1
Иоанн 8:12
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
Йесо дарддӕр адӕмӕн дзырдта: «Ӕз дунейӕн рухс дӕн. Мӕ фӕдыл чи рацӕуа, уый талынджы нӕ цӕудзӕни, фӕлӕ схайджын уыдзӕн царды рухсӕй».
ஒப்பீடு
Иоанн 8:12 ஆராயுங்கள்
2
Иоанн 8:32
ӕмӕ базондзыстут ӕцӕгад, ӕмӕ уӕ ӕцӕгад ссӕрибар кӕндзӕн».
Иоанн 8:32 ஆராயுங்கள்
3
Иоанн 8:31
Иудейӕгтӕй Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн Йесо загъта: «Мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ куы цӕрат, уӕд ӕцӕгӕйдӕр Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут
Иоанн 8:31 ஆராயுங்கள்
4
Иоанн 8:36
Уӕдӕ уӕ Фырт куы ссӕрибар кӕна, уӕд ӕцӕг сӕрибар уыдзыстут.
Иоанн 8:36 ஆராயுங்கள்
5
Иоанн 8:7
Куы нал ӕмӕ Йӕ куынӕуал уагътой, уӕд сӕм скаст ӕмӕ сын загъта: «Ӕнӕтӕригъӕд уӕ чи у, уый йыл дур фыццаг фехсӕд».
Иоанн 8:7 ஆராயுங்கள்
6
Иоанн 8:34
Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: тӕригъӕды чи цӕуы, уый тӕригъӕды цагъар у.
Иоанн 8:34 ஆராயுங்கள்
7
Иоанн 8:10-11
Уӕд Йесо Йӕ сӕрыл схӕцыд ӕмӕ сылгоймаджы бафарста: «Хорз ус, уыцы адӕм цы фесты? Тӕрхон дын сӕ ничи рахаста?» Уый дзуапп радта: «Ничи, ме ’лдар!» Йесо йын загъта: «Ӕз дӕр дын нӕ тӕрхон кӕнын. Ацу ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ тӕригъӕд мауал ракӕн».
Иоанн 8:10-11 ஆராயுங்கள்
முகப்பு
வேதாகமம்
வாசிப்புத் திட்டங்கள்
காணொளிகள்