1
Лука 16:10
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Чысыл хъуыддаджы ӕууӕнк кӕуыл ис, уый стыр хъуыддаджы дӕр ӕууӕнкджын у, чысыл хъуыддаджы мӕнгард чи у, уый стыр хъуыддаджы дӕр мӕнгард у.
Porovnať
Preskúmať Лука 16:10
2
Лука 16:13
Никӕй бон у дыууӕ хицауӕн кусын — сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕни, кӕнӕ сӕ иуыл иузӕрдион уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕ бауыдзӕни Хуыцауӕн дӕр ӕмӕ ӕхцайӕн дӕр лӕггад кӕнын».
Preskúmať Лука 16:13
3
Лука 16:11-12
Уӕдӕ кӕд ӕнӕраст мулкыл иузӕрдион нӕ разындыстут, уӕд уын ӕцӕг мулк уӕ бӕрны чи бакӕндзӕн? Ӕмӕ кӕд искӕй мулкыл нӕ бацауӕрстат, уӕд уын уӕхи мулк та уӕ бар куыд бакӕндзысты?
Preskúmať Лука 16:11-12
4
Лука 16:31
Авраам ын дзуапп радта: „Моисей ӕмӕ пехуымпартӕм кӕм нӕ хъусынц, уым, мӕрдтӕй исчи райгас уа, ууыл дӕр нӕ баууӕнддзысты“».
Preskúmať Лука 16:31
5
Лука 16:18
Йӕ усы чи ауадза ӕмӕ ӕндӕр ус чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны. Йӕ мойӕ чи ахицӕн ис, уыцы усы чи ракура, уый дӕр хӕтгӕ кӕны.
Preskúmať Лука 16:18
Domov
Biblia
Plány
Videá