Апостолты хъуыддӕгтӕ 17
17
Фессалоникӕйы
1Павел ӕмӕ Силӕ ахызтысты Амфипол ӕмӕ Аполлонийыл, ӕрцыдысты Фессалоникӕмӕ. Ам уыдис иудейаг синагогӕ. 2Павел ацы хатт дӕр раздӕрау бацыди синагогӕмӕ ӕмӕ ӕртӕ сабаты адӕмимӕ ныхас кодта Сыгъдӕг Фысты тыххӕй; 3ӕмбарын сын ӕй кодта ӕмӕ архайдта ууыл, цӕмӕй баууӕндой: Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ райгас уыдаид. Дзырдта сын, ӕз уын цы Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, Уый Чырысти у, зӕгъгӕ.#Мт 16:21; Мк 8:31; Лк 9:22. 4Уыдонӕй иуӕй-иутӕ баууӕндыдысты ӕмӕ баиу сты Павел ӕмӕ Силӕимӕ. Семӕ ма баууӕндыдысты, Хуыцауы чи нымадта, уыцы муртаттӕгтӕй тынг бирӕ, стӕй кадджын сылгоймӕгтӕй дзӕвгар.
5Уӕд иудейӕгтӕ сӕ фыр хӕлӕгӕй, сахары фӕзы ӕнаккаг адӕмӕй чи уыд, уыдонӕй цалдӕры семӕ райстой ӕмӕ ӕгас сахар сызмӕстой. Балӕбурдтой Йасоны хӕдзармӕ ӕмӕ хъавыдысты Павел ӕмӕ Силӕйы адӕмы размӕ ракӕнын. 6Куынӕ сӕ ссардтой, уӕд Йасоны ӕмӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕры лӕгдыхӕй акодтой сахары хицӕуттӕм. Уыдон хъӕр систой: «Ацы адӕм ӕгас дуне сызмӕстой, ныр та ардӕм ӕрбацыдысты.#Хъуыд 16:20. 7Йасон сӕ суазӕг кодта. Уыдон халынц кесӕры уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ дзурынц, зӕгъгӕ, ис ӕндӕр паддзах — Йесо». 8Афтӕмӕй сызнӕт кодтой, чи сӕм хъуыста, уыцы адӕмы ӕмӕ сахары хицӕутты. 9Хицӕуттӕ Йасонӕй ӕмӕ иннӕтӕй дӕр цъынды райстой ӕхца ӕмӕ сӕ рауагътой.
Верийы сахары
10Ӕфсымӕртӕ Павел ӕмӕ Силӕйы ӕхсӕвы ӕвӕстиатӕй арвыстой Веримӕ. Уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд бацыдысты иудейаг синагогӕмӕ. 11Вериӕгтӕ фессалоникӕгтӕй уӕздандӕр разындысты: Хуыцауы Дзырдмӕ хъуыстой тынг зӕрдиагӕй; Павел ӕмӕ Силӕ раст амонынц ӕви нӕ, уый базоныны тыххӕй ӕрвылбон иртӕстой Сыгъдӕг Фыст.#Ин 5:39; 1 Пет 1:10; 1 Тим 4:16. 12Уыдонӕй баууӕндыдысты бирӕтӕ, стӕй ма бердзенаг кадджын сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕй дӕр дзӕвгар. 13Павел Хуыцауы Дзырд Верийы дӕр кӕй хъусын кӕны, уый фессалоникаг иудейӕгтӕ куы базыдтой, уӕд ӕрбацыдысты уырдӕм дӕр, райдыдтой адӕмы ардауын ӕмӕ сӕ знӕт кӕнын. 14Уӕд ӕфсымӕртӕ Павелы ӕвӕстиатӕй арвыстой денджызмӕ, Силӕ ӕмӕ Тимофей та уым баззадысты.
15Павелимӕ чи рацыд, уыдон ӕй бахӕццӕ кодтой Афинтӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхтысты. Павел сын Силӕ ӕмӕ Тимофейы тыххӕй бафӕдзӕхста, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй мӕм ӕвӕстиатӕй рацӕуӕнт, зӕгъгӕ.
Павел — Афинты
16Павел сӕм ӕнхъӕлмӕ каст Афинты ӕмӕ фыхти фыр мӕстӕй, уымӕн ӕмӕ уыдта, сахар гуымирытӕй йемыдзаг кӕй уыд, уый. 17Павел синагогӕйы ныхас кодта иудейӕгтимӕ ӕмӕ Хуыцауы нымайӕг бердзенӕгтимӕ, стӕй, Павелыл ӕрвылбон сахары фӕзы чи ӕмбӕлд, уыдонимӕ. 18Эпикурион ӕмӕ стоикон философтӕй#17:18 Эпикурион ӕмӕ стоикон философтӕ — уӕды заманы зындгонддӕр бердзенаг философон скъолаты минӕвӕрттӕ. иуӕй-иутӕ райдыдтой йемӕ быцӕу кӕнын. Сӕ иутӕ дзырдтой: «Цы зӕгъынмӕ хъавы уыцы дзӕгъӕлдзых?» Иннӕтӕ та: «Ӕнхъӕлдӕн, уый ӕцӕгӕлон хуыцӕуттыл ӕууӕндын кӕны». Уымӕн ӕмӕ сын Павел дзырдта Фарны Уац Йесойы тыххӕй ӕмӕ сын кодта мӕрдтӕй райгасы кой.
19Уыдон Павелы ахуыдтой Ареопагмӕ#17:19 Ареопаг — къуылдым Афинты, рагзаманты — сахары хицауады уынаффӕгӕнӕн бынат. ӕмӕ йын дзырдтой: «Ды цы ног ахуырад амоныс, уый базонын нӕ бон у? 20Дӕуӕй цыдӕр ӕнахуыр диссаг хъусӕм, ӕмӕ цы у, уый базонын нӕ фӕнды». 21Афинӕгтӕ ӕмӕ уым цӕрӕг фӕсарӕйнӕгтӕ сӕ рӕстӕг хуыздӕрӕн ӕрвыстой исты ног хабӕрттӕ дзургӕйӕ кӕнӕ сӕм хъусгӕйӕ.
22Павел слӕууыд Ареопагы астӕу ӕмӕ загъта: «Афинӕгтӕ, ӕз уынын: сымах тынг диныл хӕст адӕм стут. 23Ӕз зылдтӕн сахарыл ӕмӕ уын федтон уӕ кувӕндӕттӕ. Нывондхӕссӕнтӕй иуыл фыст уыдис афтӕ: „Ӕнӕзонгӕ Хуыцауӕн“. Уӕдӕ, нӕ Йӕ зонут, афтӕмӕй Кӕмӕ кувут, ӕз уын Уый тыххӕй дзурын. 24Дуне, стӕй дунейы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ цы Хуыцау сфӕлдыста, Уый у арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг — къухӕйконд кувӕндӕтты нӕ цӕры.#Хъуыд 7:48. 25Раст цыма хъуаг истӕмӕй ӕййафы, уыйау Ӕй адӕймаджы къухты фӕллой нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цард, царды комулӕфт ӕмӕ алцыдӕр Йӕхӕдӕг дӕтты. 26Иу адӕймагӕй равзӕрын кодта ӕппӕт адӕмы, цӕмӕй ӕгас зӕххыл ӕрцӕрой, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр снысан кодта бӕлвырд рӕстӕг ӕмӕ арӕнтӕ цӕрынӕн. 27Цӕмӕй агурой Хуыцауы, сӕ бон Ӕй уа банкъарын ӕмӕ ссарын, кӕд махӕй алкӕмӕ дӕр дард нӕу, уӕддӕр. 28Йӕ фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ удӕгас стӕм, уӕ поэттӕй иуӕй-иутӕ куыд загътой, афтӕ:
„Мах Йӕ хъӕбултӕ стӕм“.
29Ӕмӕ кӕд Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм, уӕд хъуамӕ зонӕм, Хуыцау кӕй нӕу, адӕймаг йӕ арӕхстдзинады ӕмӕ йӕ зонды фӕрцы сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ дурӕй цы фӕлгонцтӕ саразы, уыдоны хуызӕн. 30Уӕдӕ Хуыцау нал кӕсы, куынӕ Йӕ зыдтой, уыцы рӕстӕджытӕм; фӕлӕ ныртӕккӕ ӕппӕт адӕмӕй алы ран дӕр домы тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнын.#Ром 13:12; Эф 1:9; 3:5; Кол 1:26. 31Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, Кӕй сӕвзӕрста, уыцы Адӕймаджы фӕрцы „дунейӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон рахӕссыны бон“. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй Йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй».#Хъуыд 2:24; 3:15; 4:10; 13:30; Ром 6:4; 14:9.
32Мӕрдты райгасы тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд иутӕ райдыдтой худын, иннӕтӕ та дзырдтой: «Уый тыххӕй дӕм ӕндӕр хатт байхъусдзыстӕм».
33Уӕд сӕ Павел ныууагъта. 34Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ баиу сты Павелимӕ ӕмӕ баууӕндыдысты; уыдонимӕ уыдысты Ареопагы уӕнг Дионисий, стӕй, Дамар чи хуынди, уыцы сылгоймаг ӕмӕ иннӕтӕ.
موجودہ انتخاب:
Апостолты хъуыддӕгтӕ 17: ИрББЛ2022
سرخی
شئیر
کاپی

کیا آپ جاہتے ہیں کہ آپ کی سرکیاں آپ کی devices پر محفوظ ہوں؟ Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022