Гъемӕ дӕ Хуыцау арвы ’ртӕх ӕмӕ зӕххы сойӕ барӕвдауӕд! Дӕ хортӕ ӕмӕ дӕ сӕнӕн ныккӕнӕн дӕр куыннӕ уа, уыцы хорзӕхӕй дӕ схайджын кӕнӕд! Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕ дын раттӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»