1
Иоанн 5:24
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ныхас Мын чи хъусы ӕмӕ, Мӕн Чи рарвыста, Ууыл чи ӕууӕнды, уымӕн ис мыггагмӕйы цард ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзӕни — ныридӕгӕн мӕлӕтӕй бахызти цардмӕ.
Харьцуулах
Иоанн 5:24 г судлах
2
Иоанн 5:6
Йесо йӕ уым хуысгӕйӕ куы федта ӕмӕ рагӕй кӕй у рынчын, уый куы базыдта, уӕд ӕй бафарста: «Фӕнды дӕ, ӕмӕ ӕнӕниз уай?»
Иоанн 5:6 г судлах
3
Иоанн 5:39-40
Сымах лӕмбынӕг иртасут Сыгъдӕг Фыст, ӕмӕ йӕ фӕрцы мыггагмӕйы цард райсын ӕнхъӕл стут, афтӕмӕй уый та Мӕныл дзурӕг у. Фӕлӕ уӕ нӕ фӕнды Мӕнмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ мыггагмӕйы цард райсын.
Иоанн 5:39-40 г судлах
4
Иоанн 5:8-9
Уӕд ӕм Йесо дзуры: «Рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу». Ӕмӕ уыйадыл рынчын адзӕбӕх ис, систа йӕ хуыссӕн ӕмӕ ацыди. Уыцы цау ӕрцыди сабаты.
Иоанн 5:8-9 г судлах
5
Иоанн 5:19
Уый фӕдыл сын Йесо загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Фырт Йӕхи фӕндӕй ницы саразы, Фыд цы аразы, уый куынӕ уына, уӕд: Фыд цыдӕриддӕр аразы, уый аразы Фырт дӕр.
Иоанн 5:19 г судлах
Нүүр хуудас
Библи
Тѳлѳвлѳгѳѳнүүд
Бичлэгүүд