YouVersion Logo
تلاش

Апостолты хъуыддӕгтӕ 2

2
Сыгъдӕг Уды ӕрцыд
1Къуыриты бӕрӕгбон ралӕууыд, ӕмӕ иууылдӕр иумӕ ӕрӕмбырд сты. 2Ӕвиппайды цыма уаддымгӕ сыстад, ахӕм уынӕр ӕрыхъуыст уӕлӕрвтӕй, ӕмӕ, кӕм бадтысты, уыцы хӕдзар ӕгасӕй дӕр уынӕрӕй байдзаг.#Мт 3:11; Хъуыд 1:5; 11:15; 19:6. 3Ӕмӕ арты ӕвзӕгты хуызӕн цыдӕр ауыдтой; уыцы ӕвзӕгтӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн сты, ӕмӕ дзы алкӕуыл дӕр фӕйнӕ абадти. 4Се ’ппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ райдыдтой алы ӕвзӕгтыл дзурын, Уд сӕ куыд арӕзта, афтӕ.#Мк 16:17; 1 Кор 12:10,28.
5Уыцы рӕстӕг Йерусалимы уыди дингӕнӕг иудейӕгтӕ алы бӕстӕтӕй, дунейы алы кӕрӕттӕй, 6ӕмӕ уынӕрмӕ бирӕ адӕм ӕрбамбырд ис. Сӕхи ӕвзӕгтыл дзургӕ сӕ куы фехъуыстой, уӕд дисы бафтыдысты 7ӕмӕ дисгӕнгӕ фарстой: «Чи дзуры, уыдон иууылдӕр галилейӕгтӕ не сты, ӕви? 8Уӕдӕ сӕ махӕй алчидӕр йӕ мадӕлон ӕвзаг куыд хъусы? 9Не ’хсӕн ис парфиӕгтӕ, мидиӕгтӕ ӕмӕ еламӕгтӕ, Месопотамийы, Иудей ӕмӕ Каппадокийы, Понт ӕмӕ Азийы, 10Фриги ӕмӕ Памфилийы, Мысыр ӕмӕ Ливийы, Киренӕйы алфамбылай цӕрджытӕ, ромӕгтӕ, 11иудейӕгтӕ ӕмӕ Хуыцауыл баууӕндӕг муртаттӕгтӕ, критӕгтӕ ӕмӕ араббӕгтӕ. Ӕмӕ не ’ппӕт дӕр хъусӕм, Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй нын нӕхи ӕвзӕгтыл куыд дзурынц, уый!»
12Иууылдӕр рохстӕй аззадысты ӕмӕ кӕрӕдзийы дисгӕнгӕ фарстой: «Уый, цымӕ, цы уа?»
13Уыдис, худгӕ сыл чи кодта, ахӕмтӕ дӕр: «Адджын сӕнӕй сӕхимӕ ӕгӕр фӕкастысты».
Петры раныхас
14Уӕд Петр иннӕ иуӕндӕс апостолимӕ ӕрлӕууыд адӕмы раз ӕмӕ сын, алчидӕр ӕй куыд хъуса, афтӕ хъӕрӕй дзурын райдыдта: «Иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы ӕппӕт цӕрджытӕ! Лӕмбынӕг мӕм ӕрбайхъусут ӕмӕ йӕ бамбарат. 15Сымах куыд ӕнхъӕл стут, хъуыддаг афтӕ нӕу: ацы адӕм нозтджын не сты — нырма боны ӕртыккаг сахат#2:15 Сахӕттӕ амынд сты рагон нымадӕй; ацы ран «боны ӕртыккаг сахат» амоны райсомы фараст сахаты. у. 16Фӕлӕ, пехуымпар Иоел рагагъоммӕ кӕй загъта, уый сӕххӕст ис:
17„Ӕмӕ рӕстӕджыты кӕрон, — зӕгъы Хуыцау, —
Ӕз ӕппӕт адӕмы схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй.
Пехуымпариуӕг кӕндзысты
уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ;
уӕ лӕппутӕ уындзысты цӕстылуайӕнтӕ;
уӕ хистӕртӕ та — Мӕ лӕвӕрд фынтӕ.#Ин 7:39; Хъуыд 11:28; 16:9; 21:9.
18Уыцы бонты суанг Мӕ цагъарты —
нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй —
Ӕз схайджын кӕндзынӕн Мӕ удӕй,
ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕндзысты.
19Равдисдзынӕн диссӕгтӕ уӕле, арвыл,
ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ бынӕй, зӕххыл:
туг, арт ӕмӕ фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ.
20Хур баталынг уыдзӕн
ӕмӕ мӕй туджы хуызӕн суыдзӕн —
Бардарӕджы стыр ӕмӕ кадджын Боны размӕ.
21Ӕмӕ уыдзӕн афтӕ:
Бардарӕджы ном чидӕриддӕр ссара,
уый фервӕздзӕн“.#Ром 10:13.
22Израилӕгтӕ, байхъусут, Назаретаг Йесойы тыххӕй уын цы зӕгъдзынӕн, уымӕ: Хуыцау Ӕй кӕй рарвыста, ууыл дзурӕг сты, уӕ цӕстыты раз Хуыцау Йӕ фӕрцы цы стыр хъуыддӕгтӕ, диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ равдыста, уыдон. 23Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йӕ сымах муртаттӕгты къухӕй байтыгътат дзуарыл ӕмӕ Йӕ амардтат. 24Фӕлӕ Хуыцау арӕдывта мӕлӕты рӕхыстӕ ӕмӕ Йӕ райгас кодта — мӕлӕтӕн Ӕй йӕ бон бауромын нӕ уыд.#Ин 10:18; Хъуыд 3:15; 4:10. 25Давид Йесойы тыххӕй афтӕ зӕгъы:
„Бардарӕг мӕ цӕстыты раз ис ӕдзухдӕр;
Уый мӕ рахизфарс ис —
ӕз нӕ фӕцуддзынӕн.
26Уымӕн райы мӕ зӕрдӕ,
мӕ былалгъыл — цин;
суанг мӕ буар дӕр зӕрдӕдаргӕйӕ ӕрӕнцайдзӕн,
27уымӕн ӕмӕ Ды мӕн
нӕ ныууадздзынӕ мӕрдтыбӕсты,
Дӕ Сыгъдӕджы нӕ бауадздзынӕ ӕмбийын.
28Ды мын бацамыдтай царды фӕндӕгтӕ,
Дӕ цӕсгомы раз мӕ байдзаг кӕндзынӕ цинӕй“.
29Ме ’фсымӕртӕ, мӕ ныфс хӕссын сымахӕн нӕ рагфыдӕл Давиды тыххӕй зӕгъынмӕ: уый амард, ӕрцыди ныгӕд ӕмӕ йӕ зӕппадз абон дӕр бӕлвырд у.#Хъуыд 13:36. 30Давид пехуымпар уыд ӕмӕ зыдта:
Хуыцау ын расомы кодта,
йӕ паддзахы бадӕн ын йӕ байзӕддагӕн
кӕй ратдзӕн.#Лк 1:69.
31Давид уыдта фидӕн, ӕмӕ йӕ ацы ныхӕстӕ Чырыстийы райгасы тыххӕй сты:
„Хуыцау Ӕй нӕ ныууадздзӕн мӕрдтыбӕсты,
Йӕ буар нӕ бамбийдзӕн“.#Хъуыд 13:37.
32Йесойы Хуыцау райгас кодта, ӕмӕ уымӕн мах не ’ппӕт дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ.#Ин 15:27; Хъуыд 3:15. 33Йесо ист ӕрцыд Хуыцауы рахизфарсмӕ, ӕмӕ Йӕ Фыдӕй райста, зӕрдӕ Йын Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Сыгъдӕг Уды ӕмӕ дзы схайджын кодта адӕмы, сымах ныртӕккӕ куыд уынут ӕмӕ хъусут, афтӕ.#Ин 14:16. 34Давид уӕлӕрвтӕм не ссыди, фӕлӕ уый зӕгъы:
„Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн:
сбад Мӕ рахизфарс,#Мт 22:44.
35ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты
Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн“.
36Уӕдӕ ӕппӕт израилаг адӕм фидарӕй зонӕнт: сымах Кӕй байтыгътат, уыцы Йесойы Хуыцау скодта Бардарӕг ӕмӕ Чырысти».#Мт 28:18.
37Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты, ӕмӕ фарстой Петры ӕмӕ иннӕ апостолты: «Цы гӕнгӕ нын у, не ’фсымӕртӕ?»
38Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ уын цӕмӕй хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл аргъуыд райсӕд, ӕмӕ уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын уыдзыстут. 39Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта сымахӕн ӕмӕ уӕ цотӕн, стӕй, дард чи у — нӕ Бардарӕг Хуыцау кӕмӕ сиды, ӕппӕт уыдонӕн».#Хъуыд 3:25. 40Петр сын дзырдта бирӕ ӕндӕр ныхӕстӕ ӕмӕ сӕм сидти: «Уӕхи бахизут ацы хӕлд фӕлтӕримӕ фесӕфынӕй».
Уырнджыты цард
41Ӕмӕ йын йӕ ныхасыл чи баууӕндыд, уыдоныл саргъуыдӕуыд, ӕмӕ уыцы бон уырнджытыл бафтыд ӕртӕ мин адӕймаджы бӕрц. 42Уыдон фидар хӕцыдысты апостолты ахуырадыл, иумӕ уыди сӕ дзулсаст ӕмӕ кувгӕ дӕр иумӕ кодтой. 43Апостолты фӕрцы-иу сарӕзтӕуыд бирӕ диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ, ӕмӕ алы адӕймагмӕ дӕр уыди Хуыцауы тас. 44Уырнджытӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты ӕмуд-ӕмвӕнд, сӕ исбон дӕр иумӕйаг уыд.#Хъуыд 4:32. 45Уӕй кодтой сӕ мулк ӕмӕ ӕхца уӕрстой алкӕуыл дӕр, чи цас хъуаг ӕййӕфта, уымӕ гӕсгӕ. 46Алы бон дӕр-иу ӕмзӕрдӕйӕ ӕрӕмбырд сты Кувӕндоны; сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цинимӕ уыди сӕ хӕрд куы иу хӕдзары, куы иннӕйы.#Лк 24:53; Хъуыд 20:11. 47Кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн уыдысты уарзон; Бардарӕг Йесо та сын сӕ нымӕцыл ӕрвылбон ӕфтыдта, ӕрвыста сӕм, кӕй ирвӕзын кодта, уыдоны.#Хъуыд 5:14; 11:21.

سرخی

شئیر

کاپی

None

کیا آپ جاہتے ہیں کہ آپ کی سرکیاں آپ کی devices پر محفوظ ہوں؟ Sign up or sign in