YouVersion
Pictograma căutare

Лука 23

23
Пилаты тӕрхон
1Уӕд иууылдӕр сыстадысты ӕмӕ Йӕ Пилатмӕ акодтой.#Мт 27:2; Мк 15:1; Ин 18:28. 2Уым Ӕй райдыдтой аххосджын кӕнын: «Мах сбӕлвырд кодтам, ацы адӕймаг нын адӕмы кӕй халы, уый. Кесӕрӕн хъалон фидын нӕ уадзы ӕмӕ Йӕхи хоны Чырысти, ома Паддзах».#Мт 22:21. 3Уӕд Ӕй Пилат бафарста: «Ды дӕ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».#Мт 27:11; Мк 15:2; Ин 18:33; 1 Тим 6:13; Ӕрг 1:5. 4Пилат хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Ӕз ацы адӕймагмӕ ницы азым арын». 5Фӕлӕ уыдон уӕддӕр нӕ састысты: «Уый ӕгас Иудейы Йӕ ахуырадӕй адӕмы змӕнты. Райдыдта Галилейӕ ӕмӕ ныр ардӕм ӕрбахӕццӕ».
6Пилат уый куы фехъуыста, уӕд бафарста: «Уыцы адӕймаг галилейаг у?» 7Ӕмӕ, Ироды дӕлбар цы бӕстӕ ис, уырдыгӕй у, уый куы базыдта, уӕд Йесойы уымӕ арвыста — уыцы рӕстӕг Ирод дӕр Йерусалимы уыди.
8Ирод Йесойы куы федта, уӕд тынг бацин кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ рагӕй фӕндыд Йӕ фенын. Йесойы тыххӕй бирӕ хӕттыты фехъуыста ӕмӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ каст исты диссаг равдисынмӕ.#Лк 9:9. 9Бирӕ цӕмӕйдӕрты Йӕ фарста, фӕлӕ йын Йесо ницы дзуапп лӕвӕрдта. 10Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ динамонджытӕ дӕр уыдысты уым ӕмӕ карзӕй дзырдтой Йӕ ныхмӕ, азымджын Ӕй кодтой. 11Ирод ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ Йесойы ӕгады бынаты сӕвӕрдтой, сӕхицӕн дзы хъазӕнхъул сарӕзтой. Уый фӕстӕ Йыл Ирод зынаргъ дарӕс скӕнын кодта ӕмӕ Йӕ фӕстӕмӕ Пилатмӕ арвыста. 12Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Пилат ӕмӕ Ирод балымӕн сты, уымӕй размӕ та кӕрӕдзимӕ фыдӕх хастой.
13Пилат фӕсидти хистӕр сауджынтӕм, хицӕуттӕм ӕмӕ адӕммӕ. 14Загъта сын: «Сымах мӕм ӕрбакодтат ацы адӕймаджы, Уый адӕмы змӕнты, зӕгъгӕ. Ӕз уӕ разы равзӕрстон хъуыддаг ӕмӕ Йӕм, цы фыдракӕндты Йӕ азымджын кӕнут, ахӕмӕй ницы ссардтон.#Мт 27:23; Мк 15:14; Ин 18:38; 19:4. 15Ирод дӕр Ӕм ницы азым ссардта ӕмӕ нӕм Ӕй фӕстӕмӕ раздӕхта. Куыд уынут, афтӕмӕй, мӕлӕтмӕ Йӕ цӕй тыххӕй раттӕм, ахӕмӕй ницы сарӕзта. 16Ӕз Ӕй ехсӕй фӕнӕмын кӕндзынӕн ӕмӕ Йӕ ахӕстонӕй рауадздзынӕн». 17[Бӕрӕгбоны тыххӕй Пилатӕн ӕмбӕлди иу ахӕсты суӕгъд кӕнын.] 18Фӕлӕ адӕм ӕмхуызонӕй хъӕр систой: «Амар Ӕй! Вараввӕйы нын рауадз!»#Мт 27:20; Мк 15:11; Ин 18:40; Хъуыд 3:14. 19Вараввӕйы та ахӕстоны бакодтой, сахары змӕсты аххосджын кӕй уыди ӕмӕ кӕйдӕр кӕй амардта, уый тыххӕй. 20Пилат адӕмимӕ ногӕй ныхас кӕнын райдыдта — Йесойы куы рауагътаид, уый йӕ фӕндыди. 21Фӕлӕ уыдон хъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй, байтындз Ӕй!» 22Пилат сын ӕртыккаг хатт загъта: «Уагӕры ӕвзӕрӕй цы ракодта? Мӕлӕты аккаг цы у, ахӕмӕй Йӕм ӕз ницы ссардтон. Ехсӕй Йӕ фӕнӕмын кӕндзынӕн ӕмӕ Йӕ рауадздзынӕн». 23Фӕлӕ адӕм уӕддӕр хъӕлӕсыдзагӕй хъӕр кодтой ӕмӕ домдтой Йесойы байтындзын. Пилаты басастой сӕ хъӕрӕй, 24ӕмӕ Пилат хъуыддаг аскъуыддзаг кодта, уыдон куыд домдтой, афтӕ: 25змӕст ӕмӕ тугныккалды азымимӕ ахӕстоны кӕй сбадын кодтой ӕмӕ йӕм адӕм кӕй тыххӕй ныххатыдысты, уыцы Вараввӕйы рауагъта, Йесойы та сын сӕ бар бакодта.
Йесойы байтыгъд
26Йесойы марынмӕ куы фӕцӕйкодтой, уӕд фӕссахарӕй иу киренӕйаг лӕг ӕрбацӕйцыди, йӕ ном — Симон. Баурӕдтой йӕ ӕмӕ йын Йесойы фӕдыл дзуар йе ’ккойыл фӕхӕссын кодтой. 27Йесойы фӕстӕ цыди бирӕ адӕм. Се ’хсӕн уыди, сӕ риутӕ хойгӕйӕ Йыл чи хъарӕг кодта, ахӕм сылгоймӕгтӕ. 28Йесо сӕм разылд ӕмӕ сын загъта: «Йерусалимы чызджытӕ! Ма кӕут Мӕныл, уӕхиуыл ӕмӕ уӕ сывӕллӕттыл кӕут. 29Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ дзурдзысты: „Тӕхудиаг сты, сывӕллон чи нӕ ныййардта ӕмӕ йӕ риуы ’хсырӕй хъӕбул чи не схаста, уыцы ӕнӕзӕнӕг сылгоймӕгтӕ!“ 30Уӕд хӕхтӕн лӕгъстӕ кӕндзысты: „Ӕркӕлут ныл!“ — къуыбыртӕн: „Ӕрӕмбӕрзут нӕ!“#Ӕрг 6:16; 9:6; Ос 10:8. 31Уымӕн ӕмӕ, кӕд цъӕхвӕлыст бӕласӕн афтӕ кӕнынц, уӕд уагӕры хус бӕласӕн та цы бакӕндзысты?»
32Йемӕ ма Йын марынмӕ акодтой дыууӕ фыдгӕнӕджы. 33Ӕмӕ, Сӕргӕхц, зӕгъгӕ, уыцы бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уыцы ран дзуарыл байтыгътой Йесо ӕмӕ фыдгӕнджыты: иуы — Йӕ рахизфарс, иннӕйы — Йӕ галиуфарс.#Мт 27:33; Мк 15:22; Ин 19:17. 34Йесо дзырдта: «Мӕ Фыд, ныббар сын, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый нӕ зонынц». Йӕ дарӕстыл Ын хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се ’хсӕн байуӕрстой.#Мт 5:44; 27:35; Мк 15:24; Ин 19:23. 35Адӕм лӕууыдысты ӕмӕ кастысты, сӕ хицӕуттӕ та Йыл худтысты: «Иннӕты ирвӕзын кодта, ныр Йӕхи фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауы ӕвзӕрст Чырысти у, уӕд». 36Ӕфсӕддонтӕ Дзы хынджылӕг кодтой — бацыдысты-иу Ӕм, Йӕ дзыхмӕ-иу Ын туаг сӕн схастой 37ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд иудейаг Паддзах дӕ, уӕд Дӕхи фервӕзын кӕн». 38Йӕ сӕрмӕ [бердзенаг, ромаг ӕмӕ дзуттаг ӕвзӕгтыл] уыди фыст: «Ацы адӕймаг у иудейаг Паддзах».
39Кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнджытӕй иу ӕлгъыста Йесойы ӕмӕ Йын дзырдта: «Чырысти нӕ дӕ, ӕви цы? Фервӕзын кӕн Дӕхи дӕр ӕмӕ мах дӕр». 40Фӕлӕ йӕ иннӕ сабыр кодта: «Ау, Хуыцауӕй нӕ тӕрсыс, дӕуӕн дӕр ахӕм тӕрхон куы рахастой? 41Махӕн раст бакодтой — нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ у нӕ тӕрхон, фӕлӕ уый ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта». 42Ӕмӕ загъта: «Йесо, Дӕ Паддзахадмӕ куы бацӕуай, уӕд-иу мӕ ӕрымыс!»#Мт 16:28. 43Йесо йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: тӕккӕ абон Мемӕ уыдзынӕ дзӕнӕты».
Йесойы мӕлӕт
44Уыдис ӕхсӕз сахатмӕ#23:44 Сахӕттӕ амынд сты рагон нымадӕй (кӕс дзырдуаты). ӕввахс. Бӕстӕ ӕгасӕй дӕр саудалынг баци ӕмӕ суанг фарӕстӕм сахаты онг йӕ хуыз нӕ аивта, 45уымӕн ӕмӕ хур рухс нал кодта. Кувӕндоны мидӕмбӕрзӕн уӕлейӕ бынмӕ дыууӕ дихы фӕцис. 46Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Мӕ Фыд, Дӕ къухмӕ Дын дӕттын Мӕ уд». Ӕмӕ, афтӕ куыддӕр загъта, афтӕ Йӕ уд систа. 47Цы ӕрцыди, уый сӕдӕйыхицау куы федта, уӕд, Хуыцауӕн кад кӕнгӕйӕ, загъта: «Ацы Адӕймаг ӕнӕмӕнг рӕстгӕнӕг уыди». 48Бакӕсынмӕ Йӕм цы адӕм ӕрбамбырд ис, уыдон уыцы цау куы федтой, уӕд, сӕ риутӕ хойгӕйӕ, сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты. 49Йесойы зонгӕтӕ, стӕй, Йӕ фӕдыл Галилейӕ чи рацыди, уыцы сылгоймӕгтӕ та дӕрддзӕф лӕууыдысты ӕмӕ, цытӕ цӕуы, уыдӕттӕм кастысты.
Йесойы баныгӕдтой
50Иу лӕг, йӕ ном — Йосеф, синедрионы уӕнг, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ раст адӕймаг,#Мт 27:57; Мк 15:43; Ин 19:38. 51иудейаг сахар Аримафейы цӕрӕг, ӕнхъӕлмӕ касти Хуыцауы Паддзахадмӕ. Уый разы нӕ уыди, синедрион цы уынаффӕ рахаста ӕмӕ цы сарӕзта, уыимӕ. 52Йосеф бацыди Пилатмӕ ӕмӕ Йесойы мард ракуырдта. 53Ауындзӕнӕй йӕ ӕриста, мӕрдӕмбӕрзӕны йӕ батыхта ӕмӕ йӕ, къӕдзӕхы хуылфы цы афтид зӕппадз уыди, уым бавӕрдта. 54Уый уыди майрӕмбоны, изӕрӕй, ныридӕгӕн сабатбон райдыдта. 55Йесоимӕ Галилейӕ цы сылгоймӕгтӕ ӕрбацыд, уыдон федтой, Йесойы мард куыд ӕриста Йосеф ӕмӕ йӕ зӕппадзы куыд бавӕрдта, уый. 56Куы раздӕхтысты, уӕд ӕрцӕттӕ кодтой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ. Сабат сын, иудейаг Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, уыди ӕнцойбон.

Evidențiere

Partajează

Copiază

None

Dorești să ai evidențierile salvate pe toate dispozitivele? Înscrie-te sau conectează-te