ уысм сайтан бацыди Иудӕйы мидӕг, ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Цы кӕнинаг дӕ, уый тагъддӕр кӕн». 28Афтӕ йын цӕй тыххӕй загъта, уый фынгыл бадджытӕй ничи бамбӕрста. 29Ӕхцайы лагъз Иудӕмӕ кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ йын Йесо, бӕрӕгбонмӕ сӕ цы хъӕуы, уый ӕлхӕнын кӕнӕ та мӕгуыртӕн исты раттын кӕны. 30Иудӕ къӕбӕр куы райста, уӕд уайтагъд дуары ӕдде фӕци. Уыдис ӕхсӕв.
Ног фӕдзӕхст
31Иудӕ куы ацыд, уӕд Йесо загъта: «Ныр раргом ис Адӕймаджы Фырты кад, ӕмӕ Хуыцауы кад дӕр раргом ис Йӕ фӕрцы.#Ин 12:23. 32Ӕмӕ кӕд Хуыцауы кад Йӕ фӕрцы раргом ис, уӕд Ӕй Хуыцау Йӕхӕдӕг дӕр скадджын кӕндзӕн, ӕмӕ Йӕ скадджын кӕндзӕн рӕхджы.
33Мӕ хъӕбултӕ, Ӕз бирӕ нал уыдзынӕн уемӕ. Агурдзыстут Мӕ, фӕлӕ, иудейӕгтӕн куыд загътон, афтӕ ныр сымахӕн дӕр зӕгъын: „Ӕз кӕдӕм цӕуын, сымахӕн уырдӕм уӕ бон бацӕуын нӕу“.#Ин 7:34; 8:21.
34Дӕттын уын ног фӕдзӕхст: уарзут кӕрӕдзийы. Ӕз уӕ куыд уарзын, афтӕ сымах дӕр кӕрӕдзийы уарзут.#Ин 15:12; 1 Ин 3:11; 1 Фес 4:9. 35Уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат, уӕд алчидӕр базондзӕн, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый».
Йесойы рагзагъд Петры тыххӕй
36Симон Петр Ын загъта: «Хицау, ӕмӕ Ды кӕдӕм цӕуыс?» Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм ныртӕккӕ дӕуӕн нӕй цӕуӕн, фӕлӕ фӕстӕдӕр рацӕудзынӕ Мӕ фӕдыл». 37Петр Ын загъта: «Хицау, цӕуылнӕ мын ис ныр Дӕ фӕдыл ацӕуӕн? Ӕз мӕ цард дӕр ратдзынӕн Дӕу тыххӕй». 38Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ цард Мӕн тыххӕй ратдзынӕ? Зӕгъын дын: уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи.#Мт 26:34; Мк 14:30; Лк 22:34.
موجودہ انتخاب:
Иоанн 13: ИрББЛ2022
سرخی
شئیر
کاپی
کیا آپ جاہتے ہیں کہ آپ کی سرکیاں آپ کی devices پر محفوظ ہوں؟ Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022