YouVersion
Pictograma căutare

Райдиан 8:21-22

Райдиан 8:21-22 ИРББЛ2022

Дунедарӕгмӕ схӕццӕ ис ӕхцон хӕрздӕф, ӕмӕ загъта Йӕхицӕн: «Адӕймаджы тыххӕй нал ралгъитдзынӕн зӕхх, кӕд йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ фыдбылызмӕ ӕмхиц у, уӕддӕр. Ӕппӕт цӕрӕг удты никуыуал фесафдзынӕн, доныхъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕххыл. Цалынмӕ зӕхх уа, уӕдмӕ таудзысты ӕмӕ кӕрддзысты, скӕндзӕн-иу хъызт ӕмӕ ӕнтӕф рӕстӕджытӕ, уыдзӕни сӕрд ӕмӕ зымӕг, бон ӕмӕ ӕхсӕв».