Апостолты хъуыддӕгтӕ 15
15
Ӕмбырд Йерусалимы
1Иудейӕ чидӕртӕ ӕрбацыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн райдыдтой амонын: «Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сунӕт куынӕ скӕнат, уӕд нӕ фервӕздзыстут».#Гал 2:3-4; 5:2; Флп 3:3. 2Павел ӕмӕ Варнавӕ семӕ не сразы сты, ӕмӕ сӕм стыр быцӕу рауад. Уӕд бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕр ацы хъуыддаджы фӕдыл ацӕуой апостолтӕм ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕм Йерусалиммӕ. 3Аргъуан сӕ фӕндагмӕ срӕвдз кодта, ӕмӕ ацыдысты Финики ӕмӕ Самарийыл. Сӕ фӕндагыл дзырдтой, муртаттӕгтӕ кӕй здӕхынц Хуыцаумӕ, ӕмӕ уымӕй ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр хастой стыр цин. 4Йерусалиммӕ куы ӕрхӕццӕ сты, уӕд сыл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты аргъуан, апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ. Павел ӕмӕ сын Варнавӕ радзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй. 5Фӕлӕ, Йесойыл чи баууӕндыд, уыцы фарисейтӕй чидӕртӕ сыстадысты ӕмӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, муртаттӕгтӕ хъуамӕ кӕной сунӕт ӕмӕ сын хъӕуы бафӕдзӕхсын Моисейы Ӕгъдау ӕххӕст кӕнын.
6Апостолтӕ ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты уыцы хъуыддаг равзарынмӕ. 7Дзӕвгар ыл куы фӕбыцӕу кодтой, уӕд Петр сыстад ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ, сымах зонут, фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ Хуыцау сымахӕй мӕн сӕвзӕрста, цӕмӕй муртаттӕгтӕ мӕ дзыхӕй фехъусой Фарны Уац ӕмӕ баууӕндой.#Хъуыд 10:20; 11:12. 8Ӕмӕ зӕрдӕзонӕг Хуыцау муртаттӕгтыл кӕй ауды, уый равдыста, уыдонӕн дӕр махау Сыгъдӕг Уд кӕй балӕвар кодта, уымӕй.#Хъуыд 11:15. 9Хуыцау махмӕ дӕр ӕмӕ уыдонмӕ дӕр иу цӕстӕй кӕсы, уымӕн ӕмӕ сын уырнындзинадӕй ссыгъдӕг кодта сӕ зӕрдӕтӕ.#Хъуыд 10:43; 1 Кор 1:2. 10Ныр Хуыцауы цӕмӕн къахут? Нӕдӕр нӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр мах кӕй нӕ бафӕрӕзтам хӕссын, уыцы ӕфсондз ахуыргӕнинӕгты ӕккой цӕмӕн ӕвӕрут?#Мт 23:4; Лк 11:46; Гал 5:1. 11Мах куы ӕууӕндӕм, уыдонау кӕй фервӕздзыстӕм ӕрмӕст Бардарӕг Йесойы хорзӕхы руаджы».#Гал 3:22; Эф 2:8; 2 Тим 1:9; Тит 3:4-5.
12Уӕд се ’ппӕт дӕр ныссабыр сты ӕмӕ хъуыстой Варнавӕ ӕмӕ Павелмӕ. Уыдон дзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы муртаттӕгтӕм кӕй сарӕзта, уыцы ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгты тыххӕй. 13Сӕ ныхас куы фесты, уӕд райдыдта дзурын Йаков: «Ӕфсымӕртӕ, байхъусут мӕм. 14Симон нын радзырдта, Хуыцау райдианы муртаттӕгтӕм куыд ӕркасти, уый, цӕмӕй Йӕхицӕн уыдонӕй адӕм сӕвзара. 15Уыимӕ разы кӕнынц пехуымпарты ныхӕстӕ дӕр. Фыст у:
16„Уый фӕстӕ Ӕз раздӕхдзынӕн
ӕмӕ ногӕй сӕвӕрдзынӕн
Давиды хауд цатыр.
Йӕ хӕлддзӕгтӕй йӕ сырӕзын кӕндзынӕн
ӕмӕ йӕ сног кӕндзынӕн,
17цӕмӕй Дунедарӕгмӕ тырной
иннӕ адӕмтӕ, ӕппӕт муртаттӕгтӕ,
кӕмӕ фӕсидтӕн ӕмӕ Мӕ дӕлбар чи ис,
уыдон иууылдӕр.
Афтӕ зӕгъы Бардарӕг,
18ӕппӕт уыдӕттӕ рагзаманы
Чи раргом кодта, Уый“.
19Уымӕ гӕсгӕ мӕ хъуыды у: муртаттӕгтӕй Хуыцаумӕ чи здӕхы, уыдоныл уӕлдай уаргъ ма ӕвӕрӕм. 20Фӕлӕ сӕм ныффыссӕм, ӕмӕ сӕхи бахизӕнт, мӕнгхуыцӕуттӕн нывондӕн кӕй ӕрхастой ӕмӕ уый аххосӕй чи фӕчъизи, уыцы хойраг хӕрынӕй, хъахбайдзинадӕй, хӕдмӕл дзидза ӕмӕ туг хӕрынӕй [стӕй, сӕхицӕн сӕ цы нӕ фӕнды, уый иннӕтӕн дӕр ма кӕнӕнт].#Хъуыд 21:25; Ром 1:27; 1 Кор 6:15. 21Моисейы Ӕгъдау рагӕй-ӕрӕгмӕ алы сахары дӕр куы амонынц ӕмӕ йӕ синагогӕты алы сабат дӕр куы кӕсынц».
Фыстӕг, чи баууӕндыд, уыцы муртаттӕгтӕм
22Уӕд апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ ӕппӕт аргъуанимӕ сфӕнд кодтой аргъуанӕй цалдӕр лӕджы сӕвзарын ӕмӕ сӕ Павелимӕ ӕмӕ Варнавӕимӕ Антиохимӕ арвитын. Ӕмӕ сӕрмагондӕй равзӕрстой, Варсавӕ дӕр ма кӕй хуыдтой, уыцы Иудӕйы, стӕй Силӕйы — ӕфсымӕрты ӕхсӕн дзырддзӕугӕдӕрты. 23Ныффыстой ӕмӕ сын семӕ арвыстой ахӕм фыстӕг:
«Апостолтӕй ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕй, уе ’фсымӕртӕй — Антиохийы, Сирийы ӕмӕ Киликийы муртаттӕгтӕй Хуыцаумӕ чи аздӕхт, уыцы ӕфсымӕртӕм. Фӕрнджын ут. 24Ӕрбайхъуысти нӕм, махӕй чи ацыд, уыдонӕй уӕ чидӕртӕ сӕ ныхӕстӕй фӕкъуыхцы кодтой ӕмӕ уын змӕнтынц уӕ зонд [сымах хъуамӕ кӕнат сунӕт ӕмӕ хӕцат Моисейы Ӕгъдауыл, зӕгъгӕ]. Фӕлӕ сын мах ахӕмӕй ницы бафӕдзӕхстам.
25Уымӕ гӕсгӕ мах ӕмзӕрдӕйӕ бауынаффӕ кодтам цалдӕр лӕджы сӕвзарын ӕмӕ уӕм сӕ нӕ уарзон ӕфсымӕртӕ Варнавӕ ӕмӕ Павелимӕ арвитын — 26уыцы дыууӕ адӕймаджы сӕ цард снывонд кодтой нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номы сӕраппонд лӕггад кӕнынӕн.
27Уӕдӕ уӕм ӕрвитӕм Иудӕ ӕмӕ Силӕйы — уыдон ма уын сӕхӕдӕг дӕр радзурдзысты, мах уӕм цы ныффыстам, уый. 28Сыгъдӕг Удимӕ иумӕ мах аскъуыддзаг кодтам ӕмӕ уыл ӕндӕр уаргъ нал ӕвӕрӕм, мӕнӕ ацы ахсджиагдӕртӕй фӕстӕмӕ: 29мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕ, туг ӕмӕ хӕдмӕл дзидза хӕрынӕй, стӕй хъахбайдзинадӕй хи хизын [ӕмӕ, уӕхицӕн уӕ цы нӕ фӕнды, уый искӕмӕн нӕ кӕнын]. Уыдӕттӕй уӕхи куы хизат, уӕд раст бакӕндзыстут. Хӕрзбон».
30Ӕрвыст ӕфсымӕртӕ ӕрцыдысты Антиохимӕ, ӕрӕмбырд кодтой уырнджыты ӕмӕ сӕм радтой фыстӕг. 31Уыдон фыстӕг куы бакастысты, уӕд бацин кодтой — ацы хабарӕй разыйӕ баззадысты. 32Иудӕ ӕмӕ Силӕ сӕхӕдӕг пехуымпартӕ уыдысты, бирӕ фӕныхас кодтой ӕфсымӕртимӕ, бауагътой сӕ ныфс ӕмӕ сын бафтыдтой сӕ уырнындзинадыл.#Хъуыд 14:22.
33Уым фесты иу цасдӕр, стӕй сӕ ӕфсымӕртӕ фарнимӕ афӕндараст кодтой сӕ рарвитджытӕм. 34[Фӕлӕ Силӕйы бафӕндыд уым баззайын.] 35Павел ӕмӕ Варнавӕ та баззадысты Антиохийы, бирӕ ӕндӕр ӕфсымӕртимӕ амыдтой адӕмӕн ӕмӕ хъусын кодтой Бардарӕджы ныхас.
Павел ӕмӕ Варнавӕ фӕхицӕн сты
36Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Павел загъта Варнавӕйӕн: «Ацӕуӕм ӕмӕ, Бардарӕджы ныхас кӕдӕм ӕрхастам, ӕппӕт уыцы сахарты бабӕрӕг кӕнӕм не ’фсымӕрты, куыд цӕрынц, уый фенӕм».
37Варнавӕйы фӕндыд, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны дӕр ма семӕ акӕнын.#Хъуыд 12:12; Кол 4:10. 38Фӕлӕ Павел разы нӕ уыд, Памфилийы сӕ чи ныууагъта ӕмӕ семӕ кусын кӕй нӕ бафӕндыд, уыцы адӕймаджы акӕныныл.#Хъуыд 13:13. 39Павел ӕмӕ Варнавӕйы ӕхсӕн быцӕу рауад, ӕмӕ фӕхицӕн сты. Варнавӕ Маркы акодта йемӕ ӕмӕ науыл Кипрмӕ ацыд. 40Павел та ӕмбӕлццонӕн сӕвзӕрста Силӕйы, ӕфсымӕртӕ йӕ бафӕдзӕхстой Бардарӕджы хорзӕхыл, ӕмӕ араст. 41Павел цыди Сири ӕмӕ Киликийыл ӕмӕ йӕ фӕндагыл фидар кодта аргъуантӕ.#Хъуыд 14:22.
Currently Selected:
Апостолты хъуыддӕгтӕ 15: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
![None](/_next/image?url=https%3A%2F%2Fimageproxy.youversionapi.com%2F58%2Fhttps%3A%2F%2Fweb-assets.youversion.com%2Fapp-icons%2Fen.png&w=128&q=75)
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022