Иоанн 2
2
Фыццаг ӕвдисӕйнаг Канӕйы: дон фестади сӕн
1Ӕртыккаг бон галилейаг Канӕйы уыди чындзӕхсӕв, ӕмӕ Йесойы мад уыди уым. 2Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр хуынд уыдысты чындзӕхсӕвмӕ. 3Ӕмӕ, сӕн куы фӕци, уӕд Йесойӕн Йӕ мад загъта: «Сӕн сӕм нӕй». 4Йесо йын дзуапп радта: «Уый Мӕнӕй цӕмӕн домыс, сылгоймаг? Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд». 5Уӕд Йӕ мад лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста: «Цы уын зӕгъа, уый-иу бакӕнут».
6Иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, уым хи цӕхсынӕн лӕууыди, фӕйнӕ дыууӕ-ӕртӕ метреты#2:6 Ома 75—115 литры бӕрц. бӕрц кӕм цыди, ахӕм дурӕйконд ӕхсӕз донгарзы. 7Йесо лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Донгӕрзтӕ донӕй байдзаг кӕнут». Ӕмӕ сӕ байдзаг кодтой сӕ былтӕм. 8Уӕд та сын Йесо загъта: «Ныр дзы сӕвгӕнут ӕмӕ йӕ фынджы уагдармӕ ахӕссут». Ӕмӕ афтӕ бакодтой. 9Фынджы уагдар сӕнӕй куы ацахуыста, — ныр, кӕцӕй у, уый та нӕ зыдта, зыдтой йӕ ӕрмӕстдӕр, донгӕрзтӕй дон чи сӕвгӕдта, уыцы лӕггадгӕнджытӕ, — уӕд фӕдзырдта сиахсагмӕ 10ӕмӕ йын загъта: «Алчи уал раздӕр хорз сӕн ӕрӕвӕры фынгыл, ӕмӕ сӕ фаг куы бануазынц, уӕд та — ӕвзӕрдӕр. Ды та хорз сӕн нырмӕ ныууагътай».
11Йесо галилейаг Канӕйы цы бакодта, уый уыди Йӕ диссӕгты райдайӕн, уымӕй равдыста Йӕ кады хъомыс, ӕмӕ Йыл Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ баууӕндыдысты.
12Уый фӕстӕ Йесо Йӕ мад, Йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ацыди Капернауммӕ, ӕмӕ дзы цалдӕр боны фесты.
Йесо уӕйгӕнджыты тӕры Кувӕндонӕй
13Ӕрӕввахс ис иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ Йесо ацыди Йерусалиммӕ. 14Уым Кувӕндоны баййӕфта галтӕ, фыстӕ ӕмӕ бӕлонуӕйгӕнджыты, стӕй ӕхцаивджыты бадгӕ.#Мт 21:12; Мк 11:15; Лк 19:45. 15Уӕд синагӕй ехс сарӕзта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр ӕд фыстӕ ӕмӕ ӕд галтӕ Кувӕндонӕй ратардта, ӕхцаивджытӕн се ’хца ныппырх кодта, сӕ фынгтӕ сын афӕлдӕхта. 16Бӕлӕттӕ уӕйгӕнджытӕн та загъта: «Айсут сӕ ардыгӕй ӕмӕ Мын Мӕ Фыды Хӕдзарӕй базаргӕнӕн хӕдзар ма аразут». 17Уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгты зӕрдыл ӕрлӕууыди, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Дӕ Хӕдзары мӕт Мӕ удхарӕй мары».
18Уӕд Ӕй иудейӕгтӕ бафарстой: «Ахӕм бартӕ Дӕм кӕй ис, ууыл нӕ цӕмӕй баууӕндын кӕндзынӕ?» 19Йесо сын дзуапп радта: «Фехалут ацы Кувӕндон, ӕмӕ йӕ Ӕз ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн».#Мт 26:61; 27:40; Мк 14:58; 15:29. 20Уӕд Ын иудейӕгтӕ загътой: «Ацы Кувӕндон ӕхсӕз ӕмӕ дыууиссӕдз азы арӕзтой, Ды та йӕ ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕ?» 21Фӕлӕ Йесо, Кувӕндоны тыххӕй дзургӕйӕ, Йӕ буары кой кодта. 22Ӕмӕ, мӕрдтӕй куы райгас ис, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы ныхӕстӕ ӕрлӕууыдысты сӕ зӕрдыл ӕмӕ баууӕндыдысты Сыгъдӕг Фыстыл ӕмӕ, цы дзырдта, ууыл.#Мт 17:23; Хъуыд 2:25; 13:34.
23Куадзӕны бӕрӕгбоны Йесо Йерусалимы куы уыди, уӕд цы диссӕгтӕ ӕвдыста, уыдон бирӕтӕ федтой ӕмӕ Йыл баууӕндыдысты. 24Йесо сыл Йӕхӕдӕг та не ’ууӕндыд, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты дӕр зыдта#Мт 9:4; Мк 2:8. 25ӕмӕ Йын адӕймаджы тыххӕй исчи исты загътаид, уый сӕр Ӕй нӕ хъуыд — йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уый Йӕхӕдӕг хорз зыдта.#Ин 6:64.
ที่ได้เลือกล่าสุด:
Иоанн 2: ИрББЛ2022
เน้นข้อความ
แบ่งปัน
คัดลอก
ต้องการเน้นข้อความที่บันทึกไว้ตลอดทั้งอุปกรณ์ของคุณหรือไม่? ลงทะเบียน หรือลงชื่อเข้าใช้
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022