1
Райдиан 9:12-13
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
Хуыцау ма загъта: «Мӕнӕ, сымахимӕ ӕмӕ ма уемӕ цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонимӕ мыггагмӕ цы фидыд аразын, уый нысан: ӕврӕгътыл ӕвӕрын Ме ’рдын — арвӕрдын. Уый уыдзӕни Мӕн ӕмӕ зӕххы ’хсӕн фидыды нысан.
Karşılaştır
Райдиан 9:12-13 keşfedin
2
Райдиан 9:16
Ӕврӕгътыл-иу арвӕрдын куы фӕзына, уӕд-иу ӕй Ӕз фендзынӕн ӕмӕ-иу Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕни, зӕххыл цӕрӕг удӕй цы ис, Хуыцау уыдонимӕ мыггагмӕйы фидыд кӕй сарӕзта, уый».
Райдиан 9:16 keşfedin
3
Райдиан 9:6
Адӕймаджы туг чи ныккала, уый туг ныккӕлдзӕн адӕймаджы къухӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау Йӕхи ӕнгӕс сфӕлдыста.
Райдиан 9:6 keşfedin
4
Райдиан 9:1
Хуыцау раарфӕ кодта Ной ӕмӕ йӕ фырттӕн. Загъта сын: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, зӕхх уӕ байдзаг уӕд.
Райдиан 9:1 keşfedin
5
Райдиан 9:3
Цӕрӕгойы мыггагӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон уын дӕттын хӕрынӕн, айразмӕ уын алы зайӕгхал куыд радтон, афтӕ.
Райдиан 9:3 keşfedin
6
Райдиан 9:2
Тӕрсӕнт уӕ ӕппӕт сырдтӕ, фос, уӕларвон мӕргътӕ, хилӕгойтӕ ӕмӕ денджызы кӕсӕгтӕ. Уӕ бӕрны уын сӕ кӕнын.
Райдиан 9:2 keşfedin
7
Райдиан 9:7
Цот уадзут уӕдӕ, ӕмӕ сбирӕ ут, зӕххӕн уӕз куыд кӕнат, афтӕ».
Райдиан 9:7 keşfedin
Ana Sayfa
Kutsal Kitap
Okuma Planları
Videolar