1
Райдиан 2:24
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕни йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ суыдзысты иу буар.
နှိုင်းယှဉ်
Райдиан 2:24ရှာဖွေလေ့လာလိုက်ပါ။
2
Райдиан 2:18
Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Адамӕн хорз нӕу иунӕгӕй цӕрын. Сфӕлдисон ын йӕхи аккаг ӕххуысгӕнӕг».
Райдиан 2:18ရှာဖွေလေ့လာလိုက်ပါ။
3
Райдиан 2:7
Дунедарӕг Хуыцау зӕххы рыгӕй сфӕлдыста адӕймаджы, царды комулӕфт дзы бауагъта, ӕмӕ адӕймаг сси удгоймаг.
Райдиан 2:7ရှာဖွေလေ့လာလိုက်ပါ။
4
Райдиан 2:23
Нӕлгоймаг загъта: «Мӕнӕ гъе, ай у мӕ туг, ме стӕгӕй; уый хуындзӕни сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ нӕлгоймагӕй ист у».
Райдиан 2:23ရှာဖွေလေ့လာလိုက်ပါ။
5
Райдиан 2:3
Хуыцау арфӕ ракодта ӕвдӕм бонӕн ӕмӕ йӕ скодта уаз, уымӕн ӕмӕ уыцы бон Йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй ӕрулӕфыди.
Райдиан 2:3ရှာဖွေလေ့လာလိုက်ပါ။
6
Райдиан 2:25
Сӕ дыууӕ дӕр, нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ ус, уыдысты мадард бӕгънӕг, фӕлӕ сӕм уый худинаг нӕ касти.
Райдиан 2:25ရှာဖွေလေ့လာလိုက်ပါ။
ပင်မစာမျက်နှာ
သမ္မာကျမ်းစာ
အစီအစဉ်များ
ဗီဒီယိုများ