Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ — иу адӕм, се ’ппӕтӕн дӕр — иу ӕвзаг. Цы аразынц, уый нырма сӕ хъуыддӕгты райдиан у ӕрмӕст. Ныр сӕ уромӕг нал бауромдзӕни, цӕмӕ нӕ бавналой — алцыдӕр сын бантысдзӕнис. Гъемӕ сӕм ныццӕуӕм ӕмӕ сын се ’взаг схъомпал кӕнӕм, сӕ кӕрӕдзийы куыннӕуал ӕмбарой».