YouVersion Logo
Search Icon

Райдиан 6:1-4

Райдиан 6:1-4 ИРББЛ2022

Адӕм зӕххыл райдыдтой фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнын. Райгуырди сын чызджытӕ. Хуыцауы фырттӕ федтой, адӕмӕн сӕ чызджытӕ рӕсугъд кӕй сты, уый, ӕмӕ-иу дзы йӕ цӕст чи кӕуыл ӕрӕвӕрдта, уыимӕ-иу ӕмуат ӕрцыди. Уӕд Дунедарӕг загъта: «Ӕз адӕймагӕн мыггагмӕ нӕ ныууадздзынӕн Мӕ царддӕттӕг комулӕфт, уымӕн ӕмӕ буар йеддӕмӕ ницы у. Йӕ царды бонтӕ уӕнт сӕдӕ дыууын азы». Уыцы заман ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр зӕххыл цардысты уӕйыгӕнгӕс адӕм, Хуыцауы фырттӕн-иу зӕххон чызджытӕй чи райгуырди, уыдон. Незаманты цы хъуыддӕгтӕй фесгуыхтысты, уыдонӕй хъуыстгонд сты ныр дӕр ма.