Иоанн 7
7
Йесойыл йе ’фсымӕртӕ не ’ууӕндынц
1Уый фӕстӕ Йесо зылди Галилейыл, Иудейыл та Йӕ нӕ фӕндыди цӕуын, уымӕн ӕмӕ Йӕ иудейӕгтӕ хъавыдысты амарынмӕ.
2Ӕрхӕстӕг ис иудейаг бӕрӕгбон — Халагъудты бӕрӕгбон#7:2 Халагъудты бӕрӕгбон бӕрӕг кодтой фӕззӕджы, тыллӕг бафснайыны фӕстӕ. Бӕрӕгбоны рӕстӕджы (авд боны) дзуттӕгтӕ хъуамӕ цардаиккой бӕласы къалиутӕй арӕзт халагъудты, Моисейы заманы сӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг быдыры халагъудты кӕй цардысты, уый мысынӕн.. 3Уӕд Йесойӕн Йе ’фсымӕртӕ загътой: «Ам мауал лӕуу, Иудеймӕ ацу. Уадз ӕмӕ Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр, Ды цы хъуыддӕгтӕ аразыс, уый сӕхи цӕстӕй феной. 4Номдзыд уӕвын кӕй фӕнды, уый сусӕгӕй ницы аразы. Кӕд Ды ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕныс, уӕд Дӕхи равдис дунемӕ». 5Суанг ма Йыл Йе ’фсымӕртӕ дӕр не ’ууӕндыдысты.
6Йесо сын загъта: «Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд, сымахӕн та алы афон дӕр бӕззы. 7Сымахӕй йе сӕфт уынын дунейӕн#7:7 Ацы ран, стӕй Иоанны Евангелийы ӕндӕр бынӕтты «дуне» арӕх нысан кӕны тӕригъӕдджын адӕмы, хӕйрӕджы дӕлбар чи ис, уыдоны. йӕ бон нӕу, Мӕнӕй та йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн ӕвдисӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕй сты, уымӕн.#Ин 3:19. 8Сымах ацӕут ацы бӕрӕгбонмӕ, Ӕз та нӕма цӕуын, уымӕн ӕмӕ Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд».
9Уыцы ныхӕстӕ зӕгъыны фӕстӕ Йесо баззади Галилейы.
Йесо Халагъудты бӕрӕгбоны
10Фӕлӕ Йе ’фсымӕртӕ куы ацыдысты, уӕд Уый дӕр араст ис уырдӕм, ӕрмӕст ӕргомӕй нӕ — куыд ничи Йӕ базыдтаид, афтӕ.
11Иудейӕгтӕ Йӕ агуырдтой бӕрӕгбоны ӕмӕ фарстой: «Кӕм ис уыцы Адӕймаг?» 12Йесойы тыххӕй адӕм сусӕгӕй алы ныхас кодтой. Иутӕ дзырдтой: «Хорз адӕймаг у». Иннӕтӕ та: «Нӕ, Уый адӕмыл сайдӕй цӕуы».#Ин 9:16. 13Ӕниу, иудейӕгтӕй тӕрсгӕйӕ, Йесойы тыххӕй ӕргомӕй ничи ницы дзырдта.#Ин 12:42.
14Бӕрӕгбон йе ’мбисыл куы уыди, уӕд Йесо бацыди Кувӕндонмӕ ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнын райдыдта. 15Иудейӕгтӕ дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ахуыр куы никуы кодта, уӕд Сыгъдӕг Фыст куыд хорз зоны?» 16Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз цӕуыл ахуыр кӕнын, уый Мӕхицӕй нӕу, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕгӕй.#Ин 8:28; 12:49; 14:24. 17Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый базондзӕн, ацы ахуырад Хуыцауӕй у ӕви йӕ Ӕз Мӕхи номӕй дзурын, уый.#Ин 8:47. 18Йӕхи номӕй дзурӕг йӕхи кадмӕ бӕллы. Йӕ Рарвитӕджы скадджын кӕнын Кӕй фӕнды, Уый та, ӕцӕг цы у, уый дзуры — мӕнгдзинад Ӕм нӕй.
19Моисей уын Ӕгъдау нӕ радта, ӕви? Фӕлӕ уыцы Ӕгъдауы домӕнтӕ сымахӕй ничи ӕххӕст кӕны. Цӕй тыххӕй Мӕ хъавут амарынмӕ?»#Ин 5:18.
20Адӕм ын загътой: «Хӕйрӕджджын дӕ? Чи Дӕ хъавы амарынмӕ?» 21Йесо та сын загъта: «Ӕз ӕрмӕст иу хъуыддаг сарӕзтон, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр дисы бафтыдыстут. 22Моисей уын радта сунӕты ӕгъдау, — ӕниу, уый Моисейӕ нӕ, — уӕ рагфыдӕлтӕй уын баззад — ӕмӕ адӕймагӕн сабаты сунӕт скӕнут. 23Ӕмӕ кӕд Моисейы Ӕгъдау ма фехалыны тыххӕй адӕймагӕн сабаты сунӕт кӕнынц, уӕд Ӕз рынчыны къахӕй сӕрмӕ сабаты кӕй сдзӕбӕх кодтон, уый тыххӕй Мӕм цӕмӕн смӕсты стут? 24Ӕдде цы зыны, уымӕ ма кӕсут, фӕлӕ кӕнут ӕнӕхӕрам тӕрхон».
Йесо Чи у, уый фӕдыл быцӕутӕ
25Йерусалимы цӕрджытӕй иуӕй-иутӕ дзырдтой: «Ай, марынмӕ кӕй агурынц, уыцы адӕймаг нӕу? 26Мӕнӕ ӕргомӕй адӕмимӕ ныхас кӕны, ӕмӕ Йын ничи ницы зӕгъы. Кӕд, мыййаг, хицӕуттӕ бӕлвырд базыдтой, Чырысти кӕй у, уый? 27Фӕлӕ, кӕцӕй у, уый мах зонӕм. Чырысти та, куы ’рцӕуа, уӕд, кӕцӕй у, уый ничи зондзӕни».#Мт 13:55.
28Уӕд Йесо, Кувӕндоны амонгӕйӕ, хъӕрӕй загъта: «Зонут Мӕ уӕдӕ, нӕ? Ӕмӕ суанг, кӕцӕй дӕн, уый дӕр зонут? Ӕз Мӕхи номӕй не ’рцыдтӕн — ӕууӕндӕн Кӕуыл ис, Уый Мӕ рарвыста, фӕлӕ Йӕ сымах нӕ зонут.#Ин 8:42. 29Ӕз та Йӕ зонын, уымӕн ӕмӕ Ӕз Уымӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ Мӕ Уый рарвыста».
30Уыдон Ӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух баххӕссыди, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.#Ин 8:20. 31Адӕмӕй Йыл бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Цымӕ, Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд, ацы Адӕймаг цы диссӕгтӕ равдыста, уыдонӕй фылдӕр равдисдзӕн?»#Ин 8:30.
Йесойы фӕлварынц ӕрцахсын
32Адӕмы ӕхсӕн Йесойы тыххӕй цы ныхӕстӕ цӕуы, уый фарисейтӕ фехъуыстой. Ӕмӕ уӕд алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ Кувӕндон хъахъхъӕнджыты арвыстой, цӕмӕй Йӕ ӕрцахсой.
33Йесо загъта: «Ӕз бирӕ нал уыдзынӕн уемӕ — Мӕ Рарвитӕгмӕ ацӕудзынӕн. 34Агурдзыстут ма Мӕ ӕмӕ Мӕ не ссардзыстут, ӕмӕ, Ӕз кӕм уон, сымахӕн уырдӕм бацӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн».#Ин 13:33.
35Иудейӕгтӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уагӕр кӕдӕм у цӕуинаг, мах Ӕй кӕм не ссардзыстӕм? Кӕд, мыййаг, бердзенӕгты ’хсӕн дзуттӕгтӕ кӕм цӕрынц, уырдӕм цӕуынвӕнд кӕны, цӕмӕй уым бердзенӕгты ахуыр кӕна? 36Цы амонынц Йӕ ацы ныхӕстӕ: „Агурдзыстут ма Мӕ ӕмӕ Мӕ не ссардзыстут“ ӕмӕ ноджы: „Ӕз кӕм уон, сымахӕн уырдӕм бацӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн“?»
Царды цӕугӕдон
37Бӕрӕгбоны фӕстаг ӕмӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр бон Йесо сыстад ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Дойны кӕмӕн у, уый Мӕм ӕрбацӕуӕд ӕмӕ бануазӕд.#Ин 4:14; Ӕрг 22:17. 38Мӕныл чи ӕууӕнды, уымӕн, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ йӕ зӕрдӕйӕ раивылдзысты царддӕттӕг цӕугӕдӕттӕ». 39Йесо афтӕ Сыгъдӕг Уды, — чи Йыл ӕууӕнды, уыдон Кӕмӕй хъуамӕ схайджын уыдаиккой, — Уый тыххӕй загъта. Уӕд нырма Сыгъдӕг Удӕй нӕма схайджын сты, уымӕн ӕмӕ Йесойы кад нӕма раргом ис.#Хъуыд 2:17,33.
40Адӕм ацы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд иутӕ дзырдтой: «Уый, ӕнӕмӕнг, пехуымпар#7:40 Ам ныхас цӕуы, уӕды заманы иудейӕгтӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы пехуымпарыл. у».#Мт 26:5. 41Иннӕтӕ: «Уый Чырысти у». Аннӕтӕ та: «Ӕмӕ Чырысти, мыййаг, Галилейӕ ӕрцӕудзӕн? 42Сыгъдӕг Фысты афтӕ загъд нӕй, Чырысти Давиды байзӕддаг уыдзӕн ӕмӕ, Давид кӕм царди, уыцы хъӕуӕй, Вифлеемӕй, ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ?»#Мт 2:6; Лк 2:4.
43Йесойы тыххӕй адӕммӕ иу хъуыды нал уыд.#Ин 9:16. 44Чидӕртӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух баххӕссыд.
Иудейы хицӕуттӕ не ’ууӕндынц Йесойыл
45Хъахъхъӕнджытӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд сӕ алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ бафарстой: «Цӕуылнӕ Йӕ ӕрбакодтат?» 46Хъахъхъӕнджытӕ сын дзуапп радтой: «Уыцы Адӕймаг куыд ныхас кӕны, афтӕ никуы ничи дзырдта». 47Фарисейтӕ сын загътой: «Ау, сымах дӕр афӕлывта? 48Хицӕуттӕй кӕнӕ Йыл фарисейтӕй исчи баууӕндыди, мыййаг? 49Ацы ӕнӕфенд адӕм та Моисейы Ӕгъдауӕн ницы зонынц, ӕлгъыст сты».
50Фарисейтӕй иу, Никодим, зӕгъгӕ, кӕддӕр Йесомӕ чи бацыди, уый сын загъта:#Ин 3:1. 51«Не ’Гъдау, адӕймагӕн йӕхимӕ ма байхъус ӕмӕ, цы гӕнӕг у, уый ма базон, афтӕмӕй йын тӕрхон кӕнын амоны, ӕви?» 52Уый тыххӕй йын загътой: «Ды дӕр Галилейӕ дӕ? Ӕркӕс Фыстмӕ ӕмӕ фендзынӕ, Галилейӕ пехуымпар кӕй нӕ рацӕудзӕн, уый».
53[Ӕмӕ иууылдӕр сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты.]
Selectat acum:
Иоанн 7: ИрББЛ2022
Evidențiere
Partajează
Copiază
Dorești să ai evidențierile salvate pe toate dispozitivele? Înscrie-te sau conectează-te
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022