1
Иоанн 10:10
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
Давӕг ӕрмӕстдӕр давынмӕ, марынмӕ ӕмӕ бабын кӕнынмӕ фӕцӕуы. Ӕз та ӕрцыдтӕн алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цард раттынмӕ.
موازنہ
تلاش Иоанн 10:10
2
Иоанн 10:11
Ӕз дӕн хорз фыййау; хорз фыййау йӕ цард ратты йӕ фысты сӕраппонд.
تلاش Иоанн 10:11
3
Иоанн 10:27
Мӕ фыстӕ хъусынц Мӕ хъӕлӕс, Ӕз сӕ зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц Мӕ фӕдыл.
تلاش Иоанн 10:27
4
Иоанн 10:28
Ӕз сын дӕттын мыггагмӕйы цард — уыдонӕн мӕлӕт нӕ уыдзӕн, ӕмӕ сӕ ничи аскъӕфдзӕни Мӕ къухӕй.
تلاش Иоанн 10:28
5
Иоанн 10:9
Ӕз дӕн дуар. Мӕн уылты чи бацӕуа, уый фервӕздзӕн — ӕдӕрсгӕ бацӕудзӕни мидӕмӕ, рацӕудзӕн ӕддӕмӕ ӕмӕ хизӕнуат ссардзӕни.
تلاش Иоанн 10:9
6
Иоанн 10:14
Ӕз дӕн хорз фыййау, Ӕз зонын Мӕ фысты, Мӕ фыстӕ дӕр Мӕ зонынц.
تلاش Иоанн 10:14
7
Иоанн 10:29-30
Уыдон Мын Мӕ Фыд радта, Мӕ Фыдӕй уӕлдӕр та нӕй. Ӕмӕ сӕ Мӕ Фыды къухӕй аскъӕфын никӕй бон у. Ӕз ӕмӕ Мӕ Фыд иу стӕм».
تلاش Иоанн 10:29-30
8
Иоанн 10:15
Мӕн Мӕ Фыд куыд зоны, Ӕз дӕр Мӕ Фыды афтӕ зонын, ӕмӕ Мӕ цард дӕттын Мӕ фысты сӕраппонд.
تلاش Иоанн 10:15
9
Иоанн 10:18
Ничи Мын ӕй исы, Мӕхӕдӕг ӕй дӕттын. Мӕхи бар у йӕ раттын дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ райсын дӕр. Афтӕ Мын бафӕдзӕхста Мӕ Фыд».
تلاش Иоанн 10:18
10
Иоанн 10:7
Уӕд сын Йесо ноджыдӕр загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Ӕз дуар дӕн фыстӕн.
تلاش Иоанн 10:7
11
Иоанн 10:12
Ӕххуырст та фыййау нӕу, уымӕн фыстӕ йӕхи не сты; бирӕгъы куы фены, уӕд сӕ фӕуадзы ӕмӕ лидзынмӕ фӕвӕййы; бирӕгъ балӕбуры фыстӕм ӕмӕ алырдӕм ныххӕлиу вӕййынц.
تلاش Иоанн 10:12
12
Иоанн 10:1
«Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕтӕрмӕ дуарыл нӕ, фӕлӕ йӕм ӕндӕр искӕуылты чи бахизы, уый давӕг ӕмӕ абырӕг у.
تلاش Иоанн 10:1
صفحہ اول
بائبل
مطالعاتی منصوبہ
Videos