1
Иоанн 3:16
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
Хуыцау афтӕ бауарзта дуне, ӕмӕ радта Йӕ Иунӕг Фырты, цӕмӕй Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдон ма фесӕфой, фӕлӕ сын уа мыггагмӕйы цард.
Харьцуулах
Иоанн 3:16 г судлах
2
Иоанн 3:17
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Фырты дунейӕн тӕрхон рахӕссынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ дуне Уый фӕрцы фервӕзын кӕнынмӕ.
Иоанн 3:17 г судлах
3
Иоанн 3:3
Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ногӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕн Хуыцауы Паддзахад фенын».
Иоанн 3:3 г судлах
4
Иоанн 3:18
Чи Йыл ӕууӕнды, уый тӕрхонгонд нӕ уыдзӕн, чи Йыл не ’ууӕнды, уымӕн та ныридӕгӕн тӕрхон рахастӕуыд, уымӕн ӕмӕ нӕ баууӕндыди Хуыцауы Иунӕг Фыртыл.
Иоанн 3:18 г судлах
5
Иоанн 3:19
Тӕрхон та уый мидӕг ис, ӕмӕ рухс ӕрцыди дунемӕ, фӕлӕ адӕм рухсӕй фылдӕр бауарзтой талынг, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты.
Иоанн 3:19 г судлах
6
Иоанн 3:30
Уымӕн рӕзын ӕмбӕлы, мӕнӕн та — къаддӕрӕй-къаддӕр кӕнын.
Иоанн 3:30 г судлах
7
Иоанн 3:20
Йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕмӕн сты, уый рухсӕй йе сӕфт уыны ӕмӕ рухсмӕ нӕ цӕуы, цӕмӕй йӕ хъуыддӕгтӕ ма раргом уой.
Иоанн 3:20 г судлах
8
Иоанн 3:36
Фыртыл чи ӕууӕнды, уый хайджын у мыггагмӕйы цардӕй, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн — Хуыцауы азар ӕй баййӕфта».
Иоанн 3:36 г судлах
9
Иоанн 3:14
Ӕмӕ Моисей ӕдзӕрӕг быдыры ӕрхуы калмы уӕлӕмӕ куыд систа, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр хъуамӕ уӕлӕмӕ ист ӕрцӕуа
Иоанн 3:14 г судлах
10
Иоанн 3:35
Фыд уарзы Фырты ӕмӕ Йын ӕппӕт дӕр радта Йӕ къухмӕ.
Иоанн 3:35 г судлах
Нүүр хуудас
Библи
Тѳлѳвлѳгѳѳнүүд
Бичлэгүүд