1
Райдиан 18:14
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
Дунедарӕджы бон цы нӕу? Нысангонд рӕстӕджы дӕм ногӕй ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу».
Compare
Explore Райдиан 18:14
2
Райдиан 18:12
Уымӕ гӕсгӕ йӕхинымӕр бахудти: «Ныридӕгӕн куы ныххӕррӕгъ дӕн, уӕд ма мӕ цавӕр амонд хъуамӕ фӕуа? Мӕ сӕры хицау дӕр зӕронд куы у».
Explore Райдиан 18:12
3
Райдиан 18:18
Авраамӕй рантысдзӕни нымӕцӕй бирӕ ӕмӕ хъомысджын адӕм. Авраамы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.
Explore Райдиан 18:18
4
Райдиан 18:23-24
Авраам ӕм хӕстӕгдӕр бацыд ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ау, фыдгӕнджытимӕ рӕстыты дӕр фесафдзынӕ? Кӕд уыцы сахары дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы ис, уӕд та? Ау, фесафис уыцы бынат, нӕ йын ныббарис дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы тыххӕй?
Explore Райдиан 18:23-24
5
Райдиан 18:26
Дунедарӕг дзуапп радта: «Содомы дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы куы ссарон, уӕд уыдоны тыххӕй ныббардзынӕн уыцы бынатӕн».
Explore Райдиан 18:26
Home
Bible
Plans
Videos