Йӕ райгуырдӕй аст боны кӕуыл рацӕуа, уӕ уыцы лӕппутӕй-иу алчидӕр ӕрцӕуӕд сунӕтгонд. Афтӕ кӕнут фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, уӕхи ӕмӕ, уӕ цагъарты цотӕй уӕ хӕдзары чи райгуыра, уыдонӕн ӕмӕ, уӕ байзӕддагӕй чи нӕ уа, фӕлӕ кӕцыфӕнды ӕрцӕуӕггагӕй кӕй балхӕнат, уыдонӕн дӕр. Хъуамӕ ӕнӕмӕнг сунӕтгонд уа, дӕ хӕдзары чи райгуырди, уый дӕр ӕмӕ де ’лхӕд дӕр. Ӕмӕ Мӕ фидыд — йӕ нысан уӕ буарыл — уыдзӕни мыггагмӕйы фидыд.