YouVersion
Pictograma căutare

Иоанн 10

10
Йесо — ӕцӕг фыййау
1«Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕтӕрмӕ дуарыл нӕ, фӕлӕ йӕм ӕндӕр искӕуылты чи бахизы, уый давӕг ӕмӕ абырӕг у. 2Дуарыл бацӕуӕг та фыстӕн сӕ фыййау у. 3Дуаргӕс ын бакӕны дуар, ӕмӕ йын фыстӕ хъусынц йӕ хъӕлӕс. Уый йӕ фыстӕм дзуры сӕ нӕмттӕй ӕмӕ сӕ ракӕны ӕддӕмӕ. 4Ӕмӕ Йӕ фысты иууылдӕр ӕддӕмӕ куы ракӕны, уӕд фӕцӕуы сӕ разӕй, уыдон та цӕуынц йӕ фӕдыл, уымӕн ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс зонынц. 5Ӕцӕгӕлоны фӕдыл та нӕ цӕуынц, фӕлӕ дзы лидзынц, уымӕн ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс нӕ зонынц».
6Йесо сын ракодта ацы фӕсномыг ныхас. Фӕлӕ сын ӕй цӕй тыххӕй ӕрхаста, уый нӕ бамбӕрстой.
7Уӕд сын Йесо ноджыдӕр загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Ӕз дуар дӕн фыстӕн. 8Мӕ размӕ-иу сӕм чи ӕрцыди, уыдон иууылдӕр давджытӕ ӕмӕ абырджытӕ уыдысты, фӕлӕ сӕм фыстӕ нӕ байхъуыстой. 9Ӕз дӕн дуар. Мӕн уылты чи бацӕуа, уый фервӕздзӕн — ӕдӕрсгӕ бацӕудзӕни мидӕмӕ, рацӕудзӕн ӕддӕмӕ ӕмӕ хизӕнуат ссардзӕни. 10Давӕг ӕрмӕстдӕр давынмӕ, марынмӕ ӕмӕ бабын кӕнынмӕ фӕцӕуы. Ӕз та ӕрцыдтӕн алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цард раттынмӕ.
11Ӕз дӕн хорз фыййау; хорз фыййау йӕ цард ратты йӕ фысты сӕраппонд.#1 Пет 2:25; 5:4. 12Ӕххуырст та фыййау нӕу, уымӕн фыстӕ йӕхи не сты; бирӕгъы куы фены, уӕд сӕ фӕуадзы ӕмӕ лидзынмӕ фӕвӕййы; бирӕгъ балӕбуры фыстӕм ӕмӕ алырдӕм ныххӕлиу вӕййынц. 13Ӕххуырст алидзы, уымӕн ӕмӕ уый ӕххуырст у ӕмӕ йӕ фысты мӕт нӕй.
14Ӕз дӕн хорз фыййау, Ӕз зонын Мӕ фысты, Мӕ фыстӕ дӕр Мӕ зонынц.#2 Тим 2:19. 15Мӕн Мӕ Фыд куыд зоны, Ӕз дӕр Мӕ Фыды афтӕ зонын, ӕмӕ Мӕ цард дӕттын Мӕ фысты сӕраппонд.
16Ацы уӕтӕрӕй чи нӕу, ахӕм фыстӕ дӕр Мын ис, ӕмӕ Мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы. Уыдон дӕр фехъусдзысты Мӕ хъӕлӕс ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын иу Фыййау уыдзӕни.
17Мӕ Фыд Мӕ уый тыххӕй уарзы, ӕмӕ Ӕз дӕттын Мӕ цард, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ райсон. 18Ничи Мын ӕй исы, Мӕхӕдӕг ӕй дӕттын. Мӕхи бар у йӕ раттын дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ райсын дӕр. Афтӕ Мын бафӕдзӕхста Мӕ Фыд».#Ин 2:19; 14:31.
19Ацы ныхӕсты тыххӕй дӕр та иудейӕгтӕм иу хъуыды нал уыд. 20Иутӕ дзырдтой: «Ай хӕйрӕджыты сайд у ӕмӕ сӕнттӕ цӕгъды. Цы йӕм хъусут?»#Мк 3:21; Ин 7:20. 21Иннӕтӕ семӕ нӕ разы кодтой: «Уыдон хӕйрӕджджыны ныхӕстӕ не сты. Хӕйрӕгӕн куырмыты цӕстӕй ракӕсын кӕнын йӕ бон кӕцӕй у?»
Иудейаг хицӕуттӕ сӕхи атигъ кодтой Йесойыл
22Йерусалимы ралӕууыди Кувӕндон Ссыгъдӕг кӕныны бӕрӕгбон#10:22 Кувӕндон Ссыгъдӕг кӕныны бӕрӕгбон бӕрӕг кодтой н. д. а. дыккаг ӕнусӕй фӕстӕмӕ. Йерусалимы Кувӕндон уый агъоммӕ фӕчъизи ис муртаттӕгты къухӕй.. Уыди зымӕг. 23Йесо зылди Кувӕндоныл, Соломоны тыргъы. 24Уым Ыл иудейӕгтӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕдмӕ ма нӕ тыхсын кӕндзынӕ? Кӕд Чырысти дӕ, уӕд нын ӕй ӕргом зӕгъ». 25Йесо сын дзуапп радта: «Загътон уын ӕй, ӕмӕ уӕ нӕ уырны. Ӕз Мӕ Фыды номӕй цы хъуыддӕгтӕ аразын, уыдон Мын сты ӕвдисӕн.#Ин 5:36. 26Фӕлӕ не ’ууӕндут, уымӕн ӕмӕ сымах — куы ма уын ӕй загътон — Мӕ фыстӕй не стут.#Ин 8:19; 1 Ин 4:6. 27Мӕ фыстӕ хъусынц Мӕ хъӕлӕс, Ӕз сӕ зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц Мӕ фӕдыл. 28Ӕз сын дӕттын мыггагмӕйы цард — уыдонӕн мӕлӕт нӕ уыдзӕн, ӕмӕ сӕ ничи аскъӕфдзӕни Мӕ къухӕй. 29Уыдон Мын Мӕ Фыд радта, Мӕ Фыдӕй уӕлдӕр та нӕй. Ӕмӕ сӕ Мӕ Фыды къухӕй аскъӕфын никӕй бон у. 30Ӕз ӕмӕ Мӕ Фыд иу стӕм».
31Ӕмӕ та иудейӕгтӕ ногӕй дуртӕм фӕлӕбурдтой, дурты бын Ӕй фӕкӕнӕм, зӕгъгӕ.#Ин 5:18. 32Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Мӕ Фыд Мын кӕй бафӕдзӕхста, ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ уын Ӕз бирӕ фенын кодтон. Цымӕ мӕ уыдонӕй кӕцыйы тыххӕй хъавут дуртӕй амарынмӕ?» 33Иудейӕгтӕ Йын дзуапп радтой: «Хорз хъуыддӕгты тыххӕй Дӕ нӕ хъавӕм дуртӕй амарынмӕ, фӕлӕ, Хуыцауы кӕй фауыс — адӕймаг уӕвгӕйӕ, Дӕхицӕй Хуыцау кӕй аразыс, уый тыххӕй».
34Йесо сын загъта: «Уе ’Гъдауы афтӕ фыст нӕй: „Ӕз загътон: сымах хуыцӕуттӕ стут“? 35Хуыцауы дзырд кӕмӕн лӕвӕрд уыд, кӕд Хуыцау уыдоны хуыцӕуттӕ схуыдта ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстӕн аивӕн нӕй, 36уӕд, Фыд Кӕй срухс кодта ӕмӕ дунемӕ Кӕй рарвыста, Уымӕй афтӕ куыд дзурут: „Хуыцауы фауы“, „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн“ кӕй загътон, уый тыххӕй?#Ин 6:27. 37Мӕ Фыд цы хъуыддӕгтӕ кӕны, кӕд Ӕз дӕр уыцы хъуыддӕгтӕ нӕ кӕнын, уӕд Мыл ма ӕууӕндут. 38Фӕлӕ сӕ кӕд кӕнын ӕмӕ Мыл уӕддӕр не ’ууӕндут, уӕд Мӕ хъуыддӕгтыл баууӕндут, цӕмӕй базонат ӕмӕ бамбарат, Мӕ Фыд Мемӕ иу кӕй у ӕмӕ Ӕз дӕр Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, уый».#Ин 14:10; 17:21. 39Ӕрцахсынмӕ та Йӕ хъавыдысты, фӕлӕ Уый аирвӕзти сӕ къухӕй.
40Ӕмӕ та ногӕй ацыди Иорданы фаллаг фарсмӕ, уымӕй размӕ Иоанн донӕй кӕм аргъуыдта, уырдӕм; ӕмӕ иу цасдӕр уым фӕци.#Ин 1:28. 41Бирӕ адӕм ӕм цыди ӕмӕ дзырдтой, Иоанн диссӕгтӕ нӕ равдыста, фӕлӕ, ацы Адӕймаджы тыххӕй цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр ӕцӕг сты, зӕгъгӕ.#Ин 5:33. 42Ӕмӕ Йыл уым бирӕтӕ баууӕндыдысты.

Evidențiere

Partajează

Copiază

None

Dorești să ai evidențierile salvate pe toate dispozitivele? Înscrie-te sau conectează-te