YouVersion
Pictograma căutare

Иоанн 4

4
1Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕй фылдӕр кӕнынц ӕмӕ Иоаннӕй фылдӕр аргъауы, зӕгъгӕ, уыцы хабар фарисейтӕм кӕй бахӕццӕ ис, Йесо уый куы базыдта#Ин 3:26.2уӕвгӕ, Йесо Йӕхӕдӕг нӕ аргъуыдта, фӕлӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, — 3уӕд ныууагъта Иудейы бӕстӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхти Галилеймӕ.
Йесо ӕмӕ самариаг сылгоймаг
4Йӕ фӕндаг уыди Самарийыл. 5Ӕмӕ, Йаков йӕ фырт Йосефӕн цы зӕххы хай радта, уымӕ хӕстӕг, Сихар, зӕгъгӕ, уыцы самариаг сахармӕ бацыди. 6Уым уыди Йаковы цъай. Йесо фӕндагыл бафӕллад ӕмӕ цъайы цур ӕрбадти. Уыдис ӕмбисбонмӕ ӕввахс.
7Дон хӕссынмӕ ӕрбацыди иу самариаг сылгоймаг. Йесо йӕм дзуры: «Дон-ма Мын авӕр». 8Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та уыцы рӕстӕг сахармӕ хӕринаг ӕлхӕнынмӕ ацыдысты. 9Самариаг сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ды иудейаг куы дӕ, уӕд мӕнӕй, самариагӕй, дон куыд курыс?» (Афтӕ та уымӕн загъта, ӕмӕ иудейӕгтӕ самариӕгтыл не ’рвӕссынц.)#Лк 9:53. 10Йесо йын дзуапп радта: «Ды, Хуыцауы хорзӕх цы у, уый куы зонис, стӕй, „дон-ма Мын авӕр“ дын Чи зӕгъы, уый дӕр, уӕд Дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын Уый раттид царддӕттӕг дон».
11Сылгоймаг Ын загъта: «Ме ’лдар, цъай арф у, Дӕумӕ та ӕгӕрыстӕмӕй, дон цӕмӕй сисай, уый дӕр куы нӕй, уӕд Дӕм царддӕттӕг дон кӕцӕй ис? 12Ацы цъай нын нӕ фыдӕл Йаков ныууагъта. Йӕхӕдӕг дӕр дзы нуӕзта, стӕй йӕ сывӕллӕттӕ дӕр ӕмӕ йӕ фос дӕр. Ау, Ды уымӕй уӕлдӕр дӕ?» 13Йесо йын дзуапп радта: «Ацы донӕй чидӕриддӕр нуазы, уый ногӕй сдойны уыдзӕн. 14Ӕз ын цы дон раттон, уымӕй чи баназа, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн. Ӕз ын цы дон раттон, уый йӕ зӕрдӕйы фестдзӕни мыггагмӕйы царддӕттӕг суадон». 15Сылгоймаг Ын загъта: «Ме ’лдар, ратт мын уыцы донӕй, цӕмӕй дойны ма кӕнон ӕмӕ ардӕм дон хӕссынмӕ мауал цӕуон».
16Йесо йын зӕгъы: «Ацу, дӕ моймӕ фӕдзур ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕх». 17Сылгоймаг Ын дзуапп радта: «Моймӕдзыд нӕ дӕн». Йесо йын загъта: «„Моймӕдзыд нӕ дӕн“ кӕй зӕгъыс, уымӕй раст дӕ. 18Уыди дын фондз лӕджы, ӕмӕ, ныртӕккӕ кӕимӕ цӕрыс, уый дӕр дӕ мой нӕу. Уымӕй раст загътай».
19Сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ме ’лдар, ӕз уынын, Ды пехуымпар кӕй дӕ, уый. 20Нӕ фыдӕлтӕ ацы хохыл куывтой Хуыцаумӕ, сымах та, иудейӕгтӕ, афтӕ зӕгъут, кувын кӕм ӕмбӕлы, уыцы бынат Йерусалимы ис, зӕгъгӕ». 21Йесо та йӕм дзуры: «Баууӕнд Мыл, сылгоймаг, ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыдмӕ нӕдӕр ацы хохыл кувдзыстут, нӕдӕр Йерусалимы. 22Сымах, самариӕгтӕ, кӕмӕ кувут, уый уӕхӕдӕг дӕр нӕ зонут. Мах та Кӕмӕ кувӕм, уый зонӕм, уымӕн ӕмӕ ирвӕзындзинад иудейӕгтӕй цӕуы.#Ром 9:5. 23Фӕлӕ ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, уӕвгӕ, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ ӕцӕг кувджытӕ нӕ уӕларвон Фыдмӕ кувдзысты Ӕцӕгады Удӕй разӕнгардӕй, уымӕн ӕмӕ Фыд Йӕхицӕн ахӕм кувджыты агуры. 24Хуыцау у Уд, ӕмӕ Йӕм чи кувы, уыдон Ӕм хъуамӕ кувой Удӕй разӕнгардӕй ӕмӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ».#2 Кор 3:17; Флп 3:3.
25Сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ӕз ӕй зонын, Мессиа#4:25 Мессиа — ӕрмӕст Моисейы Фондзчиныгоны домӕнтӕ нымад кӕмӕ уыдысты, уыцы самариӕгты хъуыдымӕ гӕсгӕ — Моисейы хуызӕн пехуымпар, ахуыргӕнӕг ӕмӕ ӕгъдауӕвӕрӕг., ома, Чырысти кӕй хонынц, Уый кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, куы ’рцӕуа, уӕд нын алцыдӕр бацамондзӕн». 26Йесо йын загъта: «Уый Ӕз дӕн, демӕ ныхасгӕнӕг».
27Уыцы рӕстӕг ӕрбацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ сӕм, Йесо сылгоймагимӕ кӕй ныхас кодта, уый диссаг фӕкасти. Фӕлӕ Йӕ сӕ иу дӕр нӕ бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» кӕнӕ: «Цӕуыл дзурыс йемӕ?»
28Сылгоймаг йӕ дурын уым фӕуагъта, ацыди сахармӕ ӕмӕ адӕмӕн дзуры: 29«Рацӕут ӕмӕ фенут, ӕз цы ракодтон, ӕппӕт уыдӕттӕ мын Чи загъта, уыцы Адӕймаджы. Уый Чырысти нӕу, цымӕ?» 30Ӕмӕ адӕм сахарӕй Йесомӕ рацыдысты.
31Уыцы рӕстӕг Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бахатыдысты: «Равви, исты скомдзаг кӕн». 32Фӕлӕ сын Уый загъта: «Мӕнмӕ ис, сымах кӕй нӕ зонут, ахӕм хойраг». 33Ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийы фарстой: «Мыййаг Ын исчи хӕринаг ӕрбахаста?»
34Йесо сын загъта: «Мӕ хойраг у Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ Йын Йӕ хъуыддаг кӕронмӕ саразын.
35Сымах афтӕ нӕ фӕзӕгъут, мыййаг, хуымгӕрдӕнтӕм ма цыппар мӕйы баззади, зӕгъгӕ? Ӕз та уын зӕгъын: акӕсут-ма уӕ цӕстытӕй ӕмӕ фенут, хуымтӕ ныридӕгӕн кӕрдинаг кӕй сты, уый.#Мт 9:37; Лк 10:2. 36Хуымгӕрдӕг йӕ хӕрзиуӕг райсы ӕмӕ тыллӕг ӕмбырд кӕны мыггагмӕйы цардӕн. Афтӕмӕй тауӕг дӕр ӕмӕ хуымгӕрдӕг дӕр иумӕ цин кӕндзысты. 37Уымӕ гӕсгӕ раст уыдзӕни ӕмбисонд: „Иу тауы, иннӕ кӕрды“. 38Ӕз уӕ арвыстон, сымах кӕй нӕ бакуыстат, уый кӕрдынмӕ. Ӕндӕртӕ бафыдӕбон кодтой, ӕмӕ сӕ куыстӕй хай ис сымахӕн дӕр».
39Уыцы сахары цӕрӕг самариӕгтӕй Йесойыл бирӕтӕ баууӕндыдысты, цы митӕ фӕкодта, ӕппӕт уыдӕттӕ йын Йесо кӕй загъта, сылгоймаг уый куы радзырдта, уӕд. 40Уымӕ гӕсгӕ Йын самариӕгтӕ, куы ӕрбацыдысты, уӕд лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕм афӕстиат уа. Ӕмӕ уӕд дыууӕ боны уым баззади. 41Йӕхимӕ Йын куы байхъуыстой, уӕд Ыл ноджы фылдӕр адӕм баууӕндыди. 42Уыцы сылгоймагӕн та дзырдтой: «Ныр Ыл мах дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ не ’ууӕндӕм — нӕхӕдӕг Ӕм байхъуыстам ӕмӕ зонӕм, Уый ӕцӕгдӕр дунейы Ирвӕзынгӕнӕг [Чырысти] кӕй у, уый».
Ӕлдары фырт сдзӕбӕх
43Дыууӕ боны фӕстӕ Йесо уырдыгӕй ацыди Галилеймӕ,#Мт 4:12; Мк 1:14. 44уымӕн ӕмӕ Йӕхӕдӕг дзырдта, пехуымпарӕн йӕ фыдыбӕстӕйы кад нӕй, зӕгъгӕ.#Мт 13:57; Мк 6:4; Лк 4:24. 45Галилеймӕ куы бацыди, уӕд Ыл галилейӕгтӕ ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр бӕрӕгбоны Йерусалимы уыдысты ӕмӕ федтой, Йесо уым цы сарӕзта, ӕппӕт уыдӕттӕ.
46Йесо ногӕй ӕрбацыди, дон сӕн кӕм фестын кодта, уыцы галилейаг Канӕмӕ. Уыцы рӕстӕг Капернаумы паддзахы дӕлдӕртӕй иуӕн йӕ фырт уыди рынчын.#Ин 2:11. 47Ӕмӕ уыцы лӕг, Йесо Иудейӕ Галилеймӕ кӕй ацыди, уый куы фехъуыста, уӕд Ӕм бахӕццӕ ис ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта, мӕ фырт мӕлӕты къахыл лӕууы, ӕрцу ӕмӕ мын ӕй сдзӕбӕх кӕн, зӕгъгӕ. 48Йесо йын загъта: «Сымах ӕнӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ ницӕуыл баууӕнддзыстут». 49Ӕлдар Ын загъта: «Хицау, рацу, Дӕ хорзӕхӕй, цалынмӕ ма мӕ фырт ӕгас у, уӕдмӕ». 50Йесо йын дзуапп радта: «Ацу, дӕ фырт сдзӕбӕх уыдзӕн». Уый баууӕндыди Йесойы ныхасыл ӕмӕ ацыди.
51Нырма фӕндагыл уыди, афтӕ йӕ цагъартӕ рацыдысты йӕ размӕ ӕмӕ йын загътой: «Дӕ фырт фӕдзӕбӕх ис». 52Уый сӕ бафарста: «Кӕд ын фенцондӕр ис?» Уыдон ын загътой: «Знон, фӕссихоры фыццаг сахатыл йӕ тӕвд ӕрхауд». 53Уӕд фыд базыдта, уыцы хабар, Йесо йын афтӕ куы загъта, дӕ фырт фӕдзӕбӕх уыдзӕн, зӕгъгӕ, тӕккӕ уыцы афон кӕй ӕрцыди, уый. Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр, стӕй йӕ хӕдзаронтӕ дӕр иууылдӕр баууӕндыдысты.
54Афтӕ Йесо дыккаг хатт, Иудейӕ Галилеймӕ ӕрыздӕхгӕйӕ, сарӕзта диссаг.

Evidențiere

Partajează

Copiază

None

Dorești să ai evidențierile salvate pe toate dispozitivele? Înscrie-te sau conectează-te